Знон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав фембæлд Республикæйы граждæнтимæ.

0
889

Иннæ хæттыты куыд вæййы, афтæ ныр дæр бирæ адæм æрбацыдысты сæ тыхстаг фарстатимæ.

Гæнæн ис æмæ Раздзоджы фæзына ног Культурæйы хæдзар. Раздзоджы ахæм объект саразын кæй хъæуы, ууыл Битарты Вячеслав ныхас кодта хъæуы разамонæг Дзодзиаты Черменимæ.

Фарста алыг кæныны нысанимæ республикæйы Культурæйы министрад хъуамæ бацæттæ кæна æмбæлгæ документтæ. Уымæй уæлдай, фембæлды рæстæг уынаффæ хаст æрцыд хъæуы амбулаторийæн кардиограф балхæныны тыххæй. Физикон культурæ æмæ спорты министрад та хъæуы скъолайæн хъуамæ балхæна хъæбысæйхæцæн гауыз æмæ æндæр спортивон ифтонггæрзтæ.

Фембæлдмæ чи æрбацыд, уыдонæй иу уыд УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг Темыраты Андрей. Уый æххуыс ракуырдта Кавказы Минералон Дæтты санаторитæй иумæ балцæг балхæныны хъуыддаджы. «Республикæйы хъæууон хæдзарады къабазы райрæзтыл 50 азæй фылдæр чи фæкуыста, æмæ ныртæккæ инвалид чи у, уыцы адæймаг æнæ æххуысæй нæ баззайдзæн», — зæрдæ бавæрдта Битарты Вячеслав.

Æрыдоны цæрæг Годжыцаты Зæлинæйы курдиат та у, цæмæй йæ сывæллæттæ цæуой иу рæвдауæндонмæ. Сылгоймаг ацы фарстайы фæдыл бацыд районы разамындмæ дæр, фæлæ хъуыддаг нæ сырæзыд. Фарста алыг кæныны хæс ныр бакодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Администрацийы Адæмы курдиæттимæ кусæг управленийы бæрны.

Æстæм къласы ахуырдзау Чысиаты Ибрагимæн та республикæйы разамонæг балæвар кодта ног компьютер. Лæппу иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ кæй ахуыр кæны, уый базонгæйæ, Битары-фырт загъта: «Ахæм лæппуйæн йæ курдиат æххæстгæнгæ у. Мæ зæрдæ дын зæгъы, цæмæй ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ бафтой дæ къухы».

Æхцайы æххуыс радих кæндзысты, æрæджы операци кæмæн скодтой, уыцы рынчын лæппуйæн дæр – ныр ын хъæуы реабилитаци скæнын.

Уыцы бон республикæйы Сæргълæууæгимæ фембæлдмæ чи æрбацыд, уыцы адæмæй алкæмæндæр йæ курдиаты фæдыл бæлвырд уынаффæ хаст æрцыд.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here