Æхсæз боны дæргъы нæ республикæйы сæйраг спортивон галуан «Манеж»-ы цы ерыстæ уыди уæззау атлетикæйæ, уыдон уыдысты æцæг стыр спортивон бæрæгбонау. Уæрæсейы æппæты тыхджындæр нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ тох кодтой нæ бæстæйы чемпионы ном райсыныл. Алы уæзы дæр цалдæргай амæй-ай сæрæндæр спортсмены тох кодтой æз-фæраздæроныл. Уый тыххæй та хъуыди дæ ныхмæлæууæгæй иу кæнæ цалдæр килограммы фылдæр сисын. Æвæдза, æнцон нæу дæхи уæзæй дыууæ-дыууæ æмæ ‘рдæг хатты уæззаудæр штангæйыл фæтых уæвын!
Ирыстоны спортуарзджытæ зæрдиаг цин кодтой алы рæттæй æрбацæуæг спортсментыл. Уый рахатыдтой нæ уазджытæ æмæ æмхъæлæсæй дзырдтой, Ирыстоны хуызæн спортсменты фыдæбонæн аргъ кæнын никуы зонынц, зæгъгæ. Уый афтæ у, фæлæ уæддæр уæлдай æхсызгондæр вæййы, тыхджындæртимæ ирыстойнаг фæсивæд куы вæййынц, уæд. Нæ фæсивæдæй фыццаг фесгуыхтысты нæ чызджытæ Тъуриты Тимæ æмæ Мстиаты Дианæ. Тимæ 63 кг уæзы ерыс кæнгæйæ, зынгæ тыхджындæр уыди йæ ныхмæлæуджытæй æмæ ссис Уæрæсейы чемпионкæ. Тынг хæстæг уыди уыцы ном райсынмæ уæззау уæзы ерыс кæнгæйæ Мстиаты Дианæ дæр, фæлæ йæ фæстаг уæз риуæй æсхойгæйæ чысыл рæдыд æруагъта æмæ сыгъзæрин майданы бæсты райста «бронзæ». Æнæмæнг, нæ æрыгон курдиатджын спортсменкæйæн уый у æнтыстдзинад. Спортуарзджытæ уæлдай цымыдисагæй æнхъæлмæ кастысты сабат æмæ хуыцаубоны ерыстæм. Уыцы бонты хъуамæ ерыс кодтаиккой нæ тыхджындæр фæсивæд, æмæ уыдон нæ фæсайдтой сæ иузæрдион фарсхæцджыты. Сабаты ерысты архайдтой 94 æмæ 105 кг уæзы атлеттæ. 94 кг уæзы Олимпаг балцæг райсыныл нæ зæрдæ тынг дардтам Æлборты Руслан æмæ Оледжы æвæджиауы курдиатджын хъомылгæнинаг Хуыгаты Хетæгыл. Хетæг фыццаг хуызы ист кæнынмæ рацыд 170 кг уæз штангæмæ. Ахæм уæз уымæн у райдайæн фæлварæнау, фæлæ æнæнхъæлæджы йæ архайд нæ фæрæстмæ æмæ ацы хатт æнæ хæрзиуæгæй баззад. Куыд рабæрæг, афтæмæй Хетæджы æвиппайды бахъыгдардта йæ раздæры низ. Уырны нæ, ацы курдиатджын лæппу фæстæдæр стыр уæлахизтæм кæй схиздзæн, уый. Йæ уæзы 1-аг бынат бацахста Адам Мамегов (401 кг). Спортуарзджытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг фæхъыг кодтой Хетæджы къуыхцыйыл, фæлæ сын чысыл фæстæдæр сæ зæрдæтæ барухс кодтой Наниты Тимур æмæ Къæбысты Артур. 105 кг уæзы Наниты Тимур равдыста, Олимпаг хъæзтыты архайынмæ цæттæ кæй уыдзæн, ахæм бæрæггæнæнтæ. Штангæ уыцы-иу ист кæнгæйæ Тимур фæтых ис 192 кг. 2-аг бæрæггæнæн равдыста Александр Чепиков, Тимурæй — 9 килограммы къаддæр. Ацы хуызы истæй Къæбысты Артур равдыста 170 кг. Дыккаг хуызы исгæйæ Тимурæн бантыст сысхойын 230 кг æмæ æнæдызæрдыгæй рамбылдта 1-аг бынат. Дыууæ хуызы истæй Тимур равдыста 422 кг. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Тимур райста балцæг Олимпаг хъæзтытæм цæуынмæ! Тимуры хæд фæстæ 2-аг къæпхæнмæ схызти Къæбысты Артур. Уый дыууæ хуызы систа 388 кг. Æртыккаг бынатмæ рацæуæг Александр Чепиков дæр равдыста Артуры бæрц (388 кг), фæлæ йæ уæз фылдæр кæй уыд, уымæ гæсгæ райста бронзæ майдан. Æппæты уæззаудæр æмæ тыхджындæр атлетты ерысты размæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав нæ зындгонд спортсменкæ, Олимпаг хъæзтыты 2-аг бынат бацахсæг, дунеон чемпионаты уæлахиздзау Цæрукъаты Светланæйæн саккаг кодта паддзахадон хæрзиуæг «Ирыстоны намыс». Йæ цыбыр раныхасы Битары-фырт загъта: «Сымах, спортсментæ, кæнут стыр фыдæбон нæ Ирыстоны æмæ Уæрæсейы кадæн æмæ уый махæй рох никуы уыдзæн». Уæззау уæзы цы фæсивæд рацыд ерыс кæнынмæ, уыдоны ‘хсæн уыдысты нæ дунейы 2-хатты чемпион Æлбегаты Руслан æмæ Катауты Сослан. Æлбегаты Руслан дыууæ хуызы истæй 455 килограммы куы равдыста, уыимæ дыккаг хуызы йæ риуæй 255 кг куы сысхуыста, уæд залы бадджытæ фыр цинæй сæ бынæттæй фæгæппытæ кодтой! Руслан йæ бæрæггæнæнтимæ — 455 кг (200+255) бацахста фыццаг бынат. Йæ хæд фæстæ 2-аг къæпхæнмæ Катауты Сослан кæй схызт 411 кг (185+226), уый дæр æхсызгон куыд нæ уыд. Афтæмæй фидарæй зæгъæн ис, Ирыстоны уæззау атлеттæй æртæ: Тъуриты Тимæ, Наниты Тимур æмæ Æлбегаты Руслан Олимпаг хъæзтытæм балцæгтæ райстой. Ныр нæ тренертæ: Дзбойты Петр, Золойты Хъазыбег, Наниты Руслан, Тогойты Вадим, Кодзырты Марат æмæ иннæтæ нæ фæсивæды цæттæ кæндзысты Олимпаг хъæзтыты ерыстæм. Уæрæсейы уæззау атлетикæйы федерацийы вицепрезидент Максим Агапитов загъта: «Æз стыр бузныг зæгъын Ирыстоны разамындæн æмæ Хицауадæн. Диссаджы хорз сарæхстысты ерыстæ рæсугъд саразынмæ. Искуы Уæрæсейæн хæсгонд куы æрцæуа дунеон кæнæ европæйаг ерыстæ саразын, уæд курдзыстæм, цæмæй Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæуой, уый». БАСКАТЫ Уырызмæг














