Ног азы арфæтæ. Æгъуызарты Тамерлан

1
2801

Зынаргъ æмзæххонтæ!

Ног азы хорзæх уæ уæд!

Ног аз у нæ уарзондæр, уæлдай тынгдæр кæмæ фенхъæлмæ кæсæм, ахæм бæрæгбон. Нæ хуыздæр, райдзастдæр фæндтæ уæдмæ æрхæссæм, хатдзæгтæ скæнæм ивгъуыдæй, фидæнмæ нысантæ сæвæрæм. Мæн фæнды, цæмæй уæ Ног аз алкæмæндæр цин æмæ амондхæссæг суа.

Нæ экономикæ æмæ социалон къабаз фидар æмæ нывыл уавæры куы уой, æрмæст уæд кæсдзысты уæндонæй фидæнмæ нæ республикæйы адæм. Æмæ уæд цавæрфæнды зындзинæдты сæрты дæр æнцонæй ахиздзыстæм. Уый тыххæй та республикæйы хицаудзинад æппæт мадзæлттæ дæр скæндзæн.

Нæ размæ лæууы ног нысантæ, хъуамæ социалон-экономикон рæзт фæрæвдздæр уа. Уырны мæ, æмудæй куы архайæм, уæд уыцы нысантæ нæ къухы бафтдзысты.

Мах нырма бирæ ахсджиаг æмæ адæмæн пайдайаг хъуыддæгтæ хъæуы скæнын, куыд Ирыстоны, афтæ æппæт Уæрæсейы дæр. 2016 аз хуымæтæг æмæ æнцон рауайдзæн æви нæ, уый нæ алкæй зондахаст æмæ архайдæй аразгæ уыдзæн. Нæ тырнындзинад, хъæппæрис æмæ намысджын куысты руаджы, æнæмæнг, уавæр аивдзæн.

Нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтмæ цы пайда ‘рхастой, фыдæлты зæххыл сæ зæрдæ кæй нæ сивтой, уый тыххæй стыр бузныг зæгъын Ирыстоны алы цæрæгæн дæр.

Зынаргъ æмбæлттæ! Уадз, æмæ Ног азы уе ‘ппæт бæллицтæ дæр сæххæст уой! Мæ зæрдæ уын зæгъы сабыр цард, бирæ хæрзтæ, фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фарн. Ног аз уын цинæйдзаг хъуыддæгтæ æмæ æнтыстытæ æрхæссæд!

Ног, 2016 азы хорзæх уæ уæд!

Æгъуызарты Тамерлан,

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг

1 КОММЕНТАРИЙ

  1. Хорз текст. Алы гьдауаей даер. Чидаериддаер аей фыста, йае цаераенбон бирае.Аегьуызарты Тамерлан йаехаедаег уыди, заегьгае, уый мын исчи куы бауырнын каенид, уаед уый уаид маенаен аеппаеты стырдаер лаевар 2016 аем азы райдианы. Ног азы хорзаех дае уаед, Ирыстон!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here