2016 азы 19 февралы йæ 53-æм азыл цардæй ахицæн РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан. Пневмонияимæ январы кæрон бахауд  Мæскуыйы рынчындæттæй иумæ, уым ын хъæугæ медицинон æххуыс лæвæрд цыдис, фæлæ низ йæ фæстæ расайдта уæззау фæстиуджытæ æмæ дохтырты бон ницыуал бацис. Æгъуызарты Тамерлан Кимы фырт райгуырд 1963 азы 14 июны Цæгат Ирыстоны, Алагиры. 1987 азы каст фæцис Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты юридикон факультет, 2004 азы та — Мæскуыйы паддзахадон юридикон академийы аспирантурæ. Уыд юридикон наукæты кандидат, профессор. 1987 азæй фæстæмæ куыста РЦИ-Аланийы прокуратурæйы раздæр — районы прокуроры æххуысгæнæгæй, фæстæдæр — республикæйы прокуратурæйы хайады прокурорæй, Дзæуджыхъæуы районтæй иуы прокуроры хæдивæгæй. 1995 азы æвзæрст æрцыд РЦИ-Аланийы Парламенты депутатæй, 1999 азы онг разамынд лæвæрдта закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитетæн. 1999 азæй 2011 азмæ уыд РЦИ-Аланийы Сæйраг тæрхондоны сæрдар. Уыцыиу рæстæг уыд Хæххон аграрон университеты уголовон барты кафедрæйы разамонæг. 2002 азæй 2004 азмæ Æгъуызарты Тамерлан разамынд лæвæрдта республикæйы Тæрхонгæнджыты советæн. 2004 азæй 2012 азы онг уыд Уæрæсейы Федерацийы Тæрхонгæнджыты советы уæнг. 2011 азы декабры æвзæрст æрцыд Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутатæй, уыдис политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фракцийы уæнг, конституцион закъонæвæрынад æмæ паддзахадон арæзтады комитеты уæнг. 2015 азы 5 июны Уæрæсейы Федерацийы Президенты Указæй нысангонд æрцыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй. 2015 азы 13 сентябры РЦИ-Аланийы Парламент æмхъæлæсæй Æгъуызарты Тамерланы равзæрста республикæйы Сæргълæууæгæй. Хорзæхджынгонд æрцыд «Хæлардзинад»-ы орденæй, «Уæрæсейы Федерацийы тæрхонады раз сгуыхтдзинæдты тыххæй» II къæпхæны, «Хæстон æмхæларады тыххæй», «1994-2004 азты Цæгат Кавказы хæстон цауты архайæг»-ы майдантæй, Уæрæсейы Федерацийы Хицауады, Уæрæсейы Федерацийы Тæрхонгæнджыты советы, Уæрæсейы Федерацийы Тæрхонадон департаменты Кады гæххæттытæй. Цардæй ахицæн, æппæт бæрзонд паддзахадон кусæн бынæтты йæхи курдиатджынæй чи равдыста, бæрнон, рæстуд разамонæг чи уыд, ахæм адæймаг. Æгъуызарты Тамерлан йæ размæ ахъаззагдæр нысантæ куы сæвæрдта, куы фæбæрæг кодта, цавæр мадзæлтты фæрцы сæ лыг кæндзæн, хицаудзинады оргæнтæ куы снысан кодта æмæ уыдæттæ адæмы зæрдæты бынат куы ссардтой, уавæр хуыздæрæрдæм ивын куы райдыдта, уæд йæ цард æрдæгыл аскъуыд. Республикæйы Сæргълæууæгæй йæ 2015 азы сентябры куы равзæрстой, уæд зæрдæ бавæрдта, йæ сæйрагдæр нысан республикæйы æмæ йæ цæрджыты фæрныгад кæй уыдзæн, уымæй. Уæззау финансон экономикон уавæр банывыл кæнын дзы домдта стыр тыхтæ, хъару, ныфс æмæ афтæ зæгъæн ис, йæхи уыцы нысантæн снывонд кодта. Æмбæрста, йæ фæндаг æнцон нæ уыдзæн, фæлæ Æгъуызары-фырт æрмæст йæхи æмæ йе ‘мкусджытыл нæ дардта йæ зæрдæ, фæлæ, йæ фыццаг къахдзæфтæй фæстæмæ йæ фарсмæ цы адæм æрбалæууыд, уыдоныл. Йе ‘ппæт нысантæ йæ къухы нæ бафтыдысты, кæд цыбыр рæстæг бакуыста республикæйы Сæргълæууæгæй, уæддæр йæ бон баци адæмы зæрдæты ныфс бауадзын. Фидарæй сын зæрдæ æвæрдта, райсомы бон бирæ райдзастдæр кæй уыдзæн æмæ, æвæццæгæн, ирыстойнæгтæ сæ хуыздæр бæллицтæ йæ номимæ уымæн бастой. Æгъуызарты Тамерланы бахъуыды кæндзыстæм, куыд хъæздыг уды, парахат зæрдæйы хицау, адæмы зындзинæдтæм къæрцхъус, раст зондыл хæст, Ирыстоны æмæ Уæрæсейы иузæрдион патриот, хорз æмбал æмæ хорз æмгар. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауад, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламент

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here