Бæрæгбоны лæвæрттæ æмæ арфæтæ ветерантæн

0
898

Стыр Уæлахизы бæрæгбоны агъоммæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав бабæрæг кодта хæсты архайджыты иу къорды. Арфæ сын ракодта бæрæгбоны фæдыл æмæ дзы алкæмæн дæр радта зынаргъ лæвæрттæ.

Республикæйы разамонæгимæ хæсты ветеранты сæ хæдзæртты бабæрæг кодтой фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъесаты Игорь æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Администрацийы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Челæхсаты Рустем.

Битарты Вячеслав хæсты архайджыты фарста се ’нæниздзинадæй, сæ царды цæмæй тыхсынц, уыдæттæй.

Хæсты архайæг, дыккаг къорды инвалид Уырымты Æхсарбег цæры Ватутины уынджы дыууæуатон фатеры. Куыд радзырдта, афтæмæй йын Уæрæсейы федералон закъонмæ гæсгæ радтой субсиди йæ цæрæнуат фæуæрæхдæр кæнынæн, æмæ ныртæккæ ног агъуысты цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ.

Битарты Вячеслав ын зæрдæ бавæрдта, хæстæгдæр рæстæджы кæй ссардзысты фæрæзтæ цалцæггæнæн куыстытæ фæтагъддæр кæнынæн.

Золойты Владимир хæцыд Хуссар Ныгуылæн, Ныгуылæн, Цæгат-Ныгуылæн, Воронежы æмæ 1-аг Украинаг фронтты, уыд Курскы къæлæты танкты тугкалæн хæсты архайæг. Хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы, Фыдыбæстæйы хæсты 1-аг æмæ 2-аг къæпхæнты ордентæй, бирæ алыхуызон майдантæй. Дигорайæ рацæуæг иудадзыгдæр йæ хъус дары йæ районы хъуыддæгтæм, къорд азы разамынд лæвæрдта районæн æмæ йын зындгонд у разамонæджы куысты бæрнондзинад, уымæ гæсгæ Битарты Вячеславæн ракодта зæрдæбын арфæтæ йæ зын, фæлæ ахсджиаг бынаты цæмæй йæ къухы бирæ æнтыстытæ бафта, уый фæдыл.

Николай Тягун ныртæккæ цæры Дзæуджыхъæуы, фæлæ йæ хæстмæ акодтой Æрыдонæй. Республикæйы разамонæг æмæ, йемæ цы адæм уыд, уыдонæн зæрдæбын арфæ ракодта се ’рхъуыдыдзинады тыххæй, фæлæ ма кæронæй æфсæрмыгæнгæ бафтыдта, зæгъгæ, сæкæр низæй рынчынтæн хостæ дæттыны хабар хуыздæрхъуаг у. Битарты Вячеслав ын ныфс бавæрдта, уыцы хъуыддаг æвæстиатæй кæй фæхуыздæр кæндзысты, æмæ хостыл кæй нал батыхсдзæн.

Намысы орденты æххæст кавалер Виктор Коняевæн йæ хæстон фæндæгтæ райдыдтой 1942 азы  Фæскавказаг фронты цæгатаг къорды æфсæдтимæ. Хæцыдис Хуссайраг æмæ 1-аг Украинаг фронтты, ныххæццæ Прагæмæ, уым сæмбæлд Уæлахизы Боныл. Намысджын хæстонæн Битарты Вячеслав балæвар кодта инвалиды коляскæ.

Йæ бинонтæ æмæ намысджын хæстонæн та загъта, цæмæй æппындæр æфсæрмы ма кæной æмæ, цæмæйдæриддæр тыхсой, уыдон хъусын кæной хицауадмæ.

— Республикæ сæрыстыр у Викторы намысджын хъуыддæгтæй, æмæ йæ тыхсын ницæмæй бауадздзыстæм, — загъта Битарты Вячеслав.

Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ма бабæрæг кодта лæвæрттæ æмæ бæрæгбоны арфæтимæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ Лидия Коньковайы, Темирболат Зейтовы æмæ Николай Нестеренкойы.

Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here