РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта, Дзæуджыхъæуы Фæсивæды галуан «Электрон»-ы чи уыд, республикон фæсивæдон форумы пленарон æмныхасы.
Фембæлды сæйраг темæ уыдис презентаци æмæ ныхас Цæгат Ирыстоны Фæсивæдон политикæйы рæзты стратегийыл, бацæттæ йæ кодта регионы фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дзгойты Станислав. Концепци арæзт у æрыгон адæймæгты хъæппæристæн æххуыс æмæ сын, социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы проекттæ сæххæст кæнынмæ уавæртæ саразынмæ.
Сергей Меняйло базонгæ ис регионы æхсæнадон царды архайæг æнæкоммерцион фæсивæдон организациты проекттимæ. Уыдон рамбылдтой грантты æххуысæй – 20 æнæкоммерцион организацийы, сæ æртæазон архайды руаджы Ирыстонмæ æрбаздæхтой 100 милуан сомæй фылдæр. Уымæй уæлдай ма РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг аныхас кодта активисттимæ, дзуаппытæ сын ратта сæ фарстатæн.
– Абон сымах нæ фидæн стут, нæ рæстæджы размæцыд сымахæй аразгæ у, æмæ мæн уырны, алцыдæр уæ къухы кæй бафт-дзæн. Разæй уæ алкæмæн дæр ис йæхи фæндаг, ис уын фадæттæ æмæ гæнæнтæ. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы фæндаг алкæд лæгъз æмæ хуымæтæг нæ вæййы. Æмæ, цæмæй уæ хъуыддæгтæ фæрæстмæ уой, уæ бæллицтæ сæххæст уой, уый тыххæй архайын хъæуы, тыхтæ æмæ зонындзинæдтæ бахардз кæнын. Уæ зæрдыл дарут: искæд куы фæуыргъуыйау уат, цы кæнат, уый куы нæ зонат, уæд-иу размæ акъахдзæф кæнут. Сæйрагдæр – иу ран ма лæуут. Мæ зæрдæ уын зæгъы стыр æнтыстдзинæдтæ. Мах та уын алкæддæр баххуыс кæнынмæ цæттæ стæм. Фæлæ алцыдæр уæхицæй аразгæ у, уæ бæрнондзинад æмæ хъаруйæ, цы хъуыддаг райдыдтат, уый кæронмæ ахæццæ кæныныл зæрдиагæй архайгæйæ. Ирыстоны фæсивæд иу æмæ дыууæ хатты ирдæй нæ равдыста, стыр хъуыддæгтæ аразын йæ бон кæй у, уый. Уырны мæ, ацы форум ма уымæн иу æвдисæн кæй у. Аразут æмæ архайут! — арфæ ракодта Сергей Меняйло.
Пленарон æмныхасы ма архайдтой РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Уæрæсейы æхсæнад «Зонынад»-ы («Знание») лектортæ космонавт, Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыр Александр Лазуткин æмæ журналист, Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæг Анна Грушина.
Александр Лазуткины ныхасы сæйраг хъуыды уыдис, фæсивæды фидæн æнгом баст кæй у Уæрæсейы адæмты иудзинадимæ. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æхсæнады кæрæдзийы нымайын æмæ æмбарыны сæйраг рахæцæнтæ сты кæрæдзийы культурæйы хицæндзинæдтæ æмæ историмæ цымыдисдзинад æмæ уыцы фæлтæрддзинад фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын.
Журналист Анна Грушина та радзырдта, Цæгат Ирыстонмæ балц ын цы ‘нкъарæнтæ балæвар кодта, уыдоны тыххæй, нæ республикæйы фæсивæд ма йын йæ зæрдыл иу хатт æрлæууын кодта бинонты ахастдзинæдтæ æмæ фæлтæрты бастдзинады егъау нысаниуæг царды.
Стратегийы сæрмагонд бынат ахсы фæсивæды æнæлыггонд фарстатыл дзурынæй хъуыддагмæ, практикон æгъдауæй хъæппæристæ æххæст кæнынмæ рахизын. Уыцы хынцинаг та хъуамæ æххæст кæной форумы къорд здæхты. Форум «Араз æмæ Архай» («Создавай и действуй») иу кæны, сæхи муниципалитеттæн эксперттимæ иумæ проект-тæ аразынмæ цæттæ чи у, ахæм æрыгон адæймæгты. «Социалон проекттæ аразыны скъола» («Школа социального проектирования») йæ архайджытæн фæахъаз уыдзæн сæйраг хъуыдытæй хъæппæристæ аразынæн, «Проект 48 сахатмæ» («Проект за 48 часов») æмæ «Сæйраг хъуыдыйæ йæ бахъахъхъæнынмæ» («От идеи до защиты»), зæгъгæ, уыцы интенсивтæ та сын æххуыс уыдзысты сæ хъуыдыйæ гранты заявкæ бацæттæ кæнынмæ рахизынæн.
Форум «Араз æмæ Архай» у, хицаудзинады минæвæрттæ, экспертон æхсæнад æмæ фæсивæдæн фембæлын æмæ хъуыддаджы ныхас кæныны фæз. Мадзалы программæйы нысан у, æрмæст ахсджиаг фарстатыл аныхас кæнынæн нæ, фæлæ, Цæгат Ирыстоны горæттæ æмæ хъæуты сæххæст кæнын кæй æмбæлы, ахæм бæлвырд хъæппæрис-тæн æххуыс раттынæн.
ГАПБАТЫ Алетæ,
къамтæ систа Татьяна ШЕХОДАНОВА














