Йæ зарæг Ирбæстæн ныууагъта

0
1240

Зынгзæрдæ, курдиатджын æдзард хæстон поэт КАЛОТЫ Хазбийы райгуырдыл сæххæст 95 азы

Калоты Алыксандры фырт Хазби райгуырд 1921 азы августы Цæгат Ирыстоны чысыл хæххон хъæуы Байыкомы. Фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тымыгъы 1943 азы 8 июлы горæт Белгороды бынмæ. Бæрцæй фæцард 22 азы. Цы сты 22 азы! Уыдонæй дæр дыууæ, хæцæг æфсады рæнхъыты куы арвитай, уæд

Уыцы цыбыр рæстæгмæ цастæ хъуамæ бантыстаид адæймагæн! Фæлæ йæ бонæй уа курдиат! Уый знæт цæугæдонау, зæйæ уæлдай нæу: бауромæн ын нæй. Æмæ ирон адæмы фидæны фæлтæртæн Хазбийы курдиат æнустæм диссагæн ныууагъта хъуытаззæл æмæ нуарджын, фæлгонцджын æмæ арф хъуыдыджын æмдзæвгæтæ, прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ, драмæтæ æмæ, æппынфæстаг, рæсугъд, уарзæгой зæрдæйæ цæуæг æнкъарæнтимæ фыстæджытæ. Хазби раст цыма зонгæ кодта, хъысмæт ын бирæ цæрæнбон нæ радта, уыйау тагъд кодта æмæ тырныдта тынгдæр ссудзынмæ, тынгдæр ныррухс кæнынмæ. Йæ цинты æмæ йæ хъыгты зæгъинæгтæ дзæхст-дзæхcтæй æнæрлæугæйæ фыста. Тугкалæн хæст дæр æй нæ урæдта. Зындгонд фыссæг Цæгæраты Максим хæсты рæстæг Хазбиимæ иумæ ахуыр кодтой Сталинграды областы горæт Камышины танкты скъолайы. Уый йæ мысинæгты фыссы афтæ: «Æфсæддон скъолайы фæтæн кæрт. Фæссихор, улæфты рæстæг… Танчы рахиз фарс лæууы саулагъз къæсхуыр лæппу. Уазал æфсæйнагыл блокноты цыдæртæ хæххытæ кæны… Йе ‘мбæлттæй йæ чидæр бафиппайдта æмæ хъазгæмхасæнтæй загъта: — Махæй дæр æм салæмттæ ныффысс. Хазби нæм фæстæмæ дæр нæ фæкаст, йæ куыст кодта. Чысыл фæстæдæр, йæ иу къухы — гæххæтт, иннæйы та — йæ пилоткæ, афтæмæй нæ цуры алæууыд. — Хъусут, æз уын æй бакæсон — «Хорзæй баззай, Ир!» — æмæ йæ сау цæстытæ æхсызгон æрттывд фæкодтой». «Хорзæй баззай, Ир!» Æз цæуын… Цæуын, æмæ, чи зоны, фæстаджы балцы… Гъей, цæй даргъ у, цæй алыхуызон у мæ фæндаг! Хорзæй баззай, мæ райгуырæн ИР!.. Уарзын дæ… Уарзын дæ æмæ курын, ма мæ ферох кæн. Ницы дын радтон хорзæй, нæ уыд рæстæг… Ехх! Фæлæ мæ бон уыд уарзын, бауромæн кæмæн нæй, ахæм уарзондзинадæй. О, цас уарзын! Бабын уа, мах чи фæхицæн кодта, нæ цард нын чи сызмæста, уый бын бауа! Цавæр фæндтæ уыд мæ сæры, цæмæты бæллыдтæн!… Гъей, бæллиццаг цард!… Æгъгъæд, æнкъарддзинад! Схæц-ма дæхиуыл, мæ хорз æмбал, дæ цæстысыгтæ куы ‘руагътай! Цæй тыххæй уæд?.. Æви дæм кæуинаг кæсы мæ хъысмæт?.. Нæ, рæдийыс… Бауром сæ. Æз нæ уарзын цæстысыгтæ, ма сæ хардз кæн, æвгъау сты… Бахуд фæлтау, бахуд дæ мидбылты æмæ мын мæ цæстытæм кæс. Æз нæ фефсæрмы уыдзынæн… Кæнæ та райс дæ фæндыр, фæндарасты цагъд мын акæн. Уадз æмæ мæ зæрдæ мауал цæуа мæ риуы, рæдува йæхи æддæмæ, уадз æмæ æхсида мæ туг дæ цагъдмæ!.. Ехх, цы бауромдзæн мæн! Бауырнæд дæ, ды мæ Батрадзы ныфс бауадздзынæ, мæ тыхæн кæрон нал уыдзæн, ацахсдзынæн мæ уаддымд æфсургъы барц, нынтъухдзынæн æм мæхи æмæ тымыгъау уайдзынæн мæ дард фæндагыл. Циу тугкалæн хæст мæнæн? Æз ахæсдзынæн дæ цагъды аив мыртæ мæ риуы, лæбурдзынæн фыранкау, никæцы тых басæтдзæн мæн. Уырны мæ, иу бон дæм кæй фæзындзынæн, иу бон дын æнæнхъæлæджы дæ рудзынг кæй бахойдзынæн, уый. Æнхъæлмæ кæс… Ма ферох кæн!…» Цас æнкъарæнтæ, бæллицтæ, фæндтæ, тырнындзинæдтæ æмæ хъуыдытæ хæлбурцъ кæнынц ацы уацмысы. Уыдон рагуылф кодтой йæ уды фарнæй, йæ уды кондæй æмæ сæ курдиат рахаста аивады фæрцы гæххæтмæ. Бауромæн сын нал уыд, уыдоны уацары бахаудта, æмæ йе ‘мбæлтты хъазæн ныхæстæ дæр уымæн нæ фехъуыста. Уыцы уагыл фыст сты хæсты тымыгъы фыст йæ æппæт уацмыстæ дæр. Рæстæг ын нæ фаг кодта академион æгъдауæй йæ уацмыстыл бакусынæн. Æмæ сæ уыцы миниуæг ноджы цымыдисагдæр кæны чиныгкæсæджы. Фæлгонцтæн, хъуыдытæн дзы у къуындæг, дзырдтæн — уæрæх быдыр. *** Æз мæ цард нымайын æвгъауыл: Цард цæуы, æхсæрдзæнтæй кæлы. Мæн хъæуы фæстаджы тохы ‘рхауын. Мæн хъæуы сæрыстырæй мæлын… Цæй, мæ фæндыр, дзæгъæл дæ ныууагътон, Нал мысын, мæ хорз хæлар, дæ уынд… Æз, ныфсхаст цæргæс, мæ базыртæ ысцагътон Æмæ тымыгъмæ æнхъæлмæгæс лæууын. Ацы æмдзæвгæ дæр Камышины фыст у æмæ йын банымайæн ис программон æмдзæвгæйыл. «Хорзæй баззай, Ир!»-ы йæм кæд æнтъыснæг, ныфссæттæн хъуыдытæ æрцæуы, уæддæр сын нæ басаст, фæуæлахиз сыл вæййы. Æмæ нæ æнхъæлмæ кæсын кæны. Æмдзæвгæйы «цард цæуы æхсæрдзæнтæй кæлы», фæлæ йæ зоны кæй йæ хъæуы фæстаджы тохы ‘рхауын», «сæрыстырæй мæлын». Ацы ныхæсты рæстдзинады кæд мæлæт ис, уæддæр адæймагмæ мисхалы бæрц дæр пессимистон, зæрдæсæттæн хъуыдытæ не ‘взæрын кæны. Уый нæ, фæлæ ма йæ фæнды Хазбийы фарсмæ балæууын, уыйау рæстаг тохы бацæуын, Фыдыбæсты сæрвæлтау хæрам æмæ халаг тыхтæ цардæй фесафыныл. Хазби зæрдæсастæй нæ дзуры йæ фæндырмæ дæр, «дзæгъæл дæ наууагътон», зæгъгæ. Ацы ныхæсты хъуыды бынтон ныффæлурс кæнынц мæнæ ацы рæнхъытæ: «Æз, ныфсхаст цæргæс, мæ базыртæ ысцагътон æмæ тымыгъмæ æнхъæлмæгæс лæууын»-ы фæстæ. Æмдзæвгæйы ирдæй разынд йæ удыхъæд: йæ ныфс æмæ æнæбасæттондзинад рæстаг царды сæрвæлтау тохы. Бирæ фæцæрын диссаг нæу, диссаг у, куыд фæцардтæ, уый. Ахуыргæндты иртасæн куыстытæм гæсгæ, арвы стъалытæй иутæ раджы ахуыссыдысты, фæлæ ма сæ рухс нæ сæрмæ тыбар-тыбур кæны, нæ цæстæнгас нын рæвдауы. Хазби дæр кæд нал ис, уæддæр æхсæрдзæнтæй кæлгæ цы цард бахъахъхъæдта, уым ныууагъта цæхæркалгæ фæд йæ цардæй, йе сфæлдыстадæй. Æмæ йæ зонæм, ахуыр нæ кæны йæхи хуызæн ныфсхаст, цардбæллон уæвыныл, хæрам тыхтимæ тох кæнын æмæ рæсугъдæй цæрыныл. Йæ курдиат тых æмæ гæнæнтæ, йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ нæ сæхиуыл дис кæнын кæнынц. Ныхас, æнкъарæнджын ныхас нын расайынц, нæ зæрдæтæ нын байгом кæнынц æмæ нæм ноджы тынгдæр цæрын æрцæуы. Ахæм у йæ рухсы тых. Къорд азы размæ иу ног зонгæимæ нæ ныхас Калоты Хазбимæ куы рахызт, уæд мын уыцы æхсызгонæй загъта: «Йæ фыстæджытæ йын цы сылгоймаг бахъахъхъæдта, уыдонимæ йæ æмдзæвгæтæй дæр, уый мæнæн мæ ахуыргæнæг уыд». — Сау рæсугъд кæй хуыдта, уый? — фæцæттæ дæн. — О. Не ‘хсæн сæ дыууæйы тыххæй дæр бирæ хорз ныхæстæ æрцыд. Бæлвырд сæ нал хъуыды кæнын, фæлæ мæ мæ ног зонгæ сразæнгард кодта фыстæг æм ныффыссын. «Æхсызгон ын уыдзæн. Уадз æмæ зона, абоны фæлтæр Хазбийæн цы аргъ кæнынц, уый», — загъта мын. Мæ фыстæгæн цалдæр боны фæстæ райстон дзуапп. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыд, Хазбийыл иузæрдионæй кæй баззад, уый. Ахæм æцæг уарзты аккаг уыд, æмæ та уым дæр Хазбийы курдиат йæхи равдыста. Дзуаппон фыстæг дæлдæр мыхуыргонд цæуы. «Стыр бузныг, Хазби, дæ уæздан ныхæстæй, дæ бирæ хорз хъуыдытæй. Дæуæн тынг зын уыди æнæзонгæ хистæрмæ фыссын. Æмæ зынтæй хызт у дæ царды! Нæминаг у Зарæ — цъысымы дæ бакодта! Фæлæ мын дæ рухс хъуыдытæ куы дзырдта де ‘ мномы тыххæй, уæд, цы йæ æмбæхсон, æхсызгон уыд мæнæн. Хæсты зынгсирвæзт бирæ амонд басыгъта… Бирæ курдиат фесæфт йæ цæхæры. Цы чындæуа?! Кæд иу удæй Хазбийы ном мæрдырохæй ратонынæн феххуыс дæн, уæд мæхицæй бузныг дæн иу чысыл… Ды зæгъыс «сау рæсугъд». Нæ, ахæм хабарæй ницы уыд. Уæвгæ бæлвырд у — æрыгонæй фыдуынд нæй. Нæ уыд бакастæй рæсугъд Хазби дæр, стæй йæ хъæугæ дæр цас кодтаид? Удæй рæсугъд — уымæн дзы æмбал нæй… «Красоту уносят годы — доброту не унесут. Она долговечнее». Ахæм аив у удæй дæр, бакастæй дæр Зарæ, фæлæ йæ амонд кæмæндæр кусы… Иу хабар ис мæ царды: мæ уарзондæр скъоладзаутæ фæстагмæ ме ‘рдхæрдтæ свæййынц. Афтæ канд Зарæ нæу, фæлæ ма ды кæй зоныс, уыдонæй Цихиты Мæирбег, Уырымты Петя, Суанты Ким æмæ бирæ æндæр хорз кæстæртæ. Се ‘хсæн хибарæй æвæрын Хъодзаты Æхсары. Кæд æй зыдтай — Булацаты Дарья — радиойы бирæ фæкуыста, адджынæй фæцардыстæм. Уый мæ базонгæ кодта йемæ радиобакаст «Йæ цард зарæгау», зæгъгæ, Хазбийы номыл арæзт, автор Хъ. Æхсар. Уый руаджы уыд. Дарья мын загъта, бирæ миниуджытæй кæй у Æхсар Хазбийы хуызæн. Бирæ лæггæдтæ кæны Хазби стæй иннæ зынгхуыст фысджытæн — арфæйаг уæд! Æз та куыд ферох кодтаин Хазбийы фæдзæхст: «Цыфæнды уавæрты куы уай, уæддæр-иу сæ бахъахъхъæн» (йæ фыстыты). Афонтæ ивынц. Мæ рæстæджы æз тынг бæрзонд æвæрдтон хиуылхæцындзинад. Æгæр «уæгъдибары» бæсты фæлтау у тызмæг æмæ карз. Æмбæхс хæзнатау дæ сусæг æнкъарæнтæ. Уымæ гæсгæ чысыл зæрдæниз нæ хауд Хазбимæ дæр… Йæ фесæфты фæстæ бирæ цыдæртæ хæссын мæ зæрдæмæ… Чи зыдта, æмæ афтæ цыбыр уыдзæн йæ цард?.. Фæлæ мæм фæсмон дæр нæй: «во всем этом сила, поэзия и глубина человеческих отношений: цыбырæй — «Мы эхо, мы память — мы звездная память друг друга» Как страшное заклинание звучат его слова: «Æнхъæлмæ кæс. Ма ферох кæн» нæ уырны зæрдæйы — æнхъæлмæ кæсæм!.. Рохгæнæн нæй иу минут дæр — уый мæ сыгъдæг кувæндон у! Уымæн цы нæ бантыст, уый дын бантысæд! Йе ‘рцыдмæ амондимæ фæцæр! Калоты Хазбийæн йе сфæлдыстад бирæвæрсыг у — фыста æмдзæвгæтæ, прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ, æрдæг фыстæй баззадысты йæ драмæтæ «Бæтæйы фырттæ» æмæ «Тугджын фæндаг». Кодта нывтæ дæр. Йæ конд нывтимæ нæ зонгæ кæны йæ уацмыстæй йын 1997 азы чиныгуадзæн «Ир» цы чиныг рауагъта, уый. Чиныг хуыйны «Дидинæг саст бæласыл.» Йæ нывтæй дзы сты Къоста æмæ Пушкины фæлгонцтæ. «Сылгоймаджы сурæт», «Демон», «Амран», «Куыройы» йæхи уацмыстæм конд нывтæ æмæ æндæртæ. Чиныг мыхуырмæ бацæттæ кодта æмæ йын фæсныхас ныффыста Хъодзаты Æхсар. Уый Хазбийы сфæлдыстад бабæстон кæныныл бирæ бакуыста. Калоты Хазби ирон поэзийы цы суадон ракъахта æмæ байгом кодта, уымæн æнусты байсысæн нал ис, йæ сатæг донæй сæтдзæн фæлтæрты дойны, йæ рæстаг хъуыды, æргом фæлгонцджын ныхас сыл ныфсы, бæллицты æмæ тырнындзинæдты базыртæ садздзæн. Хазби стъалыйау ссыгъд, царды судзгæ ацыд… Йæхæдæг нал ис, фæлæ йæ рухс нæ ахуыссыд, нæ мынæг кæны æмæ рухс кæны адæмы зонд, æнкъарæнджындæр сын кæны сæ зæрдæтæ. Хурмæ бæллыд æмæ хуры тыхæй фæхъæстæ, йæ хъарм ын райста æмæ дзы хъарм кæны нæ удты, цæры немæ. Куы йын бакæсæм йæ фыстытæй, уæд та йын фехъусæм йæ зæрдæйы цæлхъытæ, йæ зонды тæрхæттæ. Æмæ ныл цæрыны ныфс, рæсугъд хъуыдытæ бафтауы.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here