1 кг — инджын цыхт,
1 кг — нартхоры ссад,
0,5 — æхсыры сæртæ,
цæхх.
Инджын цыхт ныххаф нас хафæнæй, æмæ йæ урс нартхоры ссад æмæ æхсыры сæртимæ хорз сызмæнт. Уыцы хыссæйæ тымбыл гуылтæ скæн æмæ сæ пецы фыцынмæ бавæр. Уæлкъæй дзыкка у нæ фыдæлты хæрзаддæр хæринæгтæй иу. Лæг дзы тагъд афсæды, фæлæ æнæниздзинадæн дæр пайда у.