Дæллаг Санибайы скъола хъуамæ сцæттæ уа 1 августмæ

0
814

Дæллаг Санибайы астæуккаг скъолайы арæзтад куыд цæуы? Уый сбæлвырд кæныны нысанимæ знон арæзтады бынат бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Премьер-министримæ бынаты уыдысты республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сæлбиты Зитæ, Горæтгæрон районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан æмæ хъæуыхицау Хынцæгты Федыр. Скъолайы бæстыхæйттыл æрзилгæйæ, Тускъаты Таймураз подрядон организацийы минæвæртты æргом аздæхта, объекты ма сын цы куыстытæ бакæнинаг ис, уыдонмæ. Уыимæ, премьерминистры ныхасмæ гæсгæ, скъолайы арæзтад фæуыны æмгъуыд 1 июлæй фæфæстæдæр уыдзæн. «Арæзтадæн фаг æхца дихгонд кæй нæ цæуы, ахæм ныхæстæн бындур нæй. Хъæуы æрмæстдæр бæстондæр цæстдард Хицауад æмæ бынæттон хиуынаффæйады ‘рдыгæй»,— бафиппайдта Тускъайыфырт. Объект эксплуатацимæ хъуамæ радтой 1 августмæ — ахæм нысан сæвæрдта Хицауады Сæрдар. Хæстæгдæр рæстæг подрядон организаци хъуамæ сфидар кæна кæронбæттæн куыстыты график. Проектмæ гæсгæ скъолайы уыдзæн 200 бынаты. 2000 адæймаджы бæрц кæм цæры, ахæм хъæуæн уый фаг у. Уыимæ, скъолайы бынат уыдзæн уæлæмхасæн ахуырады къордтæн дæр — ацы æууæл ахсджиаг у ахуырадонхъомыладон куысты хæрзхъæддзинад бæрзонддæр кæнынæн. Скъолайы арæзтады иумæйаг аргъ у 120 милуан сомы бæрц (уыдонæй 110 милуаны — федералон бюджеты хардзæй, 10 милуаны та — республикæйы хардзæй).

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here