Царциаты диссæгтæ

0
4077

Дыууæ метры бæрзæндæн æмкъай
Индийы цæрæг бинонтæ Кулкар, æнæмæнг, сты дунейы æппæты бæрзонддæр бинонтæ. Лæгæн йæ бæрзæнд у 238 сантиметры, усæн та — 208 сантиметры.

Кæсæнцæстытæ чи ‘рхъуыды кодта
Рагæй фæстæмæ дæр адæм æнхъæлдтой, зæгъгæ, кæсæнцæстытæ дунейы æппæты фыццаг дарын райдыдта Флоренцийы аргъуантæй иуы кусæг 1306 азы, æмæ сæ æрхъуыды кодтой венециаг æрмдæснытæ. Фæлæ æрæджы ахуыргæндтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй уымæй сæдæгай азты бæрц раздæр кæсæнцæстытæ дардтой тæрхонгæнджытæ Китайы. Уыимæ, сæ æвгтæ уыдысты саубын, цæмæй тæрхон кæныны рæстæг мачи «бакæса», тæрхонгæнджыты цæстытыл цы фыст ис, уый.

Давынц велосипедтæ
Ныртæккæ Германы модæйы у велосипед. Тынг зæрдиагæй йæ агурынц адæм. Фæлæ йæ балхæнын алкæй къухы не ‘фты. Уымæ гæсгæ бæстæйы рæзынц дыдзалхон машинæтæ давыны цаутæ. Статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ дзы алы цыппар минуты дæргъы сæфы иу велосипед.

Бындзыты мыггаг
Канадæйаг ахуыргæндтæ ссардтой, ныронг наукæйæн зындгонд чи нæма уыд, бындзыты ахæм мыггаг. Æрмæст уыцы хъуыддаг дæр цымыдисаг у, фæлæ къаддæр цымыдисдзинад нæ сæвзæрын кодтой саскты базыртæ. Цæвиттон, бындзы базыртыл цы хæххытæ ис, уыдон цæстытыл ауайын кæнынц йæ цыфыддæр знаг хæлуарæджы къæхтæ. Бындзмæ тæхгæ-тæхын куы кæсай, уæд райсы хæлуарæджы хуыз. Уый фæрцы йæм хæлуарджытæ, иннæ сасктæ куыд лæбурынц, афтæ гæппæввонгæй нæ лæууынц. Хи ирвæзын кæныны ахæм мадзал схуыдтой «фыс бирæгъы цармы».

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here