Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ сæ ректор ОГЪУАТЫ Аланы разамындæй йæ хæдзары бабæрæг кодтой географион наукæты доктор, ЦИПУйы профессор, Туризмы дунеон академийы кадджын доктор БЕРУАТЫ Барисы
Ацы аз зындгонд ахуыргондыл æххæст кæны 80 азы. Огъуаты Аланы хъæппæрисæй 21 сентябры юбиляры кадæн университеты сараздзысты наукон конференци. Уымæй уæлдай, уыцы рæстæгмæ бацæттæ кæндзысты ахуыргонды куыстыты библиографион æмбырдгонд. Уыцы чиныгмæ цы бахæссой, уый та ис — Беруайы-фырт бацæттæ кодта 878 алыхуызон чиныджы, фæндагамонæны, уацхъуыды, наукон доклады. Беруаты Барис географион факультеты декан куы уыд, уæд йæ хъæппæрисы фæрцы байгом сты ног дæсныйæдтæ: «Геоэкология» æмæ «Социальный сервис и туризм». «Нæ буц хистæр абон дæр цымыдисæй йæ цæст дары факультеты цардмæ, не ‘нтыстдзинæдтыл нын алкæддæр бацин кæны», — радзырдта географи æмæ геоэкологийы декан Хацъæты Фатимæ. Йæ рæстæджы Беруаты Барис 20 азæй фылдæр разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны Туризм æмæ экскурситы республикон советæн. Уæд республикæйы æнтыстджынæй куыстой турбазæтæ: «Къæхтысæр», «Юность», «Урсдон», «Дзынагъа», «Суаргом», «Куырттат», уазæгуат «Горянка», байгом сты канатон фæндæгтæ Хъобаны, Цъæй æмæ Дзæуджыхъæуы. «Советон Цæдисы азты мæхæдæг цы туристтимæ куыстон, уыдоны нымæц-иу æрвыл аз уыд 10 минæй фылдæр. Абон сног кæнын хъæуы республикæйы туризмы къабаз. Уый фæрцы бирæ æфтиаг цæудзæн, уыцы къабазы фæрцы æндæр регионтæ æмæ бæстæты цæрджыты ногæй зонгæ кæндзыстæм нæ культурæ æмæ æгъдæуттимæ. Туризмы фæрцы алкæддæр ирдæй æвдыстам нæ республикæ, нæ хъæздыг истори», — йæ уазджытимæ фембæлды рæстæг фæбæрæг кодта Беруайы-фырт. Уыцы хъуыдыйы фарс рахæцыд Огъуаты Алан дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, туризмы къабазы райрæзты бирæ аразгæ у дæсны специалисттæй. «Уыцы хъуыддаджы университетыл бирæ хæстæ æвæрд ис», — загъта ректор. Æмæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæнд кæнынц университеты цур байгом кæнын, туризм æмæ сервисы къабазы специалисттæ кæм цæттæ кæндзысты, ахæм инновацион куыстуат.
Нæ уацхæссæг