Уæрæсейы чемпионат — Дзæуджыхъæуы

0
1058

24 майы Дзæуджыхъæуы Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуан «Манеж» æгасцуай зæгъдзæн уæззау атлетикæйæ Уæрæсейы чемпионатæн.

Ирыстонмæ сæ хъару равдисынмæ ссæудзысты нæ бæстæйы æппæты тыхджындæр штангисттæ сылгоймагæй, нæлгоймагæй. Ацы азы чемпионат Олимпаг хъæзтыты агъоммæ кæй цæуы, уый тыххæй йæ ахадындзинад у уæлдай тыхджындæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм стыр æмæ ахсджиаг ерыстæн хъæуы æмбæлгæ уавæртæ скæнын, æмæ уый тыххæй арæзт æрцыд сæрмагонд комитет. РЦИ-Аланийы уæззау атлетикæйы федерацийы президент Тасойты Æхсары куы бафарстам: «Куыд цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ?», уæд нын загъта: «Ахæм бæрнон ерыстæ, уæлдайдæр та Олимпаг хъæзтыты аз, махмæ Ирыстоны кæй цæудзысты, уый дзæгъæлы нæу. Амæй размæ ма махмæ цы Æппæтуæрæсеон ерыстæ цыдис (уыдонимæ фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат), уыдон æнæкъуылымпыйæ æмæ алцæмæй æмбæлгæ уавæрты кæй ацыдысты, уый хорзыл банымадтой нæ бæстæйы спортивон хицауад. Ныр дæр архайæм, цæмæй нæ уазджытæ разыйæ баззайой, ууыл. Æдæппæт нæм æрцæудзæн 300 уазæджы: спортсментæ, тренертæ, тæрхонгæнджытæ, спортивон кусджытæ, æмæ мах се ‘ппæтæн дæр хъуамæ саразæм æмбæлгæ уавæртæ. Мæ зæрдæ дарын, кæй сарæхсдзыстæм, ууыл. Нæ фарсмæ æрбалæууыдысты республикæйы æмæ горæты хицауад, нæ хæлæрттæ, æмæ æмдыхæй хъуамæ нæ хъуыддаг фæрæстмæ уа. Ерыстæ цымыдисаг кæй уыдзысты, уый æнæмæнг у, æмæ мæ фæнды, спортуарзджытæ æнæзивæгæй куы æрбацæуиккой сæ фенынмæ, уый». Чемпионаты архайдзысты 10 ирыстойнаг атлеты. Уыдон ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц нæ республикæйы иугонд командæйы тренерты разамындæй. Уыдонæй уæлдай ма спортивон ахуырты вæййынц штангисттæн сæхи фыццаг тренертæ дæр. Уыдон лæмбынæг кæсынц, сæ хъомылгæнинæгтæ æрвылбоны тренировкæты ногæй-ногмæ куыд архайынц сæ дæсныдзинад бындурондæр кæнынмæ, уымæ. Рæстæгæйрæстæгмæ тренертæ сæ хъомылгæнинæгтæн ацамонынц, дарддæр цæуыл кусын хъæуы, уый. Æмæ та уыдон дæр сæ уæззау куыстмæ æнæзивæгæй ногæй бавналынц. Æвæдза цал æмæ цал тоннæйы сисынц ацы лæппутæ æмæ чызджытæ сæ æрвылбоны тренировкæты! РЦИ-Аланийы иугонд командæйы сæйраг тренер Дзбойты Петр, нæ командæ куыд цæттæ кæны йæхи, уый тыххæй загъта: «Амæй размæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæ республикæйы спортсментæй чемпионаты архайдзысты 7 лæппуйы æмæ 3 чызджы. Чызджытæ сты спорты сгуыхт мастер Тъуриты Тимæ (63 кг): спорты мастертæ Хъайтыхъты Аллæ (63 кг) æмæ Мстиаты Дианæ (+75 кг). Сæ тренертæ сты Золойты Хъазыбег, Тогойты Вадим æмæ Æхсар. Нæлгоймæгты ерысты архайдзысты дунейы 2 хатты чемпион, спорты сгуыхт мастер Æлбегаты Руслан (+105 кг), дунеон къласы спорты мастертæ Хуыгаты Хетæг (94 кг), Наниты Тимур (105 кг), Дмитрий Петров (85 кг). Спорты мастертæ: Александр Сафарян (85 кг), Къæбысты Артур (105 кг) æмæ Катауты Сослан (+105 кг). Чызгæй, лæппуйæ не спортсментæ куыд кусынц, уымæй сæм фау æрхæссæн нæй. Æнæзивæгæй æххæст кæнынц, тренертæ сын цы хæстæ дæттынц, уыдон. Мемæ ам кусынц нæ зындгонд тренертæ иууылдæр: Золойты Хъазыбег, Æлборты Руслан, Наниты Руслан æмæ Феликс, Карсанаты Владимир, Акъоты Артур, Бидеты Алан, Тогойты Вадим æмæ Æхсар, Æлборты Олег æмæ Вадим. Иу ныхасæй, нæ тренертæ иууылдæр цæттæ сты се ‘ххуысы хай бахæссынмæ. Æз бузныг зæгъын нæ республикæйы Физкультурæ æмæ спорты министрадæн, чемпионатмæ цæттæгæнæн æмбырдтæн нын хорз уавæртæ кæй сарæзтой, уый тыххæй, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ федерацийы президент Тасойты Æхсарæн. Уый архайы, цæмæй мацы хъуаг уæм, ууыл, æмæ йын мах зæгъæм стыр бузныг. Ерыстæ æнæмæнг уыдзысты цымыдисаг, уымæн æмæ 1-аг бынат бацахсыныл алы уæзы дæр цæудзæн ахъаззаг тох. Мах нæ зæрдæ дарæм, цыппар уæзы 1-аг бынæттыл кæй тох кæндзысты ирыстойнæгтæ, ууыл. Ирыстонмæ ссæудзысты Уæрæсейы æппæты тыхджындæр æмæ, зындгонддæр атлеттæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ спортуарзджытæй ерыстæ фенынмæ чи æрбацæуа, уыдон фыдæнхъæл нæ фæуыдзысты». Æнæмæнг, уый уыдзæн спорты стыр бæрæгбон нæ республикæйы. Уæлдай æхсызгондæр та уыдзæн, уыцы стыр бæрæгбоны фесгуыхæг домбай фæсивæды ‘хсæн Ирыстоны лæппутæ æмæ чызджытæ дæр куы уой, уæд. Бантысæд сын!

БАСКАТЫ Уырызмæг

КЪÆБЫСТЫ Харитоны ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here