Сослан æмæ Хадзымурат — раззагдæртæ

0
1209

Хъæбысхæсты æппæтдунеон цæдис æрвылаз цы рейтинг аразы дунейы тыхджындæр хъæбысæйхæцджытæн, уым ацы азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Рæмонты Сослан æмæ Гуæцæлты Хадзымурат сæ уæзты нымад æрцыдысты фыццæгтыл.

Рæмонты Сослан фарон дунеон рейтинджы ахста 5-æм бынат, фæлæ февралы Минскы Гран-при «Александр Медведь»-ы куы фæуæлахиз 65 килограммы онг уæзы, уæд рацыд 1-аг бынатмæ. Сослан дунеон рейтинджы 1-аг бынатмæ кæй рацыд, уымæн фæахъаз, Минскы кæронбæттæны фембæлды дунейы чемпион Франко Чемизойыл кæй фæуæлахиз, уый. Ирыстойнаг богал, Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау æмæ дунейы фондз хатты чемпион Гуæцæлты Хадзымурат 2016 азы райдайæнмæ дунеон рейтинджы ахста 16-æм бынат. Уымæн уыди йæхи аххосæгтæ. Сæ иу уыд, Хадзымурат фæстаг азты йæ хъару уæззау уæзы (125 кг) кæй æвзæрста, уый. Ныр ацы аз фæстæмæ йæхи æрдæгуæззау уæзмæ куы раздæхт, уæд ын бантыст Гран-при «Александр Медведь»-ы дунейы тыхджындæр богæлттæ Кайл Снайдер (АИШ) æмæ Абдусалам Гадисовыл фæуæлахиз уæвын. Минскы Хадзымурат фыццаг бынат кæй бацахста æмæ йæ фæстæ а фæстаг дыууæ азы дунейы чемпионты кæй фæуагъта, уый йын бар радта 97 килограммы онг уæзы дунеон рейтинджы 1-аг бынатмæ рацæуын. Нæ иннæ богал Цæболты Хетæг дæр Минскы Гран-при «Александр Медведь»-ы 1-аг бынат кæй бацахста 74 килограммы онг уæзы, уый йын фæахъаз дунеон рейтинджы 9-æм бынатæй 3-мæ схизын. Ныр нæ богæлтты размæ ис ноджы бæрнондæр хæс: 27-29 майы Якутскы Уæрæсейы чемпионаты æнтыстджынæй рахæцын æмæ Олимпаг хъæзтытæм балцæгтæ райсын. Хуыцау зæгъæд, æмæ сæ Якутскмæ балц дæр Минскмæ балцау куыд фæрæстмæ уа!

БАСКАТЫ Уырызмæг

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here