Дзæуджыхъæуы культурон уавæр

0
1281

Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт Дзæуджыхъæу æнæдызæрдыгæй схонæн ис Кавказы культурон центр. Цæмæй йæ историон фæлгонц æмæ цæрджыты эстетикон рæзт æмбæлгæ æмвæзадыл уа, уыцы фæрстытæн дзуапдæттæг у Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы культурæйы управлени. Æрæджы йæ сæргълæууæгæй нысангонд æрцыд æрыгон курдиатджын кафæг æмæ хореограф КОКАЙТЫ Алан. Æрбахуыдтам æй газет «Рæстдзинад»-ы редакцимæ, æмæ не ‘хсæн рауад ахæм ныхас:

— Алан, культурæйы управленийы сæргълæууæджы бынаты дæ куыст фыццагдæр цæмæй райдыдтай?

— Фыццагдæр базонгæ дæн, цы адæмимæ кусдзынæн, мæ сæйраг хæстæ цавæр сты, уыимæ. Равдыстой мын мæ кусæн бынат. Æмæ мæ хæдивæг, курдиатджын хореограф Суанты Валериимæ райдыдтон кусын.

— Дзæуджыхъæу у нæ республикæйы сæйраг горæт. Йæ историон фæлгонц æмæ ирондзинад бахъахъхъæныныл куыд архайдзынæ?

— Хорз фæндтимæ æрбацыдтæн ацы куыстмæ. Бирæ уарзын мæ Ирыстон æмæ Дзæуджыхъæу. Фæлæ цард æрмæстдæр фæндтæй кæй нæу, уый зонын. Зонгæ кæнын мæ куысты фадæттæ æмæ гæнæнтимæ. Нæ куыст æнцон нæу, фæлæ уæддæр архайæм. Тынг мæ фæнды, цæмæй, Ирыстоны культурæ цæмæйдæриддæр хъæздыг у, уыцы хæзнатæ хорзæй фæзыной горæты фæлгонцыл æмæ йæ цæрджыты иумæйаг цардыл. Нæ управленимæ хауынц Культурæйы хæдзæрттæ, библиотекæтæ, музыкалон скъолатæ. Архайдзыстæм сæ хъуагдзинæдтæ сын иуварс кæныныл, сæ куысты уавæртæ сын хуыздæр кæныныл. Уымæн чысыл æхца нæ хъæуы, фæлæ нæ къухтæ æруадзæм æмæ мацы кусæм, уыцы бар нын нæй.

— Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл, культурæ æмæ фæлладуадзæн парк у нæ горæты цæрджыты уарзондæр бынат. Йæ историон фæлгонц бахъахъхъæныныл куыд бацархайдзыстут?

— Нæ паркæн ис йæхи рагон истори. Уыди дзы æмæ абон дæр вæййы хъазтизæртæ. Мæнмæ гæсгæ, уыдон хъуамæ арæзт цæуой бæрзонддæр эстетикон уагыл. Æмæ ууыл архайдзыстæм. Зæгъæм, 15 майы бæрæг кæндзыстæм Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Уый фæдыл нæм цалдæр боны размæ æрбадзырдтой Традицион культурæйы æмæ этнотуризмы республикон центрæй. Уым сæ бæрæгбоны кадæн фæнды театрализацигонд равдыст саразын. Уыцы хъуыддаджы сын баххуыс кæндзыстæм. Нæхимæ дæр ис бирæ фæндтæ, æмæ сæ царды рауадзыныл бацархайдзыстæм.

— Дзæуджыхъæуы Культурæйы хæдзæртты, клубты, библиотекæты куысты цавæр къуылымпыдзинæдтимæ æмбæлут, стæй сæ аиуварс кæныныл куыд архайут?

— Уый тыххæй æз ногæй ницы радзурдзынæн. Ис бирæ лыггæнинаг фарстатæ. Фæлæ, адæймаг куы зона, сæ алыг кæнынæн фадат ис, уæд сæ хъуамæ бакæна. Кæд уыцы фадат нæ уа, уæддæр бацархайдзынæн йе ссарыныл. Сымах дæр æй хорзæй фендзыстут.

— Уæ куысты уын чи æххуыс кæны?

— Ацы куыстмæ мæ æрбакодта Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис. Зæрдиагæй йæ фæнды нæ горæты цæрджытæн хорзы бацæуын. Æз ыл алывæрсыгæй æууæндын æмæ кусдзынæн йемæ. Ме ‘ххуыс æй кæм хъæуа, уым йæ ныхасыл дыууæ нæ зæгъдзынæн. Æппæт министрадтæ, ведомствотæ цы æхсæнадон организацитимæ кусынц, мах дæр уыдонимæ кусæм. Зæгъæм, Ветеранты республикон совет. Цæмæй нæ иумæйаг архайд нæ дзыллæйæн пайдайаг уа, ууыл архайдзыстæм.

— Фидæнмæ та уæм цавæр фæндтæ ис?

— Фидæнмæ нæм ис бирæ хорз фæндтæ. Сæ сæххæст кæнын афтæ æнцон кæд нæу, уæддæр архайдзыстæм. Уый фæдыл хъæуы бирæ кусын. Ацы бæрнон бынаты та хуыздæр уаид, дзургæ — къаддæр, аразгæ фылдæр куы кæнин, уый. Цæмæй нæ архайд дæтта хорз тыллæг, уыной æмæ йæ сæхиуыл æнкъарой нæ горæты цæрджытæ, сымах — дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ… Тынг мæ фæнды, цæмæй Дзæуджыхъæу суа Ирыстоны культурон центр.

— Нæ горæты культурон царды азфысты уыди бирæ алыхуызон фестивальтæ. Сæ иу — «Хæлардзинады кафт». Уыцы фестиваль-иу бирæ фæсивæды æрбамбырд кодта, æмæ-иу сæ курдиат равдыстой. Ацы фестиваль араздзыстут дарддæр дæр, стæй йыл ног фестивальтæ бафтдзæн?

— Æз ацы куысты бынатмæ куы æрбацыдтæн, уæд мæ размæ арæзт æрцыд культурæйы управленийы куысты пълан. Уымæ гæсгæ кусдзынæн æз дæр. Фæлæ, цы фестивалæй зæгъыс, «Хæлардзинады кафт», уый уыдис тынг дзæбæх фестиваль, æмæ йæ кæд ныр нæ, уæддæр фидæны кæндзыстæм. Уымæй уæлдай ма нæм ис фæндтæ, хъуыдытæ æндæр фестивальты тыххæй. Кæд æхцайæ къуылымпы кæнæм, уæддæр, нæ бон куыд уа, афтæ архайдзыстæм. Мæнмæ гæсгæ, кафын æмæ зарын цы фæсивæды фæнды, уыдонæн хъæуы ахæм хуызы бæрæгбæттæ аразын. Цæмæй сын уа алывæрсыгæй сæ курдиат равдисыны фадат.

— Дæ административон бæрнон куыст дæхи сфæлдыстадон фæндтыл æмæ аивады фæндагыл куыд фæзындзæн?

— Зонын æй, ацы куысты уæззау, фæлæ арфæйаг уаргъ мæхимæ цæмæн райстон, уый. Фæнды мæ, иуварсæй кæсгæйæ нæ, фæлæ комкоммæ ацы бынаты фæрцы Дзæуджыхъæуы культурон цард фæхуыздæр, фæаивдæр кæнын. Мæхи сфæлдыстадон фæндагыл куы дзурон, уæд та зæгъдзынæн уый, æмæ кусдзынæн мæхиуыл куыд хореограф æмæ кафæг дæр, афтæ. Кæд уый æнцон нæу, уæддæр архайдзынæн.

— Бузныг, Алан. Дæ фæндтæ дæ къухы бафтæнт!

Ныхас ныффыста ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here