“Рæстдзинад» — педагогон институты

0
856

Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны агъоммæ Цæгат Ирыстоны педагогон институты лингвистикæйы факультеты ирон филологийы кафедрæйы кусджытæ, сæ сæргъы кафедрæйы сæргълæууæг ДЗУСТЫ Бэллæ, афтæмæй æмæ факультеты студенттæн уыд фембæлд газет «Рæстдзинад»-ы кусджыты минæвæрттимæ.

Педагогон институт рагæй нырмæ дæр кадджын ахуыргæнæндон уыд æмæ абон дæр у. Йæ фарн ын дарддæр хæццæ кæнынц институты ректор Кучиты Людмилæ æмæ йæ алыварс цы фæлтæрдджын ахуыргæнджыты къорд æрбамбырд кодта, уыдон. Студенттæн арæх вæййы фембæлдтытæ нæ бафæзминаг разагъды адæмимæ. Уый стыр ахъаз у æрмæст ахуырадæн нæ, фæлæ æрыгон фæлтæры хъомыладæн дæр. Ацы фембæлды архайдтой газеты культурæйы хайады сæргълæууæг Цгъойты Хазби, сæрмагонд уацхæсджытæ Черчесты Хъасболат æмæ Хетæгкаты-Уаниты Оксанæ. Уазджытæн æгасцæуат загъта кафедрæйы доцент Туаты Ларисæ æмæ студентты номæй-номмæ базонгæ кодта уазджытимæ. Цгъойты Хазби бæстонæй радзырдта, абоны ирон царды газет «Рæстдзинад»æн цы стыр ахадындзинад ис æмæ газеты кусджытæ сæ редактор Битарты Маринæимæ сæ размæ цы хæстæ æвæрынц, уый тыххæй. Равзæрста абоны царды ахсджиагдæр фарстатæ æмæ арфæ ракодта фембæлды архайджытæн. — Ирон æвзагæн сæ рæстæджы балæггад кодтой бирæ арфæйаг адæм, уыдонимæ уыд æцæгæлæттæ дæр, — загъта Хазби. — Миллер иронау дзурын дæр нæ зыдта, æмæ-иу тæлмацгæнджыты æххуысæй иртæста ирон адæмы æвзаг. Æмæ йын бантыст. Уыдоны нæмттæ махæн сты хъуыдыйаг. Сымах дæр æвзагзонынадыл кусут, æмæ уын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уыцы арфæйаг хъуыддаджы уæ къухы бафтой бирæ æнтыстдзинæдтæ. Черчесты Хъасболат студенттæн дæнцæгæн æрхаста, ацы ахуыргæнæндон сæ рæстæджы цы кадджын адæм каст фесты, уыдоны нæмттæ: Мамсыраты Дæбе, Бесаты Тазе, Хъайтыхъты Геор, Плиты Грис, Мыртазты Барис, Хъайттаты Сергей, Кочысаты Мухарбег, Тохты Иван, Калоты Хазби, Мæрзойты Сергей, Гадаты Лазыр, Хетæгкаты Хъазыбег, Кокайты Тотрадз, Дауыраты Дамир, Чеджемты Геор, Чысиаты Владимир æмæ бирæ æндæр зындгонд адæм. Бафæдзæхста сæ, педагогон институт у ирон культурæ æмæ аивады авдæн æмæ цæмæй йæ фарн ма фесæфа, уый сымахæй аразгæ у, зæгъгæ. Йæ хъуыдытæ фæсивæдæн загъта газеты æрыгон журналист Хетæгкаты Оксанæ дæр. Уый йæхæдæг дæр кæддæр каст фæцис ацы уæлдæр ахуыргæнæндон. — Сымахыл ис стыр хæс æвæрд, — загъта студенттæн Оксанæ,— уæ дипломтæ куы райсат, уæд кусынмæ ацæудзыстут скъолатæм, æмæ уыдзыстут нæ ныфс. Алы сывæллонмæ æмæ алы хæдзармæ дæр хæццæ кæндзыстут ирондзинады фарн æмæ уæ курын, цæмæй йæ сыгъдæг цæсгомæй æххæст кæнат. Студенттæм цы фæрстытæ сæвзæрд, уыдонæн дзуапп лæвæрдтой уазджытæ. Фæндыд сæ базонын, цавæр хъуамæ уа ирон лæг? Абон телеуынынадæй нæ эстрадон зарæггæнджытæ цы зарджытæ кæнынц æмæ цы æнаив клиптæ исынц, уыдонæн æвдисæн ис æви нæй? Куыд арæх фыссынц газеткæсджытæ редакцимæ? Æмæ бирæ æндæр фæрстытæ цымыдис кодтой студентты, уыдонимæ ирон адæмы бæрæгбæттæ бæрæг кæныны уаг дæр. Уазджытæ сын радтой зæрдæмæдзæугæ дзуаппытæ. Æрхастой дæнцæгтæ газеты æрвылбоны куыстæй, нæ фыдæлты историйæ æмæ сæхи цардæй. Студенттæ газет «Рæстдзинад»-ыл иузæрдион кæй сты, уый дызæрдыггаг нæу. Фембæлды рæстæг ныхасы æвзæрстой, газеты цы æрмæджытæ рацыд, уыдон. Уазджытæн тынг æхсызгон уыд æмæ сæ дисы бафтыдта, Дзусты Бэллæ йæ хъæздыг æмæ бæркадджын æвæрæнтæй, газет «Рæстдзинад»-ы алы рæстæджыты цы æрмæджытæ рацыд, уыдон хицæн æмбырдгæндтæ куы рахаста, уæд уый. Бæзджын чиныгарæзтæй æддæмæ зындысты, рæстæджы фæлм кæуыл æрбадт, уыцы бур-бурид газетæй лыггонд сыфтæ. «Ахæм æмбырдгæндтæ нæ студенттæй ис алкæмæ дæр, — загъта Бэллæ. — Мах æппынæдзух пайда кæнæм уæ æрмæджытæй нæ урокты. Студенттæ сты ифтонггонд «Рæстдзинад»-ы хъæздыг æмæ мидисджын æрмæджытæй. Уыцы æвæрæнтæ сын пайда уыдзысты, дарддæр скъолатæм кусынмæ куы ацæуой, уæд дæр». Уазджытæ æмæ фысымтæ тынг разыйæ баззадысты ацы фембæлдæй.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here