Сыгъдæгзæрдæ фæллой – горæты фæрныгадæн

0
32

Михаил Михаилы фырт Шаталов Дзæуджыхъæуы хæрзамондæн цы бирæ фæрнджын хъуыддæгтæ сарæзта, уыдон абон дæр рох не сты горæты цæрджытæй. Йæ республикæйы хъысмæтмæ Михаилы фырт куыдфæндыйы цæстæй никуы акаст. Уый горæтæн хуымæтæг рæстæджыты разамынд нæ лæвæрдта. Æмæ йын уыцы змæст азты дæр цæлхдуртæ нæ уыд Дзæуджыхъæуы рæзтыл архайынæн.

Михаил Шаталовы адæм бахъуыды кодтой нæ горæты æппæты хуыздæр сæргълæууæгæй. Кæмдæриддæр ма уæд, алы ран дæр йæ фарсмæ æрбамбырд вæййынц адæм, уымæн æмæ йæ уарзынц, хъуыды йæ кæнынц. Йæ куысты рæстæг  дæр фæрнджын командæ æрбамбырд кодта, адæмы хæрзæбоныл чи хъуыды кодта, ахæмты. Уыдон уыдысты Къусраты Руслан, Чъерджиаты Олег, Зинаидæ Федорова, Айларты Зæлинæ, Таматы Майрæн, Нинæ Чиплакова æмæ Æмбалты Барис. Алчидæр дзы уыдис профессион æгъдауæй бæрзонд æмвæзадыл лæуд чиновник.

Михаил Шаталов райгуырд Дзæуджыхъæуы 1942 азы 22 октябры. Йæ сабибонтæ хæсты фæстæ азты ацыдысты. Архайдта спорты, футбол æй йæхимæ тынг æлвæста æмæ æхсæрдæсаздзыдæй хъазын райдыдта Орджоникидзейы «Спартак»-ы сæйраг къорды, фæстæдæр – «Спартак-Алания» сси. 30-æм астæуккаг скъолайы, стæй Цæгат-Кавказаг арæзтадон техникумы фæстæ ахуырмæ бацыд Хъæууон-хæдзарадон институтмæ æмæ райста экономисты дæсныйад. Каст фæци уæлдæр политикон скъола дæр.

Шаталовы фæллойы фæндаг райдыдта 1966 азы, æмæ абон дæр фæллой кæны 60 азæй фылдæр. Михаил куыста нæ республикæйы æппæты егъаудæр арæзтадон æмæ промышленнон объектты: «Севосетинпромстрой», «Межколхозстройобъединение»-йы. Ацы ран уыдис мастер æмæ прораб, участочы хицау, уый фæстæ – сæрдары хæдивæг, 1980-1985 азты – Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министры хæдивæг. 1985-1986 азты та Дзæуджыхъæуы Советон районы æххæсткомы Адæмон депутатты советы сæрдар. 1991 азы Михаил Шаталовы снысан кодтой горæты администрацийы сæргълæууæгæй. 1994 азы йæ адæм сæхи фæндонæй, иумæйагæй равзæрстой мэрæй. Уый уыдис фыццаг мэр, адæм æмхуызонæй кæуыл схъæлæс кодтой, ахæм. Михаилæн-иу йæ куыст райсомæй раджы райдыдта, горæт ма-иу йæ фынæйæ куы нæма райхъал, уæд. Уыцы сæумæрайсом-иу зылдис горæтыл æмæ бæрæг кодта, лыггæнинаг хъуыддæгтæ кæм сæвзæрд, уыцы бынæттæ. Æвæстиатæй-иу фæдзырдта йæ къорды уæнгтæм æмæ сын-иу бафæдзæхста, хæрз цыбыр рæстæгмæ фарста æххæстгонд куыд æрцæуа, афтæ. Йæ ныхасæн уæз уыдис æмæ йæ æххæст дæр кодтой æнæ уæлдай дзырдæй. Михаил йæ зæрдæ Дзæуджыхъæуæн раджы снывонд кодта æмæ йæ уарзон горæтыл абон дæр æнувыд у. Цы бирæ хъуыддæгтæ сарæзта, уыдон иууылдæр – горæты æмæ нæ республикæйы хæрзæбонæн. Михаил йæ куысты уыд куырыхон зондамонæг, зыдта куысты фарстатыл куыд æмæ цавæр мадзæлттæй архайын хъæуы, уый.

2002 азы Михаил Шаталов нысангонд æрцыд РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдарæй. Æвзæрст цыдис республикæйы Сæйраг Советы депутатæй, стæй та – РЦИ-Аланийы Парламенты фыццæгæм æмæ дыккæгæм æрсидтыты депутатæй. Дарддæр дæр æхсæнадон куыст кодта æнæрынцойæ. Адæймаг ын йæ фæрнджын хъуыддæгтыл йæ цæст куы ахæссы, уæд дис дæр куыннæ кæны, уыйбæрц саразын адæймагæн куыд бантыст, зæгъгæ. Дзæуджыхъæуы сæргълæууæджы бынаты, æвддæс азмæ Михаил горæтмæ бахизæн хъамылджын æмæ хæмпæлгæрдæг быдырты сарæзта æнæхъæн микрорайонтæ. Се ‘хсæн: БАМ, 34 æмæ 35 микрорайонтæ. Мингай бинонтæ фатертæ райстой. Горæты 1986 азы кæд 3 фылдæр нæ уыд цæрæн микрорайонтæ, уæд Михаил Шаталовы рæстæджы 16 азмæ арæзт æрцыд 9 микрорайоны 200 мин адæймагæн. Сфидар кодта Терчы былгæрæттæ, бындуронæй рацарæзта сæйраг хидтæ, сног кодта трамвайты хыз, горæты цæуын райдыдта транспорты ног хуыз – троллейбустæ. Уынгтæ асфальтгонд æрцыдысты. Арæзт æрцыд цалдæр ног дæлстанцæйы, бæрзонд вольтджын линитæ æмæ егъау хъармгæнæнтæ. Фæзынд дæлзæххон коммуналон  хæдзарад, канализацийы фарстатæ æвæстиатæй лыггонд цыдысты. Бирæ æмæ бирæ хъуыддæгтæ, чи сæ фæуыдзæн нымад, газеты иу фарс дæр сын æгъгъæд нæу. Фæлæ, цыдæриддæр хæрзхъæд æмæ ахсджиаг арæзтæдтæ, цыртдзæвæнтæ, парктæ ис, уыдон иууылдæр Михаилы хъазуатон фæллой æмæ разамынды фæрцы райрæзтысты. Нæ горæт ссис «визитная карточка» кæмæй фæзæгъынц, ахæм рæсугъд æмæ цымыдисаг сахар.

Михаил мэр рагæй нал у, фæлæ уæддæр йæ активон граждайнаг цæстæнгас нæ ивы. Бирæ азты у меценат æмæ хæрзаудæн мадзæлтты хъæппæрисджын адæймаг. Йе ‘ххуыс абон дæр кæм бахъæуы, уырдыгæй йæхи не здахы. Тынг æнувыд у ирон традицитæ æмæ æгъдæуттыл. Стыр аргъ кæны, Ирыстоны цы бирæ алы адæмыхæттытæ цæры, уыдоны культурæтæн дæр. Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон советы сæрдар уæвгæйæ, Михаил арæх аразы фембæлдтытæ хистæр æмæ кæстæр фæлтæртимæ, æмæ нæ республикæйы æппæт адæмты советты организацитимæ иумæ бацæттæ кæнынц национ бæрæгбæттæ. Стыр æвæрæн хæссы рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладмæ дæр. Активонæй архайы æфсæддонтæ, алы хæстыты ветерантæ, хъазахъхъаг æхсæнадтимæ æмæ йын æнтысгæ дæр кæны патриотизмы фарстаты. Æнæзæгъгæ нæй, уый тыххæй дæр æмæ Михаил абон дæр стыр куыст кæй кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæныны фарстатыл. Саразы хæрзаудæн акцитæ æмæ æндæр мадзæлттæ.

Йæ сыгъдæгзæрдæ бирæ азты фæллойы тыххæй Михаил Шаталов хорзæхджын æрцыд бирæ паддзахадон хæрзиуджытæй. Ацы бонты нæ кадджын хистæр сбæрæг кæндзæн йæ райгуырæн боны 84 азы, æмæ йын Стыр Хуыцау фидар æнæниздзинад раттæд, зæрдæрухс уæд æмæ бирæ æндæр хорздзинæдтæ.

 Хъайтыхъты Тамарæ,

Дзæуджыхъæуы Муниципалон зылды Æхсæнадон советы секретарь-координатор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here