Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæнмæ ‘ввахс контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы фæстаг рæстæг цы уавæр сæвзæрд, уый банывыл кæныны фæдыл цы æвæстиат мадзæлттæ саразын хъæуы? Уыцы нысанимæ «Уæллаг Ларс» знон бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав.
Республикæйы разамонæг бынаты ныхас кодта, арæны сæрты цæуынвæнд чи скодта, уыцы бæлццæттимæ, байхъуыста сын сæ фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæм. Фæстæдæр Битарты Вячеслав уавæр банывыл кæныны фæдыл бынаты сарæзта сæрмагонд æмбырд. Фембæлды архайдтой Таможняйы федералон службæйы Цæгат Ирыстоны управленийы хицау Сергей Троцко, УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы РЦИ-Аланийы управленийы хицау Андрей Журавин, УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады РЦИ-Аланийы Сæйраг управленийы хицау Александр Хоружий, Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков, республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Реуазты Таймураз, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй июны Гуырдзыстоны цы тыхджын къæвдатæ æмæ лæсæнтæ уыд, уыдоны аххосæй Арвыкомы фæндаджы иу хай хъыгдард баййæфта. Уыцы æрдзон фыдбылызы фæстæ фæндаг дзæвгар рæстæг уыд æхгæд. Æмæ кæд цалцæггæнæн куыстытæ ныр дæр ма нæ фесты, уæддæр фæндаг 6 июлæй фæстæмæ рæстæгмæ уагмæ гæсгæ (ома, райсомæй изæрмæ) кусы. Фæлæ сæрд кæй у æмæ ацы афон паддзахадон арæны сæрты цæуæг транспорт æмæ бæлццæтты нымæц зынгæ кæй сырæзы, уый аххосæй контролон-уадзæн пунктыл бирæ адæм æмæ хæдтулгæтæ бамбырд вæййы. Ахæм уавæр, кæй зæгъын æй хъæуы, бæлццæтты тыхсын кæны. Сæвзæргæ уавæры тыххæй сæ хъуыдытæ загътой æппæт службæты минæвæрттæ дæр, бахастой сæ фæндæттæ, стæй радзырдтой ныртæккæ бынаты цы арæзт цæуы, уыдæтты тыххæй. Къуырцдзæвæнæй рацæуыны нысанимæ Битарты Вячеслав æмбырды архайæг ведомствотæ æмæ министрадты разамонджытæн радта бæлвырд амынддзинæдтæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, «Уæллаг Ларс»-ы фарстатæ алыг кæнынæн хъæуы федералон центры æххуыс дæр. Уымæй уæлдай, æмбырды куыд загъдæуыд, афтæмæй сæвзæргæ уавæрмæ хъæуы иудадзыг æхсæнадон цæстдард дæр. Бæлццæтты цы хъуыддæгтæ тыхсын кæнынц, уыдоныл хъæуы дзурын. Уымæн ахъаз уыдзæн, фембæлды рæстæг цы телефоны номыр фехъусын кодтой, уый дæр. Контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы куысты фæдыл æппæт сæвзæргæ фарстаты тыххæй дæр бадзурæн ис Арæнхъахъхъæнæг управленийы оперативон радгæсмæ ахæм номырæй: 50-56-32. Уавæр банывыл кæнынæн арæзт цæуы æндæр мадзæлттæ дæр.
СЛАНТЫ Аслан