Æнæзакъон финансон операцитæ

0
5

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО видеобастдзинады фæрцы архайдта, Цæгат Кавказы федералон зылды Æнæзакъон финансон операциты ныхмæ гæрæнтæ аразæг, ведомствæты ’хсæн кусæг къорды æмбырды.

Амыдта йæ Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка. Архайдтой дзы регионты сæргълæуджытæ, профилон ведомствæты æмæ барадхъахъхъæнæг структурæты территориалон хайæдты разамонджытæ.

Æмбырды æркастысты, регионалон æмæ паддзахадон программæтæ, социалон-экономикон рæзты æмæ инвестицион проекттæ æххæст кæнгæйæ, æнæзакъон финансон операцитæ не ’руадзыны мадзæлттæм.

Юрий Чайка куыд фæбæрæг кодта, уымæ гæсгæ ныртæккæ Цæгат Кавказы федералон зылды æххæстгонд цæуынц, алы æмвæзады бюджеттæй стыр финанстæ кæмæн радих кодтой, ахæм сæдæгай программæтæ æмæ проекттæ. Уыимæ сæ, æнæрастæй спайда кæныны тасдзинад сæвзæры алы къæпхæны дæр – бадзырд саразыны фыццаг аргъæй æмæ æрмæджытæ балхæнынæй суанг баххæстгонд куыстытæ райсын æмæ æппæт бахыгъдтæн бафидыны онг. Уыцы æгъдаухæлдтытæ раиртасынц цæстдарæн-нымайæн æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнтæ.

– Бюджетон фæрæзтæ бахъахъхъæнын, ахадгæйæ сæ нысанмæ гæсгæ спайда кæнын, ахсджиаг у, цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын æмæ нæ бæстæйы рæзты хъуыддаджы дæр, – бахахх кодта Юрий Чайка.

Дарддæр ма раныхас кодтой УФ-йы генералон прокуроры хæдивæг Сергей Бажутов, УФ-йы Мидхъуыддæгты министрады паддзахадон управленийы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Цæгат Кавказы федералон зылды Николай Букин, регионты ’хсæн Финансон мониторингы федералон службæйы управленийы разамонæг Цæгат Кавказы федералон зылды Алексей Русин æмæ иннæтæ.

Æмбырды кæронбæттæны лæвæрд æрцыдысты бæлвырд фæдзæхстытæ, бæрæггонд æрцыд сæ сæххæст кæныны рæстæг дæр.

 ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here