Ныффысдзысты «Уæлахизы диктант»

0
270

Ацы хатт дунеон рухстауæн-патриотон акци «Уæлахизы диктант» арæзт æрцæудзæн 26 мин рагагъоммæ нысангонд бынаты 58 бæстæйы. Уый тыххæй фехъусын кодта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы пресс-службæ.

«Ацы аз «Уæлахизы диктант» ныффыссынвæнд чи скæна, уыдонæн уыдзæн 26 мин сæрмагонд бынатмæ æрбацæуыны фадат. Уыдон байгом уыдзысты Уæрæсе æмæ дунейы æндæр 58 бæстæйы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фæзуæттæн сæ фылдæр кусдзæн Мæскуы æмæ Уæрæсейы иннæ регионты», – загъд ис пресс-службæйы хъусынгæнинаджы.
Партийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, диктант ныффыссынæн сæрмагонд бынæттæ снысан кодтой бирæ федералон ведомствæтæ æмæ кусæндæттæ. Уыимæ, акцийы уæрæх архайдзысты Хъахъхъæнынады министрад æмæ тыхы æндæр ведомствæтæ дæр. Зæгъæм, Хъахъхъæнынады министрады разамынды уынаффæйæ «Уæлахизы диктант» арæзт æрцæудзæн æфсæддон наутæ «Петр Великий», «Адмирал Ушаков» æмæ «Адмирал флота Касатонов»-ыл, æфсæддон ахуырадон центртæ æмæ æндæр дæлхайæдты. Уæрæсейаг авиакомпанитæ та диктантæн фæзуæттæ бацæттæ кодтой Мæскуы, Санкт-Петербург, Омск, Энгельс æмæ æндæр горæтты аэропортты. «Уæрæсейы пост» та акцийæн фадæттæ сараздзæн йæ 107 регионалон дæлхайады.
Акци «Уæлахизы диктант» арæзт æрцæудзæн 26 апрелы. Мадзалы сæйрагдæр нысан у ныры фæлтæрты зæрдыл иу хатт ма æрлæууын кæнын Фыдыбæстæйы Стыр хæсты бонтæ, нæ бæстæйы хъæздыг æмæ намысджын историйы зынгæдæр æмæ ахсджиагдæр цаутæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here