Тарнизæй рынчынтæн — ног техникон фæрæзтæ

0
846

Нæ республикæйы, тарнизæй рынчынты кæм дзæбæх кæнынц, уыцы республикон диспансеры æвæрд æрцыдысты тынг æхсызгонæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы ахсджиаг хъæугæ медицинон ифтонггæрзтæ: компьютерон томограф æмæ нырыккон, нымæцон кæй хонынц, ахæм рентгенгæнæн аппарат. Ныр туберкулезы ныхмæ æппæт мадзæлттæй дæр тох кæныны хъуыддаджы Ирыстон фæстæзад нал у.

Знон Туберкулезы ныхмæ республикон диспансермæ уый фæдыл æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, йæ хæдивæг Александр Реутов, РЦИАланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Реуазты Таймураз æмæ Цæгат Ирыстоны медицинон академийы ректор Олег Ремизов. Кадджын уазджытыл зæрдиагæй сæмбæлд рынчындоны коллектив сæ сæргъы сæйраг дохтыр Малиты Батырбег, афтæмæй. Малийы-фырт радзырдта, ацы ног аппараттæ куыд тынг ахсджиаг сты сæ куысты æмæ сæм цал азы æнхъæлмæ кастысты, уыдæтты фæдыл. Уый загъта: — Техникæ куыд тагъд рæзы, афтæ бирæ ногдзинæдтæ хæссы йемæ адæмы хорздзинадæн. Кæддæр, ацы аппараттæн сæ кой дæр куы нæма уыд, уæд тарнизы ныхмæ уагъд хостæ æмæ ифтонггæрзтæ лæмæгъ уыдысты æмæ рынчыны бынтон сдзæбæх кæнын дæр-иу фылдæр хатт зæрдæдаргæ хъуыддаг нæ уыд. Ныр ацы медицинон кусæнгæрзты фæрцы нæ куыст бирæ æнтыстджындæр уыдзæн. Нæ гæнæнтæ æмæ фадæттæ нæ амыдтой сæ балхæнын, ныр нæ республикæйы хицауады æххуысæй нæ бæллиц сæххæст. Канд Ирыстоны компьютерон-рентгенологон службæ нæ уыдзæн, фæлæ æнæхъæн Цæгат Кавказæн дæр кæндзыстæм лæггад. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз бæлвырд радзырдта, диспансерæн ацы æххуыс бакæныны тыххæй сæ цалдæр азы архайын кæй бахъуыд, уый фæдыл. — 2013 азы Ирыстоны хицауад курдиат балæвæрдта УФ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадмæ, цæмæй нын федералон нысанмæарæзт программæмæ гæсгæ субсиди радих кæной нырыккон компьютерон томограф æмæ нымæцон рентген-аппарат самал кæнынæн. Субсидийы бæрц уыдис 63 931 000 сомы. Ахæм бадзырдимæ, уæлдæр амынд нымæцæй 18 880 000 сомы та кæй уыдзысты республикон бюджетæй. Бакодтам цалцæг-цæттæгæнæн куыстытæ дæр. Нырыккон ифтонггæрзтæ нын фадат дæттынц ног хуызы рынчынты дзæбæх кæнынæн æмæ æгъатыр тæссаг низ развæлгъау сбæрæг кæнынæн, — загъта Таймураз. — Ацы бæстыхæйттæ нырыккон домæнтæн дзуапп рагæй нал дæттынц æмæ райдайдзыстæм ног рынчындон аразын дæр. Федералон структурæтæм ног рынчындоны арæзтады тыххæй балæвæрдтам æппæт хъæугæ гæххæттытæ æмæ фидæны 2017 азы райдайдзæн арæзтад. Уый фæстæ нæ республикæйы Хицауады уæнгтæ æмæ диспансеры дохтыртæ федтой ног корпусы æвæрд томограф æмæ рентген. Чи сыл кусдзæн, уыцы æрыгон специалистты дæр сбæрæг кодтой.

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here