Медицинæйы риссагдæр фарстатæ

0
1011

Знон Хицауады хæдзары уыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон кусæндæтты архайдмæ цæстдарæг къамисы æмбырд. Æмбырды сæрдариуæг кодта РЦИАланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав.

Фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз æмæ республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дзанайты Барис. Алы ведомствоты минæвæрттæ цы къамисы сконды кусынц, уый арæзт æрцыд республикæйы разамонæджы хъæппæрисæй. Ног структурæйы нысан у бæлвырд æркæсын æмæ аргъ скæнын Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон кусæндæтты архайдæн. Къамисы уæнгтæ сты Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ Финансты министрадты, Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территорион фонды, Тарифты регионалон службæйы, РЦИАланийы Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ æндæр структурæты минæвæрттæ, стæй медицинон кусæндæтты разамонджытæ. Къамис арæзт æрцыд иу мæйы размæ, æмæ йын ныр, йæ архайдмæ æркæсгæйæ, республикæйы разамонæг загъта: «Мæ зæрдæ дардтон, къамис бæстон кæй æркæсдзæн, республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы цы уавæр сæвзæрд, уымæ, стæй къуырцдзæвæнæй рацæуыны фæдыл бæлвырд фæндæттæ кæй бацæттæ кæндзæн, ууыл. Фæлæ, къамисы куысты æрмæджытимæ базонгæ уæвгæйæ, ацы къабазы бирæ лыггæнинаг фарстатæн дзуаппытæ не ссардтон. Къамисы дзуаппы мæ фæндид фенын хосты æргъты, коммуналон фиддонты æмæ иннæ ахæм хъуыддæгты фæдыл бæстон æмæ æххæст информаци». Битары-фырт бирæ фаутæ æрхаста медицинон кусæндæтты архайдмæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, бирæ рынчындæтты раздæрау фаг нæй хостæ, медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинад дæр домæнты аккаг нæу. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй дарддæр быхсæн нал ис, медицинон кусæндæтты электрон тых, дон æмæ хъарм нымайæн счетчиктæ кæй нæй, уымæн дæр. Паддзахадон фæрæзтæ куыд хардзгонд цæуынц, уымæ цæстдард нæй. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, ууыл бæрнон фыццаджы-фыццагдæр хъуамæ уой медицинон кусæндæтты разамонджытæ. Республикæйы разамонæг æмбырды архайджыты æргом сæрмагондæй аздæхта, медицинон кусæндæттæ куыд хъахъхъæд цæуынц, уымæ дæр. Битары-фырт куыд радзырдта, афтæмæй йæхæдæг федта ахæм ныв: рынчындонмæ бацæуæны чи лæууыд, уыцы хъахъхъæнæг æхцайыл мидæмæ уагъта машинæтæ. Уыимæ, æдасдзинады домæнтæм гæсгæ куыд æмбæлы, афтæ иу хæдтулгæ дæр нæ басгæрста. Террористон фæзындтытæй бынтон æдас кæй не стæм, уыцы æууæл хынцгæйæ, ахæм æбæрнондзинадæн бынат хъуамæ ма уа. Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы бирæ фарстатæ бамбырд ис. Уыдон алыг кæнынæн агурын хъæуы ног, хъомысджын мадзæлттæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы организацион фарстатæ бæлвырд чи зоны, ахæм дæсны специалисттæ. Уыцы уавæрты архайгæйæ, Битарты Вячеславы ныхасмæ гæсгæ, раст уаид бæстæйы хуыздæр институттæм ахуырмæ арвитын, фæстæдæр республикæйы медицинæйы уавæр хуыздæрæрдæм чи фæива, ахæм фæсивæды.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here