Футбол. Уæрæсейы чемпионат. II къорд

0
786

Хуыцаубоны 3 апрелы Уæрæсейы Хуссар зонæйы 2-аг футболон къорды командæтæн райдыдта сæ чемпионаты уалдзыгон хай.

Дзæуджыхъæуы «Алани» йæ фыццаг хъазт кодтаид уазæгуаты Новочеркасскы «Митос»-имæ. Дыууæ командæйы фембæлд цыди Батайскы стадионы. Уырдæм автобусæй цæуын хъæуы 1214 сахаты. Уымæ гæсгæ, цæмæй футболисттæ хъазты размæ æвæллад уой, уый тыххæй цæуын хъуыди бон раздæр. Хъыгагæн, ныртæккæ командæйы финансон уавæр ахæм уæззау у, æмæ сын фадат нæ уыд афоныл ацæуынæн. Дыккæгæм апрелы «Алани»-йы хъазджытæ, сæ тренертæ æмæ футболон клубы генералон директор Дамбегаты Роберт фембæлдысты нæ республикæйы дзыллон-хабархæссæг мадзæлтты минæвæрттимæ æмæ сын радзырдтой командæйы абоны уавæры тыххæй. Журналистты фæрстытæн дзуапп лæвæрдтой: ФК «Алани»-йы сæйраг тренер Гаглойты Федор, генералон директор Дамбегаты Роберт, командæйы капитан Хайманты Алан. Гаглойты Федор: «Æз тынг бузныг дæн нæ лæппутæй. Зæгъæн куыд нæй, ахæм зын уавæры бахаудыстæм, уæддæр æнæзивæгæй фæкуыстой, нæхи цы рæстæг цæттæ кодтам, уымæн йæ райдайæнæй абоны онг. Тынг сæ фæнды нæ номдзыд командæйы кад сног кæнын æмæ быхсынц нæ бирæ зындзинæдтæн. Ныр аст мæйы дæргъы клубы кусджытæ мызд нæ исынц, фæлæ æмбарынц, нæ республикæ цы зын уавæры ис, уый, æмæ быхсынц. Хъыгагæн, абон дæр нæма зонæм, баззайдзыстæм чемпионаты æви нæ нæхи сисын бахъæудзæн, уый. Ахæм бæллæх куы æрцæуа, уæд фæстæмæ профессионалон футболмæ раздæхынмæ тынг бирæ рæстæг бахъæудзæн, æмæ уый нæ фæсивæдæн сæ ныфс асæтдзæн. Цы фæуыдзысты, нæ футболон скъолаты чи ахуыр кæны, уыцы лæппутæ? Кæдæм ма тырндзысты? Гъе, уыдæттыл хъуыды кæнгæйæ, лæг йæхи зындзинæдтыл нал фæдзуры. Ныртæккæ мах фæндагыл хъуамæ уаиккам, фæлæ ныр дæр нæма зонæм, цæмæй ацæуæм, уый. Хъазтмæ куы нæ ацæуæм, уæд нæ фæивар кæндзысты 500 мин сомæй, фæндаггаг та нæ 150 мин сомы хъæуы. Хардзау ма мæм уый кæсы, æмæ лæппутæ тынг тырнынц хъазынмæ. Фæнды сæ сæхи сæрæнæй равдисын, нæ футболуарзджыты зæрдæтæ барухс кæнын». Хайманты Алан: «Мæнæн нæ хъазджыты номæй мæ бон зæгъын у, тынг нæ кæй фæнды, нæ «Алани»-йы ном бахъахъхъæнын, уый. Мах дæр æй æмбарæм, нæ республикæ финансон æгъдауæй зын уавæры кæй ис, уый æмæ быхсæм. Фæлæ ис ахæм уавæртæ, кæцыты ныхмæ фæлæууын махæн дæр нæ бон зынтæй кæй бауыдзæн. Уæддæр нæ зæрдæ дарæм, нæхи равдисынмæ нын фадат кæй фæуыдзæн æмæ, «Алани» профессионалон лигæйы кæй баззайдзæн, ууыл». Дамбегаты Роберт: «Футболон клуб «Алани», мæнмæ гæсгæ, нæ Ирыстонæн бахъахъхъæныны аккаг у. Ау, ахæм кадджын истори кæмæн ис, æппæт Уæрæсейы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр хъуыстгонд чи у, уыцы клуб баныгæнын махмæ кæсы? Æцæгæй дæр, нæ клубы уавæртæ ныртæккæ куыд кæуинаг сты, афтæ никуы уыдысты. Ацы уавæрмæ йæ абон не ‘ртардтой. Уырдæм æрхаудис фæстаг азты. Ныртæккæ командæйæн нæдæр базæ ис, нæдæр стадион, кæнæ кусæн бынат. Раздæр нæ клубы кабинеттæ уыдысты, стадионы цы бæстыхæйттæ ис, уым, фæлæ нын ныр уыдон дæр нал сты. Мæн бузныг зæгъын фæнды лæппутæн. Ацы фæсивæд зæрдиаг фыдæбон фæкодтой ахуырты рæстæг æнæ мызд исгæйæ, фæлæ сæ уæлдай схъуыр-хъуыр дæр никæмæй фехъуыстам. Тынг хъыг уыдзæн, сæ фыдæбон дзæгъæлы куы фæуа, уæд!» Раст зæгъгæйæ, зыдтам, командæ зын финансон уавæры ис, уый, фæлæ афтæ бынтон æвзæр сты йæ хъуыддæгтæ, уый æнхъæл нæ уыдыстæм. Æнхъæл чи уыди, æмæ командæйы сæйраг тренер кусæн стъол кæм æрæвæра, уый дæр ын нæй. Уый тыххæй Гаглойты Федор йæхæдæг загъта: «Æз куыстон æндæр рæтты. Алы ран дæр уыди йæхи къуыхцытæ, фæлæ ам, нæхимæ цы уавæртæ уынын, уый зын бамбарæн у. Уæддæр фæсмон нæ кæнын, мæ райгуырæн Ирыстонмæ кæй сыздæхтæн, ууыл. Тынг мæ фæнды исты хорздзинад саразын мæ уарзон республикæйæн. Мæн, дзæнæты бадинаг Æгъуызарты Тамерлан ардæм куы хуыдта, уæд бæлвырд æрдзырдтам, нæ размæ цавæр хæс æвæрæм, æмæ йæ куыдæй сæххæст кæнынмæ хъавæм, уыдæттыл. Бауырнæд уæ, æз мæ мызды тыххæй иу ныхас дæр не скодтон. Ууыл хъуыды дæр нæ кодтон. Ныр ахæм зын фарста куы сæвзæрди, баззайдзæн «Алани» чемпионаты æви нæ, зæгъгæ, уæд уый мæнæн зæрдæниз у. Стæй, æвæццæгæн, канд мæнæн нæ! Уæддæр лæг ныфсæй цæры, æмæ та кæд къæвдайы фæстæ хур дæр ракæсид». Гъе, ахæм æнкъард рауад нæ фембæлд нæ уарзон футболон командæимæ. Куы цыдыстæм, уæддæр бæрæг нæма уыд, командæ йæ фыццаг хъазт акæнынмæ Батайскмæ ацæудзæн æви нæ. Æппынфæстаг командæйы сæргълæуджытæ сфæнд кодтой, куыд гæнæн ис, афтæ къаддæрæй араст уæвын æмæ æмбисæхсæв «Алани»-йы автобус йæ дард фæндагыл араст. Æртыккæгæм апрелы Батайскы 14.00 сахатыл нæ фæндагвæллад футболисттæ фембæлдысты «Митос»имæ. Хъазт æдде бакæсгæйæ куыд цыди, афтæмæй командæтæ уыдысты æмдых. Дзæуджыхъæуккæгтæ фысымтæй цауддæр нæ зындысты. Уый нæ, фæлæ ма ныббырстытæ арæхдæр кодтой. Фæлæ, æвæццæгæн, фæндагыл хорз кæй нæ баулæфыдысты, уый сыл фæзынди, æмæ иу хатт 11-метронæй иварон цæфы фæстæ æрбауагътой пурти сæ кулдуары, иннæ хатт та æгæр бирæйæ размæ куы абырстой, уæд фысымтæ уымæй хорз спайда кодтой æмæ хъазты кæронмæ ‘ввахс 2-аг пурти бакъуырдтой «Алани»-йы кулдуары. 11 апрелы «Алани» йæхи фæзы хъаздзæн «Афикс»-имæ. Мах уырны, нæ лæппутæ ацы фембæлды сæхиуыл кæй нæ бацауæрддзысты æмæ кæй бацархайдзысты футболуарзджыты зæрдæтæ сæ хъазтæй барухс кæнын. Фæнды нæ фæсидын нæ спортуарзджытæм, цæмæй ма фæзивæг кæной æмæ æрбацæуой нæ дзæбæх кæстæртæн сæ архайдыл бацин кæнынмæ. Зонут уый, æмæ нæ лæппутæн уæ къухæмдзæгъд ныфсы хос у æмæ, цас фылдæр адæм уа трибунæты, уыйбæрц уыдон разæнгарддæр кæндзысты.

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here