Ног Хицауад: лыггæнинаг фарстатæ, нысантæ. Белегкаты Рафаэль

0
1100

Республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæгæй нысангонд æрцыд Белегкаты Рафаэль Темболаты фырт. 2000 азы каст фæци Хæххон паддзахадон аграрон университет, 2007 азы та Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур Паддзахадон службæйы уæрæсейаг академи. Йæ фæллойадон архайд райдыдта 1984 азы горæт Орджоникидзейы газоразрядон приборты заводы зырнæйзилæджы æххуысгæнæгæй. Уымæй фæстæмæ куыста Дзæуджыхъæуы куыстуæтты бæрнон бынæтты. 1999-2010 азты — РЦИ-Аланийы Парламенты депутат, Аграрон фарстаты, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдары хæдивæг, стæй та — комитеты сæрдар. 2010 азæй фæстæмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг. Ацы аз та йæ ногæй снысан кодтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæгæй.

— Рафаэль, дæ бынат ног нæу, фæлæ дæ хæстæ, дæ нысантæ, æвæццæгæн, аивтой. Цавæр къабазимæ уыдзæн дæ архайд?

— Ныртæккæ æз дзуапп дæттын паддзахадон æмæ муниципалон оргæнты æмгуыстдзинадæн.

Республикæйы муниципалон арæзтты Совет арæзт æрцыд 2006 азы. Фæлæ йæ архайд æмæ йæ куыст абон тынг ахсджиаг у. Паддзахадон æмæ муниципалон Хицауады æмархайд цас æнгомдæр уа, цас кæрæдзи хуыздæр æмбарой, уый-бæрц хуымæтæг фæллойгæнæг адæмы тыхстдзинæдтæ, æнæлыггонд фарстатæ уыдзысты къаддæр, лыггонд цæудзысты йæ рæстæгыл. Цыфæнды хъуыддаг дæр йæ уæлвæд арæзт куы æрцæуы, уæд та йæ хæрдзтæ вæййынц зынгæ къаддæр.

Республикæйы Сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланы хъæппæрисæй хуымæтæджы не ‘рцыд арæзт Советы æмбырд. Тамерлан куыд бафиппайдта, афтæмæй разы нæу æппæт муниципалон арæзтты куыстæй дæр æмæ йæ зæрдæ дары, æппæт лыггæнинаг фарстатæ дæр сæ уæлвæд кæй хæццæ кæндзысты хицауадмæ.

Адæммæ æппæты хæстæгдæр бынæттон хицауад сты. Фыццаджы-фыццагдæр, уыдонмæ бацæуынц æххуысагур. Уыдон сын зонынц бæстондæр æмæ лæмбынæгдæр сæ царды тыхст уавæртæ, уымæ гæсгæ нæ архайд араздзыстæм иумæ, цæмæй, бынæтты цы лыггæнинаг фарстатæ æвзæрынц, уыдон, гæнæн куыд уа, афтæ цыбырдæр рæстæгмæ лыггонд цæуой.

— Рафаэль, абон хъæуты цæрджытæ тынгдæр цæмæй тыхсынц?

— Хъæуты æнæлыггонд фарстатæ абон афтæ бирæ сты æмæ сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уайтагъд ацаразæн нæй. Бирæ хъæуты тынг æдзæллаг сты уынгтæ, уæлдайдæр цæхгæрмæ уынгтæ. Фæндæгтæ аразинаг, æхсæвыгæтты сæ рухс нæ судзы. Уæдæ нуазыны доны тыххæй къуылымпытæ арæх кæм æййафынц, уыцы хъæутæ дæр иу æмæ дыууæ не сты. Æххуысхъуаг æййафынц скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, бирæ рæтты культурæйы артдзæстытæ сты æдзæллаг, зымæгон сæм уазалæй бацæуæн нæй, сты цалцæггæнинаг. Уæдæ ма ахæм хъæутæ дæр ис, клубтæ æппындæр кæм нæй. Раздæр-иу сын колхозтæ æххуыс кодтой, фæлæ уыдон куы фехæлдысты, уæд зæххытæ арендатортæ райстой æмæ бирæ рæтты, цыма хъæуы æнæлыггонд фарстатæ уыдонмæ æппындæр нæ хауынц, сæхи афтæ дарынц. Уый раст нæу. Уыцы ахастдзинæдтыл дæр Советы уæнгтимæ ахъуыды кæндзыстæм æмæ йæ саразын хъæудзæн, адæмæн куыд хуыздæр уа, афтæ.

Бирæ сты хъæуты æнæлыггонд фарстатæ, фæлæ-иу фыдæлтæ куыд загътой, æмвæнд, æмхъаруйæ хæхтæ рафæлдахæн дæр ис, зæгъгæ, афтæ мах дæр муниципалон оргæнтимæ æмвæнд, æмхъаруйæ куы архайæм, уæд уый хорзæрдæм фæзындзæн хъæуты æппæт цæрджыты цардыл дæр. Уый та у нæ сæйраг нысан.

Хъæуты цæрджытæ доны тыххæй горæты цæрджыты æмхуызон кæй фидынц, уый нæм раст нæ кæсы. Бирæ хъæутæ доны тыххæй хæстæ кæй дарынц, уыцы фарстайыл биноныгæй æрныхас кодтам.

— Донæн фидыны тарифтæ нæ фæкъаддæр уыдзысты?

— Хæстæ бафидын хъæудзæн, фæлæ Хицауады Сæрдар Битарты Вячеслав республикæйы тарифты регионалон службæимæ куыд баныхас кодта, афтæмæй ног азæй фæстæмæ хъæуы цæрджытæ донæн фиддзысты бæрæг къаддæр.

— Бузныг, Рафаэль, уый хъæуы цæрджытæн уыдзæн Ног азы лæвары хуызæн. Цы нысантæ уæм ис, уыдон та уæ къухы бафтæнт.

РедакцийÆ: Зынаргъ газеткæсджытæ! Нæ рубрикæ: «Ног Хицауад: лыггæнинаг фарстатæ, нысантæ»-йы уæ зонгæ кæнæм Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы ног министртимæ. Кæд уæ уыдонæй искæй истæмæй бафæрсын фæнды, уæд нæм цыбыр рæстæгмæ æрбарвитут уæ фæрстытæ. Уыдонæн æнæмæнг хъуамæ уа æхсæнадон-социалон ахадындзинад. Лыстæг фæрстытæн дзуапп нæ агурдзыстæм.

Ныхас ныффыста КАСАТЫ Батрадз

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here