Кæуыл ма дарæм нæ ныфс Бразилийы

0
756

Ацы къуырийы кæрон Рио-де-Жанейройы фæуыдзысты XXXI Олимпаг хъæзтытæ.

Уæрæсейы иугонд командæ абоны онг цы хæрзиуджытæ рамбылдта, уыдонмæ гæсгæ ахсы цыппæрæм бынат. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ спортсменты бæрæггæнæнтыл фæзындис, Уæрæсейы командæ æххæстæй кæй нæ архайы Олимпаг хъæзтыты, уый. Ирыстоны спортуарзджытæ æнхъæлмæ кæсынц, нæ фæсивæдæй Бразилийы ерысты чи архайы, уыдонмæ. Не ‘мбæстæгтæй нырма олимпаг хæрзиуæг кæй ничима рамбылдта, ууыл мæт кæнынц сæ иузæрдион фарсхæцджытæ. Олимпиадæйы фæстаг бонты нæ зæрдæ дарæм, ацы хатт дæр та нæ сахъ фæсивæд сæ дард балцæй афтидкъухæй кæй не ‘рбаздæхдзысты, ууыл. 19 августы Рио-де-Жанейройы райдайдзысты ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым цы фондз ирон богалы хæцдзысты, уыдон хъахъхъæнынц Уæрæсейы, Азербайджаны, Сомихы, Украинæйы æмæ Испанийы спортивон кад. 19 августы ирон богæлттæй гауызмæ фыццаг рацæудзæн Фриаты Таймураз. Уый 74 килограммы уæзы ерысты архайдзæн Испанийы номæй. 20 августы ерыстæ цæудзысты 86 æмæ 125 килограммы онг уæзты. Уыцы бон 125-килограммонты тохы йæ хъару æвзардзæн Зассеты Ален (Украинæ). Олимпиадæйы фæстаг бон, 21 августы, гауызмæ рацæудзысты Рæмонты Сослан, Гозымты Хетæг æмæ Четойты Георги. Нæ ацы æртæ богалæй алчидæр амæй размæ уыди дунейы чемпион, æмæ ныр тырндзысты Олимпаг бæрзæндтæм. Рæмонты Сослан 65 килограммы онг уæзы хъахъхъæндзæн Уæрæсейы спортивон кад. Гозымты Хетæг (Азербайджан) æмæ Четойты Георги (Сомихы Республикæ) ерыс кæндзысты 97 килограммы онг уæзы. Нæ лæппутæ кæд алы паддзахæдты номæй хæцдзысты, уæддæр иууылдæр сты Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ, æмæ сын се ‘нтыстдзинæдтыл мах цин кæндзыстæм æмхуызон. Уырны нæ, ацы Олимпаг хъæзтытæй дæр нæ богæлттæ Ирыстонмæ хорз хуынимæ кæй ссæудзысты, уый!

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here