ÆНЦОЙБОНЫ ФАРС

0
3543

 

Æхсырысæрты конд

Æхсыр хъармы куы алæууа райсомæй изæрмæ кæнæ изæрæй райсоммæ, уæд йæ сой уæле абады фæлгуыртæй-цъæрттæй, æмæ сæ истой уидыгæй исты гарзмæ. Уым дыууæ-æртæ бонмæ æнхъызтысты, æмæ сæ хордтой. Æхсыры сæртæй кодтой нартхоры, дзулы ссæдтимæ дзыкка дæр, æмæ йæ хуыдтой æхсырысæрты дзыкка, фæлæ йын цыхтæй конды кад нæ уыд.

Æхсырысæртæй цагътой царв дæр дзæвгар бонты æмбырд кæнгæйæ.

Айларты Измаилы чиныг «Ирон фарн»-æй

 

Хæдзары æфсинтæн зонынæн

Цæмæй сæрак дзаумайы чернилæйы ахуырст тæппытæ ссæууой, уый тыххæй хæцъилы гæппæл схуылыдз кæн тæвд æхсыры æмæ йæ уымæй асæрф.

ïïï Цæмæй электрон итуйæн йæ бын сыгъдæг уа, уый тыххæй йæ рæстæгæй-рæстæгмæ сыгъдæг кæнын хъæуы хæрыны содæйæ.

ïïï Къофи фыцæн цайдан алы хатт дæр æхсын хъæуы фыцгæ донæй. Уæд æдзухдæр уыдзæн сыгъдæг, къофи та — хæрзаддæр.

 

Боныхъæдимæ баст бæрæггæнæнтæ

Дымгæйы фæстæ уарын куы райдайы, уæд къæвда бирæ ахæссы.

ëëë Райсомæй мигъ доны сæрыл куы бада, уыд рæстæг хорз вæййы.

ëëë Æхсæв кæрдæгыл æртæх дзæбæх куы æрбада, уæд къæвдайæ тæссаг нæу.

ëëë Хæфсытæ æхсæв доны былтыл куы фæгæппытæ кæнынц, бон та — уасгæ, уæд æнхъæлмæ кæс къæвдамæ.

 

Бакæс, базон

 

 

Тæккæ рагондæр хъæу

Швейцарийы цад Муртаны былыл æрæнцайæг Мунтерил у Европæйы рагондæр хъæу. Ахуыргæндтæ куыд раиртæстой, афтæмæй уыдис мах нымадæй 3867 азы размæ дæр. Йæ цæрджытæ уæд дæр кодтой зæххы куыст, цыдысты цуаны, дардтой фос.

Тызмæг цæстыты пайда

Япойнаг авиакомпани «Ол Ниппон эйруэйз»-ы специалисттæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй реактивон хæдтæхæгыл разæй тызмæг цæстытæ сныв кæнын ахъаз у мæргътимæ фыдбылыз не ‘руадзынæн. Тызмæг цæстытæй тæрсынц мæргътæ æмæ сæхи иуварс айсынц.

Хуыфынц…кæсæгтæ

Америкаг ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæсæгтæ дæр кæнынц хуыфгæ. Уыдон сæрмагонд аппаратурæ сæвæрдтой промышленнон чъизидæттæ æмбырдгæнæгæн бынæтты æмæ ныффыстой уыдоны цæрæг кæсæгты уынæр. Ахæм дæтты кæсæгтæ кæнынц хуыфгæ дæр æмæ хыр-хыр дæр. Кæсæгтæ цас тынгдæр хуыфой, уый бæрц чъизидæр уыдзæн дон.

Йæ хæдзар чи нæ зоны

Японы сæйраг горæт Токиойы æрцыд ацы æнахуыр цау. Тутицъиу атахт йæ хицæуттæй. Дæргъвæтин рæстæг фæратæх-батæхы фæстæ уый февзæрд горæты цæрджытæй иуы хæдзарон дыргъдоны. Бинонты дисæн кæрон нал уыд, маргъы «дзыхæй», кæцæй «ралыгъд», уыцы уынджы ном æмæ хæдзары номыр куы фехъуыстой, уæд

 

Адæмон хосгæнджыты амынддзинæдтæ

Сау хъæлæрдзыйы пайда

Сау хъæлæрдзы у æппæтæн дæр зонгæ гагадыргъ. Низтæ фæуромынæн пайда кæнынц сау хъæлæрдзыйæн йæ гагатæй æмæ йæ сыфтæй. Бирæ дзы ис витамин «С». Амонынц æй зæрдæйы æмæ тугдадзинты куыст фæхуыздæр кæнынæн, хæцгæ низты ныхмæ. Гастрит æмæ ахсæны хъæдгом дзæбæх кæнынæн нуазынц бон æртæ хатты ног лæмæрст хъæлæрдзыйы донæй агуывзæйыдзагтæ кæнæ та хъæлæрдзыйы фыхдон.

Хъæлæрдзыйы сыфты фыхдон буарæй тæры туагады уæлдæйттæ, йæ сыфтæй конд тæвд цай цымынц буары низты, уыргты дурты, æндыснæг æмæ улæфæнты низты ныхмæ.

Сæкæры диабеты рынчынтæн

Сæкæры диабеты рынчынтæн хорз æххуыс кæны мæнтæджы уидаджы донвых, кæнæ ахæм кæрдæджыты æмбырдтæ, куыд хъæдуры барчъийы тæнæг цъæрттæ (хуыздæр у тъæпæн хъæдур), мæнтæджы уидаг æмæ саунæмыджы сыфтæ. Се ‘ртæйæ дæр æмбæрцытæ сис æмæ сæ схæццæ кæн. Уый фæстæ дзы сис 50-60 граммы æмæ йыл ныккæн иу литр дон. Изæрæй йæ райсоммæ фæдар уыцы доны, стæй йæ рафыц 5-7 минуты, бауадз æй ноджы мигæнæны 20 минуты. Ныффæрсудз æй, стæй ма фæрсудзæнтæ ноджы ныллæмар. Ацы донвых иууылдæр бануазын хъæуы иу бонмæ — 6 хаттæн.

 

ТОХТЫ Хуанæ

«Дæ райсом хорз, мæ Ирыстон!»

«Куы мæлон, уæддæр рынчындоны никуыуал схуысдзынæн!», — йæхицæн дыууиссæдз азы размæ загъта Дзиуон. Цалдæр азы фæхуыссыд алы рынчындæтты, алы хостæй йæм зылдысты, цыдæр «продуванитæ», фæсарæйнаг гормоналон хостæ — уколтæ æмæ таблеткæтæ: гидрокартизонтæ, нонавлонтæ, микрофолинтæ, желтое тело æмæ дзы цынæ «гормонтæ» уыд, зынаргъ хостæ… «Гормональный лечени», дам, дын кæнæм, æмæ æрыгон чызджы алы хостæ æмæ уколтæй ноджы ныссахъат кодтой, æнæзæнæг фæци. Фæстæдæр хъуыддаг операцимæ æрцыд, йæ фарсæй йын дыууадæскъуыридзыд сывæллон систой.

«Æппындæр сæм, чи зоны, нæ хъуыд цæуын…» — арæх фæзыны сылгоймагмæ ахæм хъуыды. Фæлæ байрæджы.

Уæд, уыцы бон, операцийы хæдразмæ, йæ цуры йæ хистæр хо лæууыд, йæ разæй нал цыд, куыдта йæ кæстæр хойы æнамонддзинадыл. Дзиуон та-иу æм разылд, йæ цæссыг калгæйæ, æмæ йæ сабыр кодта:

— Бубæ, мауал ку… Алцыдæр хорз уыдзæн, ма мын тæрс… Фæлæ, уыцы фыдæбæтты фæстæ, цынæ дохтыртæм фæцыд, суанг ма Калачы Жорданийы номыл гинекологийы институы дæр æртæ мæйы йæхи дзæбæх кодта, Тæмисчъы дæр ваннæтæ кодта цалдæр къуырийы, фæлæ йæ фыдæбæттæй ницыуал рауад, баззад æнæзæнæгæй.

Ныр, 65-аздзыдæй, йæ низтæ бæрæг фæфылдæр сты, йæ уæз 130 килограммæй фæфылдæр, уымæ гæсгæ, куыд фæзæгъынц — «æнæхъæн букет», æмæ «ам риссы, уым риссы» фæкæны йæ хистæр хойæн, хъастгæнæгау. Æниу, уыцы уæз хæссын нæ хъæуы? …Дохтыртæ йын зæгъынц, рынчындоны схуысс, фæлæ, басæй чи басудзы, уый доныл дæр фу-фу кæны, фæзæгъынц. Дзиуон йæ къæхтæ ныццавта: «Нæгъ, ницы хуызы! Фæлтау мæ хæдзарæй цæудзынæн!»

Æмæ кæддæры мæллæг рæвдз æмæ цырд чызг — Дзиуон, тыхулæфт кæнгæйæ, ныр нард бабызы цыд кæнын райдыдта куыстмæ. Гъе уый, дам, дын, гъе «гормоналон терапи»!…

Цы кæна Дзиуон? Уæртæ та, сæумæраджы лæууы сосавæндаджы был, уколтæм фæцæуы алы бон дæр рынчындонмæ, рог хæдтулгæтæ йæ рæзты дыууæрдæм, æз фæраздæронæй, цъыввытт кæнынц, цыма ерысы бацыдысты, афтæ. Фæлæ ныр йæ куыстмæ нæ, дохыртæм цæуы, рынчындонмæ… Дохтыр ын рафыста, дæ зæрдæйы тугдадзинтæ, дам, фæуæрæхдæр уой, зæгъгæ, хостæ-таблеткæтæ, стæй ма алыхуызон уколтæ дæр.

Лæууы, фæлæ таксимæ чырæг телефонæй кæй нæ бадзырдта, уымæй раст нæ бакодта. Афтæмæй хæдтулгæ бауромын ныртæккæйы рæстæджы зын у, не ‘рлæууынц искуы иу йеддæмæ. Мæнæ æрбазылд иу хæлддзаг зæронд «Жигули», йæ сæрыл цыдæр æфсæн арматурæ фидаргонд, Дзиуон æм йæ къух даргæ дæр не скодта…

— Сбад, кæдæм дæ хъæуы? — йæ дуар байгом кæнгæйæ дзуры цыдæр æнæзонгæ урссæр, зæронд, æнæдаст шофыр сылгоймагмæ. — О, бузныг!.. ЦКБ-мæ мæ хъæуы!

— РКБ-мæ?.. О, о, сбад…

— ЦКБ-мæ — рынчындонмæ, уколтæм фæцæуын алы райсом дæр уырдæм, цæмæй ма, стæй куыстмæ дæр рæстæгыл сæмбæлон…— дзуры шофырæн тыххæй сылгоймаг, цыма йæ рагæй зоны, уыйау.

— ‘Мæ … кæмæй дæ, ацы хорз адæймаг?.

— Беджызатæй …

— Мæ кæцон дæ?

— Хуымæллæгæй.

— О, … Хуралетæй?! Уæдæ нæхирдыгон дæ… Ам цæрыс?..

— Мæ ды та кæмæй дæ?

— Æз та — Схъиудтытæй… Æмæ мах мыггаг сымахæй цæмæй æвзæрдæр у, зæгъыс?

— Æмæ уæ чи хоны æвзæр мыггаг? Нæ хъæуы дæр дзы цæры, тынг хорз адæм сты, хæрзæгъдау, дзæбæх кæстæртæ сын ис…

Иу ныхасæй, дыууæйыл дæр фырдзырд бафтыд… Сылгоймаг кæсы, æмæ дын шофыр Доваторы проспекты уæлæрдæм фæзылд…

— Фæлæуу-ма, хорз лæг, кæцырдæм цæуыс, кæдæм мæ ласыс?! Æз дын ЦКБ куы загътон…

— Цавæр ЦКБ?! … РКБ мын загътай? — фæтъæлланг кодта лæг — Ай онг дзæгъæлы фæцыдтæн…— йæхи фæтызмæг кодта. — Ай бæрц мæ бензин фæхардз кодтон, къацо … Айс де «стъо рублей» æмæ дæ куыннæуал уынон… Айс сæ æмæ ахиз! Ахиз! Джандаба — дæ хай!..

Сылгоймаг ахæм цæхгæр фæзилæн ныхасмæ фæуыргъуыйау, бакæс-бакæс æм кæны, фæлæ ницы дзуры. Йæ цард-цæрæнбон ахæм диссаджы уавæры никуыма бахауд… Сдыгъуырццæг, цы ма кæна ацы æнæхъола, гуымиры шофыримæ, куыстмæ дæр ын ‘рæджы куы кæны, уæд? Ницы дзуры. Фæлæ йæ сæры иу хъуыды фæмидæг: «Ай æхцайыл куы дзуры, æхцайыл…»

Шофыр уæддæр дзуры ‘мæ нал æнцайы йæ хъуырхъуырæй:

— Ай, къацо, … ноджы ма бензин… фæзынаргъ ис… Уæд дзурыс… Фæрсын дæ, æмæ мын загътаис: ЦКБ, ту, рауи, РКБ?!

Сылгоймаг ма æнæдзургæйæ фондз туманы систа æмæ йын сæ сæдæ сомыл йæ разы æрæвæрдта. Шофыр фæхъус… фæлæ размæ мæсты тард кæны хæдтулгæ, цыма тынг бафæллад, æмæ сылгоймаджы йе ‘ккой хæссы, уыйау:

— Дейида, дейида,… мæ нервытæ! — ‘мæ ма цыдæртæ хъуыр-хъуыр кæны, кæрон ын нал ис. Уыцы-иу рæстæг йæ цæстытæ æрзылдта, æхца кæм æвæрд уыд, уырдæм, æмæ ма сыл куы ауыдта фондз туманы, уæд йæ зæрдæйы маст æрбайсæфт, сулæфыд арф…

«Гъе, Дунескæнæг Хуыцау, мацы мын кæн,…» — йæхинымæр хъуыды кæны Дзиуон.

Иу фарст дæр нал, иу каст дæр нал бакодта лæг сылгоймагмæ. Кæсы мæсты каст размæ, йæ уæхсджытыл хæрдмæ схæцыд, йæхи нылхъывта æмæ рулыл фидар хæцы.

Дзиуон хъуыдыты ацыд… «Айбæрц базæронд дæн, ацал-ауал азы ахæм шофырыл никуыма сæмбæлдтæн… Раздæр мæ-иу лæвар ластой. Нæдæр-иу куымдтон хæдтулгæйы бадын. Нæ-нæ, нæ хъæуы, мæнæ трамваймæ кæсын, — зæгъгæ-иу не сбадтæн, никæй-иу батыхсын кодтон. Ныр та дæ цыма уынгæ дæр ничиуал кæны, афтæмæй дæ рæзты сыффытт кæнынц рог хæдтулгæтæ. Сыгъд ссæуа ацы ‘хцатыл…

Уый дын дзы ирон лæг!.. Байрай, Дзиуон, æрбахæццæ дæ, цы?!»

Хæдтулгæ дзыхълæуд фæкодта рынчындоны дуармæ, ома, рæвдздæр ахиз, нæ мæ ‘вдæлы… Дзиуон æнæдзургæйæ дуар бакодта æмæ уæззаугай, æнæбонæй рахызт хæдтулгæйæ. — Хорзыл амбæл! — Æмæ «Жигули»-йы дуар сабыргай бахгæдта.

— Дейида! Дейида, мауал рынчынтæ кæн! — Райхъуысти ма шофыры хъæлæс æмæ, æрлæууæны рады цы такситæ лæууыд, уыдоны ‘хсæнты йæ рог хæдтулгæ хæрдмæ ныццавта. Цæмæй та тагъддæр иу бæлццон рацахса. Шофыртæ дæр ма йæ фæстæ ныджджыгъгъытт сты, ома, уыцы-иу сыффытт кæдæм акодта, цы рцыд?!

Гом хæдтулгæтæй кæцыйæдæр райхъуыст радиойы диктор — нæлгоймаджы æхсызгон хъæлæс:

— Дзуры Дзæуджыхъæу! Хъусын кæнæм концертон программæ: «Дæ райсом хорз, мæ Ирыстон!» Сылгоймаджы зæрдæ барухс, бабуц, дикторы уæздан ныхасæй. Æхцон хъæлæсы ахаст йе уæнгты ахъардта, айгæрста сæрæй къæхты бынмæ ирондзинад зæрдæйы. Æвзæр равг удрæбæнæй фестъæлфыд, фæтарст, фыдбылызтæ аскъæфта… Дзиуоны цæстытæ денджызтау цинæйдзаг цæссыгтæй айдзаг сты

 

Нанайы   уырнæнтæ

***Фæндагыл лæдзæг æппарын нæ фæтчы.

*** Хуыцаубоны бакуыстæн, дам, йæ бæркад хæйрæджыты вæййы. Гъе уымæ гæсгæ, хуыцаубон уыд æнцойбон.

*** Дæ комдзаг фынгыл ма уадз — дæ амонд къахыр кæныс.

*** Фыны маргъау куы тæхай кæнæ бæрзондæй куы хауай (уый та вæййы æрыгонæй), уæд кæныс рæзгæ.

*** Уæлмæрдтæм æхсæвыгон цæуын нæ фæтчы. Æхсæв, дам, сæм сæ удтæ æртæхынц æмæ сæ хъыгдарын нæ хъæуы.

*** Уасæг хæдзармæ мидæмæ уасы — уазæгмæ æнхъæлмæ кæс

 

Ирон æмбисæндтæ

 

***Йæ бинонты чи нæ уарзы, уый адæмы дæр нæ уарзы.

*** Хорз цуанон иунæг æхсæвиуаты тыххæй дæр халагъуд аразы.

*** Хæзнатæ æмбырд кæнынæй хæлардзинад хъахъхъæнын хуыздæр у.

*** Æрдхорд æмбæлттæ æфсад сты.

*** Хуымгæнæг йæ хуыздæр гал фæстаг ауæдзы ифтындзы.

Æрæмбырд сæ кодта ЦÆГÆРАТЫ Ахболат, Ставд-Дуртæ

 

А Лæджы гороскоп (10 — 16 декабрьмæ)

Фыс (Овен) — дæ куысты хæрзхъæддзинадмæ фау ничи æрхæсдзæн. Уымæ гæсгæ архай, дæ зонд æмæ дæм дæ зæрдæ куыд дзурынц, афтæ. Дæ масты æмæ алыхуызон дам-думты фæдыл ма цу. Мæйы райдайæны дæм æнхъæлмæ кæсынц æхсызгон балцытæ æмæ дæ куыстимæ баст фембæлдтытæ. Цы хорз фæстиуджытæ сын уа, уыдон дын æрхæсдзысты æгæрон циндзинад.

Гал (Телец) — дардмæ æмгъуыдгæнæн хъуыддæгтæн æрцыд сæ бакæныны рад. Фæлæ ма дæм уыдзæн бирæ бæллицтæ. Æхцатимæ баст фарстатæ аргъæв иннæ къуыримæ. Дарддæр царды архайды алы къабæзты дæр, дæхиуыл кус сабыргай. Дæ алыварс цы адæм ис, уыдон дæ кæд æххуыс агурой, уæд балæуу сæ фарсмæ. Фæсмонгонд нæ фæуыдзынæ.

Фаззæттæ (Близнецы) — Де ‘ддаг бакаст аивыныл бацархай хæстæгдæр рæстæг. Ацу рæсугъддзинады салонмæ æмæ алыхуызон аивгæнæнтæ кæм уæй кæнынц, ахæм дуканимæ. Дæ зæрдæ дзы цы товартæм æхсайа, уыдон æнæдызæрдыгæй балхæн.

Мыдзбыр (Рак) — дæ материалон, моралон, физикон гæнæнтæм кæс аудгæйæ. Хæрдæн бæрц зон. Фылдæр архай, æнцонтайæн чи уа, ахæм хæринæгтæ хæрыныл. Хæдзары дæм цы хъуыддæгтæ æнхъæлмæ кæсы, уыдон дæр кæн сабыргай. Дæ хæстæджытæ æмæ зонгæтимæ фембæлдтытæ та аргъæв фæстæдæрмæ.

Домбай (Лев) — фылдæр рæстæг арвит дæ бинонтимæ. Кæд дын бакæнинаг хъуыддæгтæ ис, уæд сæ фæстæдæрмæ аргъæв. Цæмæй æхснырсæгæй ма фæрынчын уай, уый тыххæй бацархай рагацау профилактикæ скæныныл. Кæд фæрынчын дæ, уæд фылдæр дæхи дзæбæх кæн адæмон хостæй.

Чызг (Дева) — фæлладуадзынмæ дæ нæ равдæлдзæн. Бахъæудзæн дæ де ‘ппæт тыхтæ æмæ хъарутæ, раздæр бакæнинаг кæй уыдтæ, уыцы хъуыддæгтыл схардз кæнын. Фæлладуадзынæн дын æрмæст дæр лæвæрд цæуы сабат æмæ хуыцаубон. Уæд дæ хъарутæ сног кæнын дæ бон æххæстæй бауыдзæн. Æфстау дæ æхца чи кура, уыдонæн разыйы дзуапп ма дæтт, уымæн æмæ де ‘хцайы хæс зынтæй райсдзынæ.

Тæрæзтæ (Весы) — ног къуырийы бакæн дæ астджиагдæр хъуыддæгтæ. Фæлæ дын сæ се ‘ппæт бакæнын æвиппайды дæ къухы нæ бафтдзæн. Фæлæ ууыл ма фæсмон кæн. Баууæнд цард рæсугъд кæй у, ууыл æмæ дын дæ хæстæджытæ æмæ зонгæтæй уыдзæн хорз æххуысгæнджытæ. Дæ уæгъд рæстæг арвит æрдзы хъæбысы дæ хиуæттæ æмæ хæстæджытимæ.

Къæдздым (Скорпион) — æнхъæлмæ дæм кæсы бирæ бакæнинаг хъуыддæгтæ. Фæлæ дæ ныфс ма ассæттæд. Алцыдæр уыдзæн лæгъз æмæ йæ бынаты. Æххуысгæнæг та дын уыдзысты дæ хæстæджытæ, къабæзтæ, зонгæтæ.

Фатæхсæг (Стрелец)— ног къуыри дын рауайдзæн тынг æнтыстджын, суанг ма дæм хæлæггæнджытæ дæр уыдзæн. Се ‘хсæн разындзæн ахæмтæ, кæцытæ дын цæлхдуртæ дæр æвæрдзысты. Къæрцхъус у! Æппæты тынгдæр дæ цæст æрдар дæ кæстæртæм — де ‘ххуысмæ æнхъæлмæ кæсынц.

Сæгъы сыкъаджын (Козерог)— дæ хæстæджытимæ дын цы ахастдзинæдтæ ис, уыдонæн æрцыд фæлварæн рæстæг. Уый фæрцы та дæ бон уыдзæн дæ хæстæджытимæ дæ бастдзинæдтæ фæфидардæр кæнын. Фæлæ æфстау æхца исыныл ма архай, тынг дæ куы хъæуа, уæддæр.

Донкалæг (Водолей) — дæ царды æрцæудзæн ахæм цау, æмæ дæ хъысмæтæй фæбузныг уыдзынæ. Цы уынаффæтæ рахæссай, уыдон дæр сабыргай царды уадзыныл архай. Куыд фæзæгъынц, тагъд дон фурды не ‘ййафы. Де ‘ргом аздах дæ зæрдæйы æмæ тугдадзинты æнæниздзинадмæ.

Кæсаг, кæф (Рыбы) — æрцыд рæстæг ног куыст ссарынæн. Уымæ рагæй цæттæ кодтай дæхи. Арæх спортивон залмæ куы цæуай, уæд де нæниздзинадмæ æмæ уды равгмæ дæ зæрдæ не ‘хсайдзæн. Уыдзынæ хъæлдзæг æмæ цардæфсæст.

Фарс бацæттæ кодтой ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболат æмæ ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here