Знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд республикæйы кæфтыты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы къордимæ. Йæ нысан уыд хи цæстæй фенын æмæ фæбæрæг кæнын, ансамбль цы уавæрты архайы, бафæрсын, цæмæй æййафынц къуылымпыдзинæдтæ, цæмæй сæм хъæуы фæкæсын æмæ сæ дарддæры архайды фæдыл æрныхас кæнын.
Фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады администрацийы сæргълæууæг Челæхсаты Рустем, Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Огъуаты Алан, РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæдивæг æмæ ацы къорды раздæры аивадон разамонæг Къубалты Эльбрус, стæй дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ. Ансамблы артисттæ равдыстой сæ арæхстдзинад кафты. Битары-фырт сын арфæ ракодта æмæ загъта: — Сымах уæ æнæбафæзмгæ аивадæй Ирыстонæн кæнут стыр кад. Гастрольты куы вæййут, уæд уæ номæй фæкæнынц аргъ ирон адæмæн. Æрвылаз Уæрæсейы номæй фæархайут æппæтдунеон фестивальты æмæ уæ арæхстдзинад æмæ æнтыстытæй дæн зæрдæрай. Зонын æй, уæ мызд стыр нæу. Уыцы уавæры æрмæст сымах не стут. Ирыстонæн йæ уавæртæ домынц хуыздæрмæ ивддзинæдтæ. Уымæн та хъæуы рæстæг. Рæхджы æркæсдзыстæм уæ фæндæттæм, æмæ уын дзырд дæттын, кæй сæ сæххæст кæндзыстæм. Ныр та уал бахъахъхъæнын хъæуы «Алан»-æн йæ раздæры кад æмæ уæлдæр æмвæзадмæ сисын нæ аив кæфтытæ. Хъыгагæн, культурæйы кусджытæ Ирыстоны стыр мызд никуы истой, фæлæ сæ Фыдыбæстæ æмæ аивадмæ уарзондзинад разæнгард кодта. Уый у махæн хъуыдыйаг. Ансамблы аивадон разамонæг Сихъоты Тимур арфæ ракодта Битарты Вячеславæн. Цы бæстыхайы кусынц, уый у цалцæггæнинаг. Алы кафтæн дæр ис сæрмагонд уæлæдарæс, уыдонæн дæр сæ уавæр сæ хæрзтæй нæу, уымæн æмæ сæ артисттæ æстдæс азæй фылдæр кафынц, æмæ сæ ногтæй раивын кæм къух нæ амоны, кæм — дзыпп. Фæстагмæ ма «Симд»-мæ, балхæдтой разгæмттæ æртæ азы размæ, ансамбль йæ юбилей куы бæрæг кодта, уæд. Уæлæдарæсæн сæ зынаргъдæртæ сты «Симд»-ы разгæмттæ. Иу разгомы аргъ у 100 000 сомы. Цухъхъайы аргъ та гыццыл асламдæр — 80 000 сомы. Битары-фырт зæрдæрухсæй нæ рацыд ансамблы гардеробæй. Ныфс бавæрдта, кæфтытæн ног дарæс кæй балхæндзысты, уымæй. Æркæсинаг у гастрольты цы зæронд автобусы фæцæйцæуынц дард фæндагыл, уый дæр. Нæ дзы сулæфæн вæййы тæвд бон, нæ дзы æхсæв нæ баулæфдзынæ. Ансамблы артисттæ цæттæ сты, сæ ахадындзинад уæрæх кæмæн у ахæм дунеон фестивальты арæхдæр архайынмæ æмæ Битарыфыртæй куырдтой ацы хъуыддагмæ дæр йæ хъус æрдарын. Уый ахъаз уыдзæн, канд ансамблы артисттæн нæ, фæлæ нæ республикæйы кадæн дæр. Битарты Вячеслав дзуапп радта оркестры музыканттæ æмæ кафæг фæсивæды фæрстытæн.
ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ














