Ирон мифологион æмæ цардыуаджы дзырдуатæй

0
1345

АРВЫ НÆРД — уалдзæджы арв фыццаг хатт куы ныннæры, уæд ирон адæм сæ фæсонтæ дуртæй, æфсæнтæй фæхойынц, “мæ фæсонтæ дурæй, æфсæнæй хъæбæрдæр”, дзургæйæ. Ома, фидар æнæниздзинад сæм куыд уа. Зæхкусæг бинонтæн-иу се ‘фсин уайтагъд арынджы уæлхъус балæууыд. Æртæ уæливыхы-иу факодта æмæ сæ-иу хистæр нæлгоймаг скуывта. Уациллайæ-иу ракуырдта, цæмæй сыл фæззæг хорз хорыкондимæ æрцæуа.

ДУАДЖЫ ХÆРАМ — ирон адæм Хуыцауы сконд зæдтæ æмæ дауджытæм табугæнгæ кувынц, сæхи сыл фæдзæхсынц, сæ фыдæхæй сæхи хизынц. Дауджыты хæрамæй та тæрсгæ кæнынц. Зæдтæ фæлмæнзæрдæ æмæ рæдау сты, хатыргæнаг, дауджытæ та — æгъатыр. Гъе уымæ гæсгæ сæ хæрамæй ирон адæм сæхи хъахъхъæнынц. Уый тыххæй сæхи афтæ дарынц, уый бæрц æгъдæуттæ сын кæнынц, цæмæй сæ зæрдæхъыджы ма бацæуой.

НАРТЫ БÆХДÆТТÆ — Нартæм уый бæрц бæхы рæгъæуттæ уыд æмæ дисæн дзуринаг уыдысты. Нæлгоймæгтæ, стæй сылгоймæгтæ дæр уыдысты барджытæ, бæхыл бадджытæ. Уæдæ сæ бæхдæттæ та ахстой бирæ фæзуæттæ æмæ уыдысты зын сыгъдæггæнæн.

СÆ ЧЫЗГ — афтæ хуыдта чындз йæ мойы хойы, ходыгъды. Нарты кадджыты Уырызмæджы ус Алæгаты Елда Сатанамæ дзуры: «Сæ чызг, мæ худинаджы рæстæг æрцыди: мæ ронг нал æнхъизы; де ‘фсымæр мæ æдзæллагæй куы ‘рбаййафа, уæд мæ маргæ кæндзæн».

ФИДИСÆЙ РЫНЧЫНГÆНАГ, УАЙДЗÆФÆЙМÆЛАГ — ахæм адæмыхатт Нарты кадджыты сты Донбеттыртæй равзæргæ мыггаг Быцентæ. Хæмыц сæ усаг куы æрцагуры, уæд ын, йемæ цуаны чи уыд, уый афтæ зæгъы: «Ис мын иу хо, æмæ дын æй бæргæ радтиккам, фæлæ сымах стут фидисгæнаг; мах та фидисæй рынчын кæнæм, уайдзæфæй — мæлгæ. Тæрсын, йæ бавæрын дæ бон куы нæ бауа!»

ХЪИЛЫ ДЗУАР — ис ирон адæммæ Рагъы дзуар. Ис Хъилы дзуар дæр. Хъил ирон адæм хонынц хæхты рæгътæй бæрзонддæр рæттæ — æфцгуытæ. Зæгъæм, Барзæфцæгæн йæ дыккаг ном у Хъилы æфцæг. Хъелы цад дæр æфцæгыл ис, Дзимыргом æмæ Урстуалты æхсæн æмæ йæ ном растдæр у Хъилы цад. Коммæ дзы цы дон кæлы, уый та, цалынмæ иннæ кæмтты цæугæдæттимæ нæ баиу вæййы, уæдмæ у Хъилы-Хъелы цæугæдон. Уырдыгæй дæлæмæ та йæ хонынц Чысандон. Хъилы цадæй Хъелы цад рауад гуырдзиаг æвзаджы тæфагæй. Гуырдзы йæ Келистба рахуыдтой, Хъилæй сарæзтой Хъел.

ТÆРК КÆНЫН — ирон динон уырнынадмæ гæсгæ, адæймагмæ тæрк кæнынц дауджытæ, сæ зæрдæ дыл куы фæхуда, аккаг аргъ сын куы нæ скæнай, уæд дын фыдбылыз ракæндзысты. Тæрк кæнынц хæйрæджытæ дæр, ницæмæ сæ куы дарай, уæд сабухынц æмæ фыддзинадмæ æмхиц сты. Арвыкомы ирон цæрджытæ хорз зонынц, Терк фæтæрк кодта, зæгъгæ, уыцы ныхасы мидис. Сæрды райдайæны мит æмæ цъититæ тайæн рæстæг куы раивылы, уæд бæстæ йæ сæрыл рахæссы, ныббæллæхтæ кæны. Æвæццæгæн, йæ ном Терк дæр дзы тæркæй равзæрд.

УÆЛИОНТÆ — ис дæлионтæ — зæххы бын цы хæрам тыхтæ цæры, уыдон. Ис уæлионтæ дæр. Уыдон та сты хæлар тыхтæ. З

ÆЛДФÆЛЫНДÆН РÆСТÆГ — уалдзæджы бæлæстæ, къудзитæ æмæ дидинджытæ садзæн рæстæг.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here