Мартъийы (8-11) Латвийы сæйраг горæт Ригæйы уыдзæн Европæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ацы бонты Уæрæсейы иугонд командæ, йæ сæргъы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат, афтæмæй йæхи уырдæм цæттæ кæны Сочийы. Цалдæр боны размæ Тедейы-фырт сбæлвырд кодта, Ригæйы Уæрæсейы спортивон кад чи хъахъхъæндзæн, уыцы богæлтты нæмттæ. Уыдон сты:
57 кг — Гаджимурад Рашидов; 61 кг — Ньюргун Скрябин; 70 кг — Сидахъаты Зауырбег; 74 кг — Мæхъиты Зауыр; 86 кг — Шамиль Кудиамагомедов; 97 кг — Анзор Болтукаев; 125 кг — Байцаты Владислав.
Чемпионатмæ цæттæгæнæн ахуырты нæ богæлттимæ ис Уæрæсейы сгуыхт тренер, нæ республикæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Малик. Уый ныр къорд азы у Уæрæсейы иугонд командæйы тренер дæр. Малик нын куыд зæгъы, афтæмæй нæ богæлттæ Сидахъаты Зауырбег, Мæхъиты Зауыр æмæ Байцаты Владислав сæхи хатынц хорз æмæ ныридæгæн æвзæр цæттæ не сты ерыстæм. Йæ ныхасмæ гæсгæ, командæ лигæмæ ацæуыны размæ фæстаг къуыри йæхи цæттæ кæндзæн Мæскуыйы бынмæ горæт Новогорскы спортивон базæйы. Уырдыгæй 6 мартъийы ацæудзысты Латвимæ. Нæ зæрдæ сын зæгъы уæлахизимæ æрбаздæхын!
БАСКАТЫ Уырызмæг













