“Бæргæ мæ фæндыди нæхимæ, мæ уарзон “Алани”-йы дарæсы хъазын…”

0
968

 

А фæстаг рæстæг Ирыстоны футболуарзджытæ арæхæй-арæхдæр фæфæрсынц: «Цæмæн æмæ кæй аххосæй æрхауди нæ футболон командæ «Алани» абоны уавæрмæ? Кæдмæ афтæ дзедзырой кæндзыстæм Уæрæсейы футболы фæсдуармæ, кæд æмæ нæ лæппутæ дæсгæйттæй Уæрæсейы æмæ ма суанг фæсарæнты дæр сæхи сæрæнæй æвдисынц æмæ сын уым хорз кад ис, уæд?»

Цы дзуапп ис раттæн нæ иузæрдион газеткæсджытæн? Сæ хъуыдыимæ мах дæр разы стæм. Æнæмæнг, нæ командæйы хъысмæт ахæм тæригъæддаг кæй рауад, уымæн йæ аххосæгтæ иу æмæ дыууæ нæ уыдысты, фæлæ уæддæр сæйрагдæрыл банымайын хъæуы уый, æмæ йæ сæргълæуджытæ хæдзардзин кæй нæ разындысты. Ирон æмбисонд дзæгъæлы нæ зæгъы: «Дæ хуыссæн цæй дæргъæн у, дæ къæхтæ уыйбæрц адаргъ кæн». Æвæццæгæн сæ ацы æмбисонд айрох. Ныр мах хæлæг кæнæм, раздæр нын нæхимæ чи хæлæг кодта, уыдонмæ. Нæхицæн ма ныфсытæ æвæрæм, кæд та рæстæг аивид, нæ курдиатджын фæсивæды иумæ æрæмбырдгæнæг фæзынид, æмæ та кæддæрау нæ «Алани» Уæрæсейы уæлдæр къорды командæты æмсæр суаид, зæгъгæ. Æмæ, æцæгæй дæр, кæй нæ фæнды, Зæгъойты Алан, Гæбулты Владимир æмæ Георги, Касаты Алан, Хуыбылты Арсен, Хæдарцаты Батрадз, Хъамболты Руслан, Гогниты Спартак, Цæллагты Ибрагим, Дудиаты Аслан, Плиты Зауыр, Дзанайты Сослан, Мулдарты Алик, Тыджыты Георги æмæ иннæ ирон футболистты иумæ хъазгæйæ фенын! Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм хъуыды ныры рæстæг фын фенæгау у, уымæн æмæ профессионалон футболы фæтк дæрзæг у, кæддæр нæ лæппуты аслам аргъæй (кæнæ бынтон лæвар) цы клубтæ балхæдтой, уыдон сæ ныр фæстæмæ ахæм аргъыл нал ратдзысты. Гъе афтæ рауад Ирыстоны футболон скъолатæй иуы хъомылгæнинаг Мулдарты Алексейы (Алик) хъысмæт дæр. Уый 13-аздзыдæй æрбацыд футболон скъола «Юность»-мæ æмæ ам тренер Гиви Керашвилийы разамындæй ссис хъахъхъæнæг. Зæрдæргъæвд лæппу тынг зæрдиагæй куыста йæхиуыл. Лæмбынæг хъуыста йæ тренермæ, бæрæг уыд, йæ авналæнтæ парахат кæй сты, уый. Раст уыцы рæстæг Алик бахауд автомобилон бæллæхы. Æвзæр сæстытæ фесты йæ къах æмæ фæрстæ. Ныхас цыди йæ цардыл, фæлæ, æппынфæстаг, футболмæ уарзондзинад тыхджындæр разынд, æмæ та афæдзы фæстæ Алик рацыд футболон фæзмæ. Уый тыххæй йæхæдæг зæгъы: «16-аздзыдæй мæ машинæ куы скъуырдта, æмæ мæ къæхтæ дыууæ састы куы фесты, уæд загътон, ныр футболон фæзмæ никуыуал рацæудзынæн, зæгъгæ. Мæхинымæр хæрзбон загътон мæ уарзон футболæн, фæлæ мын Гиви Шалвайы фырт фидарæй загъта, цæмæй æнæдызæрдыгæй райдайон тренировкæтæм цæуын. Уый мын ме уæнгты ахæм ныфс бауагъта, æмæ куыдфæстæмæ мæхи дæр бауырныдта, исты ма мæ кæй рауайдзæн, уый. Гиви Шалвайы фырт мæныл хи фыдау кæй узæлд, уый фæрцы мæхиуыл фæхæцыдтæн æмæ дзы уый тыххæй абон бузныг дæн». Гиви Керашвили: «Мæнмæ Алик æрбацыд 13-аздзыдæй. Æппæты фыццаг мын мæ зæрдæ балхæдта йæ хорз æгъдауæй æмæ æнæзивæг кæй уыди, уымæй. 15 азы йыл куы рацыд, уæд бæрæг уыд, хорз хъахъхъæнæг дзы кæй рауайдзæн, уый. Хъыгагæн, машинæ йæ кæй ныццавта, уый йæ тынг фæкъуылымпы кодта, фæлæ уæддæр куыдфæстæмæ йе ‘мбæлтты аййæфта, уымæн æмæ йын кæй дзырдтон, уыдон æнæкъуылымпыйæ æххæст кодта. Тренировкæтæм кæд Заводы поселокæй цыд, уæддæр никуы байрæджы кодта. 18-аздзыдæй хъазын райдыдта Мæздæджы командæйы. Уыцы рæстæг «Мæздæг» хъазыд Уæрæсейы футболы 2-аг къорды чемпионаты. Аликыл уæд сæ цæст æрæвæрдтой цалдæр командæйы тренертæ æмæ йæ хуыдтой сæхимæ. Алкæй дæр сæ фæндыд ахæм фидар цæджындз йæ командæйы уынын». Мулдары-фырт абон у, Ирыстоны футболисттæй профессионалон спорты фылдæр бакæнын кæмæн бантыст, уыдонæй иу. Ирыстоны йæ къаддæр кæй зонынц, уый йæхи аххос нæу. Æрыгон, курдиатджын астæуккаг хъахъхъæнæгыл йæ рæстæджы сæ цæст æрæвæрдтой «Краснодар2000»-ы тренертæ, уый фæстæ та Белгороды облæсты командæ «Губкин»-ы разамонджытæ. 2009 азæй 2013 азмæ Мулдарты Алик хъахъхъæдта Саранскы командæ «Мордовия»-йы кад. Ацы командæимæ рацыд уæлдæр къордмæ. Йæ хорз хъазт æмæ лæгдзинады тыххæй йын лæвæрд æрцыдысты Мордовийы республикæйы кадджын гражданины ном æмæ хæрзиуджытæ. Æвзæрст æрцыд командæйы капитанæй. 2013 азы Мулдарты Алик хуынд æрцыд Казахстаны командæ «Актобе»-мæ. Ам ссис бæстæйы чемпион, æмæ йын фадат фæцис Европæйы чемпионты лигæйы хъазынæн. Уымæй уæлдай ма Казахстаны футболон федерацийы сæргълæууæджы курдиатмæ гæсгæ ссис ацы бæстæйы гражданин æмæ ныр хъазы иугонд командæйы рæнхъы. Йæ футболон фæндæгтæ афтæ кæй рауадысты, уый тыххæй Алик зæгъы: «Бæргæ мæ фæндыди нæхимæ, мæ уарзон «Алани»-йы дарæсы хъазын, фæлæ мыл нæ командæйы разамонджытæ, æвæццæгæн, сæ зæрдæ нæ дардтой. Кæм хъазыдтæн, уыцы командæты тренертæй мæ бон æвзæр зæгъын никæмæй у. Иууылдæр мæм кастысты хорз цæстæй. «Мордовия»-йы хъазгæйæ мын стыр кад скодтой республикæйы хицауад, æмæ сæ æз стыр бузныг дæн. Уырдыгæй Казахстанмæ кæй ацыдтæн, уымæн дæр ис йæхи æфсон. Тынг мæ фæндыди Европæйы æмæ дунейы иннæ командæтимæ футболон фæзы фембæлын, æмæ мын уый бaнтыст, казахстайнаг командæ «Актобе»-имæ бæстæйы чемпион куы систæм, уæд. Ныр мын фадат уыдзæн дунеон ерысты архайынæн дæр, куыд Казахстаны иугонд командæйы хъазæгæн. Мæхицæн «Алани»-йы хъазын нæ бантыст, фæлæ мæ тынг фæнды, мæ лæппутæ Алексей æмæ Сергейы искæд бон мæ уарзон командæйы дарæсы хъазгæйæ фенын. Футболы цæмæй хорз профессионал суай, уый тыххæй бирæ фыдæбон кæнын хъæуы æмæ сын æз уыцы фæндаг амонын. Æз мæхæдæг Заводы поселокæй футболон скъола «Юность»мæ фылдæр хатт фистæгæй цыдтæн, уымæн æмæ мыниу автобусмæ æхца нæ уыд. Гъе ахæм стыр уарзтæй уарзтон футбол. Ног азы нæ Ирыстонæн мæ зæрдæ зæгъы æрмæстдæр хорздзинæдтæ. Хуыцау зæгъæд, æмæ нæ уарзон Ирыстон Ног азы фыдбылызтæй хызт куыд уа, нæ футболуарзджытæн та сæ зæрдæтæ цæмæй барухс уой, ахæм хорз хабæрттæн æвдисæн куыд уой. Ацы аз Олимпаг хъæзтыты аз у æмæ та Ирыстоны фæсивæд уым куыд фесгуыхой, уыцы хорздзинад ныл æрцæуæд!» Мулдарты Алексейæн (Аликæн) нæ зæрдæ дæр зæгъы, цæмæй йын 2016 аз амондджын рауайа, куыд футболон фæзы, афтæ йæ бинонты царды дæр!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here