Æдасæй, æнæнизæй, хъæлдзæгæй…

0
798

10 июлы сывæллæтты дзæбæхгæнæн-фæлладуадзæн лагерь «Металлурджы» райдыдта сæрдыгон улæфæн рæстæджы дыккаг рад. Ноджыдæр ма 170 лæппу æмæ чызджы баулæфдзысты 18 боны алæмæты диссаджы Куырттаты комы хъæбысы, хъæлдзæг æмæ æдасæй арвитдзысты сæ рæстæг.

Сабиты сæрдыгон фæлладуагъдмæ «Металлург» алы хатт дæр вæййы хæрзцæттæ. Лагеры сæргълæууæг Дойаты Альбинæ куыд радзырдта, афтæмæй, сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæгмæ цæттæ кæнгæйæ, сæйрагдæр каст цæуы æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнынмæ. Лагеры алфамбылай арæзт æрцыд, йæ дæргъ 400 метры кæмæн у, ахæм быру, алырдыгæй дæр æвæрд æрцыдысты видеокамерæтæ. Цалцæггæнæн куыстытæй, ног хæдзары дзаумайæ, ифтонггæрзтæй, бассейн æмæ хъазæн фæзтæй — алцæмæй дæр лагерь у цæттæ. Сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæгмæ лагеры цæттæдзинадæн хорз аргъ скодтой Ахуырад æмæ наукæйы министрады, «Роспотребнадзор»-ы, «Ростехнадзор»-ы, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады, Фæллой æмæ социалон рæзты, Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ Мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ. — Сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæгмæ сæйраг домæн у сывæллæтты æдасдзинад, — зæгъы УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады РЦИ-Аланийы Сæйраг управленийы профилактикон куысты æмæ цæстдарæн архайды управленийы сæйраг специалист Хъæрæцаты Гия. — Æмæ нæ бон зæгъын у, лагерь «Металлурджы» бæстыхæйттæ æмæ территоритæ æппæтæй дæр дзуапп кæй дæттынц æдасдзинады домæнтæн. Акционерон æхсæнад «Электроцинчы» иумæйаг фарстаты фæдыл директоры хæдивæг Дарчиты Мураты ныхасмæ гæсгæ дæр сæйраг хъуыддаг у сывæллæтты æдасдзинад, райдай зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны домæнтæй, сывæллæтты фæндагыл ласыны уагæвæрдæй, хæлцады хæрзхъæддзинадæй æмæ фæу сывæллæтты ирхæфсæн мадзæлттæй. — Æппæт ацы хъуыддæгтæ домынц канд бæрнондзинад æмæ ахадгæ финансон хæрдзтæ нæ, фæлæ, сывæллæттимæ чи куса, уыдоны лæмбынæг цæстæнгас æмæ сæ цæттæдзинад педагогон æгъдауæй. Куыд алы аз, афтæ ацы хатт дæр, «Металлурджы» йæ фæллад чи суадза, уыцы лæппутæ æмæ чызджытæ ацы бонтæ сæ зæрдыл рæсугъдæй кæй бадардзысты, уый дызæрдыггаг нæу. Афтæ цæмæй уа, уый тыххæй завод «Электроцинк» рагацау балхæдта спортивон дзаумæттæ, алыхуызон ирхæфсæн хъæзтытæ, ифтонггæрзтæ, заводы профцæдисон комитет та — алыхуызон хостæ æмæ медицинон дзаума. Сывæллæттæн лагеры хæрын кæнынц бон фондз хатты, ацы хъуыддагыл дзуапп дæтты акционерон æхсæнад «Æхсæнадон хæлцад». Æдæппæт ацы аз лагерь «Металлурджы» баулæфдзæн 500 сывæллонæй фылдæр.

ТАУАСИТЫ Людмилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here