“Адæмæн куысты бынæттæ æмæ иннæ ахсджиаг фарстатæй алкæцыдæр йæ бынат ссардзæн…”

0
927

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав дарддæр фембæлдтытæ аразы республикæйы цæрджытимæ. Ацы хатт Битарыфырт абалц кодта Мæздæджы районмæ. Фыццаг фембæлд ын уыд Хъызлары Культурæйы хæдзары, дыккаг та — Мæздæджы Культурæйы галуаны.

Фæлæ уал уыцы фембæлдтыты размæ республикæйы разамонæг бабæрæг кодта, Мæздæджы цы ног физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс сарæзтой, уый. Йæ иумæйаг фæзуат 3 мин квадратон метрæй фылдæр кæмæн у, уыцы объект ныридæгæн цæттæ у. Ног комплексы уыцы-иу рæстæг алыхуызон къордты архайæн ис 500 адæймагæн. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй дзы байгом уыдзысты хъæбысæйхæсты, боксы, футболы, гандболы, волейбол æмæ баскетболы секцитæ. Уымæй уæлдай комплексы кусдзæн тренажерты зал. Иу ныхасæй, республикæйы Сæргълæууæг федта, физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс йæ дуæрттæ спортуарзджытæн байгом кæнынмæ цæттæ кæй у, уый. Фæлæ, арæх куыд вæййы, афтæ комплекс байгом кæныны хъуыддаг къуылымпы кæнынц алыхуызон æууæлтæ. «Комплекс кусын кæд райдайдзæн, уый тыххæй мын администраци æмæ подрядон организаци алыхуызон информаци радтой, — загъта Битары-фырт. — Дæрдтыл ныхæстæн рæстæг нæй, райсом ацы фарстайы фæдыл сараздзынæн сæрмагонд æмбырд æмæ уым æмбæлгæ уынаффæтæ рахæсдзыстæм». Уырдыгæй республикæйы разамонæг йæ фæндаг акодта Хъызлары Культурæйы хæдзармæ. Уым уыцы рæстæгмæ æрбамбырд бирæ адæм. Фыццаг ныхасы бар райста ветеринарон лабораторийы хицау Рамазан Доминов. Специалисты ныхасмæ гæсгæ, районы цæрджыты тыхсын кæны, биологион хауæццæгты ныгæнæн бынат дзы кæй нæй, уый. Уæвгæ районы ис ахæм сæрмагонд дзыхъхъ, фæлæ йæм администрациты ‘рдыгæй цæстдард нæй. Уыцы хъуыддаджы адæм сæ зæрдæ дарынц Хицауады æххуысыл. Фарстмæ лæмбынæг байхъусгæйæ, Битары-фырт зæрдæ бавæрдта, æмбæлгæ ведомствоты разамонджытæн бæлвырд амынддзинæдтæ кæй ратдзæн, уымæй. Хъызлар стыр хъæу у, æмæ йæ тыхстаг фарстаты ‘хсæн ис ног скъолайы арæзтад дæр. Ныртæккæ хъæуы цæрджыты сывæллæттæ кæм ахуыр кæнынц, уыцы скъола дзуапп нал дæтты нырыккон домæнтæн — арæзт æрцыд 1953 азы. Банывылгæнинаг сты медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинады фарстатæ, сцалцæг кæнын хъæуы фæндæгтæ. Æмæ æрмæст Хъызлары цæрджытæ не ‘рбацыдысты уыцы изæр Культурæйы хæдзармæ. Предгорныйы хъæуы цæрæг Кожахмед Ибрагимовæн ныхасы бар куы радтой, уæд радзырдта, дзæвгар рæстæг сæм дон кæй нæй, уый тыххæй. Специалисттæ бацæттæ кодтой, йæ дæргъ 12 километры кæмæн у, ахæм донуадзæны проект. Фæлæ уыцы проект техникон æгъдауæй зын æххæстгæнæн кæй у, уымæ гæсгæ уыдзæн зынаргъдæр. Фæлæ районы администрацимæ фаг фæрæзтæ нæй. «Мæздæджы районмæ уыдзæн уæлдай лæмбынæг цæстдард. Цы сæрмагонд кусæг къорд сарæзтам, уый бацæттæ кæндзæн районы социалон-экономикон рæзты программæ. Адæмæн куысты бынæттæ æмæ иннæ ахсджиаг фарстатæй алкæцыдæр йæ бынат ссардзæн уыцы программæйы. Бакусын хъæуы егъау инвестицион проекттыл, бацархайын хъæуы, цæмæй инвестортæ районмæ се ‘ргом аздахой»,— бафиппайдта Битарты Вячеслав. Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, республикæйы ног Хицауад фидар кæнгæйæ, нысангонд æрцæудзæн, комкоммæ Мæздæджы районыл бæрнон чи уыдзæн, ахæм вице-премьер. «Уый цыппар боны кусдзæн Дзæуджыхъæуы, иннæ æртæ боны та Мæздæджы», — загъта Битарты Вячеслав. Бирæ ахсджиаг фарстатыл ныхас рауад Мæздæджы Культурæйы галуаны дæр. Зæгъæм, мæздæггæгтæ фæндон бахастой, цæмæй ивддзинæдтæ хаст æрцæуа бирæфатерон цæрæн хæдзæртты иумæйаг исбонад бындуронæй цалцæг кæныны тыххæй республикон закъонмæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы нысанæн фиддонтæ Мæздæджы районы хæццæ кæнынц 70 процентмæ. Фæлæ æмбырдгонд фæрæзтæ «иумæйаг чыссæмæ» кæй цæуынц, уый фадат нæ дæтты бындурон цалцæджы программæ ахадгæ хуызы æххæст кæнынæн. Ацы æмæ иннæ фарстатæ алыг кæныны нысанимæ республикæйы разамынд æмгуыстад кæны УФ-йы Хъахъхъæнынады министрадимæ. Битарты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй министрады бæрнон кусджытимæ æрныхас кодтой федералон объекттæ республикæйы исбонадмæ радтыныл, стæй æндæр ахæм фарстатыл, се ‘хсæн — Мæздæджы æфсæддон городочы инфраструктурон объектты архайд. Мæздæггæгтæ цы фарстатæ сæвæрдтой, уыдоны фæдыл бæлвырд амынддзинæдтæ райстой министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæ. Зæгъæм, республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр æркæсдзæн районы рынчындон æмæ поликлиникæмæ хъæугæ специалисттæ снысан кæныны фарстамæ. Районы нæй медицинон «реанимобиль», раивын хъæуы «тагъд медицинон æххуысы» хæдтулгæтæ дæр. «Тагъд рæстæг республикæ райсдзæн ног, алцæмæй ифтонг «тагъд медицинон æххуысы» машинæтæ. Уыдонæй æнæмæнг фæхай кæндзыстæм Мæздæджы районæн дæр»,— загъта республикæйы разамонæг. Фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытæй пайда кæныны, змисы карьерты куысты, æрыгон бинонтæн цæрæнуатон субсидитæ дæттыны, хомагкусæг промышленносты куыстуæттæ сног кæныны æмæ æндæр фарстатыл дæр. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ

РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here