Лыгъд адæмæн – цæрæнуæттæ

0
780

Знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав, Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, йæ хæдивæг Дзанайты Барис, арæзтады æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Икъаты Руслан кусæг фембæлды æркастысты къорд ахсджиаг фарстамæ. Регионы разамонæг йе ’ргом аздæхта лыгъд æмæ æнæбары ралидзджытæн цæрæнуæттæ саразынмæ. 2016 азы 1 сентябры онг федералон бюджеты хардзæй цæрæнуæтты уавæртæ фæхуыздæр кодтой 234 бинонтæ. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ иннæ аз гæнæн ис ноджыдæр ма 500 бинонты сæйраг фарста алыг кæнынæн. Ныртæккæ цæрæнуæттæм рады лæууынц лыгъд æмæ æнæбары ралидзæг 2400 бинонтæ.

«Хъæуы ацы тыхст уавæр аиуварс кæнын, — фембæлды архайджыты æргом аздахгæйæ, загъта Битарты Вячеслав. – Республикæйы цæрджытимæ фембæлдтыты лыгъд æмæ æнæбары ралидзджыты æрцæрын кæныны фарста иудадзыг хъуыст. Адæм хъаст кодтой, æнæбындурæй сæ радæй кæй систой, уый тыххæй. Алы цауы фæдыл дæр арæзтады æмæ архитектурæйы министрады бæлвырд равзарын æмæ фехъусын кæнын. Алкæмæндæр æмбарын кæнын хъæуы, рад куыд арæзт цæуы, уый. Цы уынаффæтæ хаст æрцыд, уыдон сæм хæццæ кæнын, цæмæй уæлдай ныхæстæ æмæ дам-думтæн бынат ма уа», — бафиппайдта регионы разамонæг.

Уымæй уæлдай Битарты Вячеслав куыд бахахх кодта, афтæмæй «сæйраг хæс уый мидæг ис, цæмæй раст лыггонд цæуой адæмæн цæрæнуæттæ дæттыны фарстатæ, фыццаджыдæр, хæсты ветерантæн, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты идæдзтæн, æрыгон бинонтæн, лыгъд æмæ æнæбары ралидзджытæн, инвалидтæн».

Ацы аз паддзахадон субсидиты хардзæй сæ цæрæнуæтты уавæртæ фæхуыздæр кодтой 41 æрыгон бинонтæ. Фæлæ муниципалитетты цы радылæууæг адæмы номхыгъдтæ арæзт æрцыд, уыдоны ма ис 940 бинонтæ. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ ахæм уавæр домы æвæстиаты мадзæлттæ саразын. Ныртæккæ арæзт цæуы 2017 азы бюджет æмæ фæрæзтæ бахæссын хъæуы, цæмæй сæ цæрæнуæтты уавæртæ фæхуыздæр кæной æппынкъаддæр 120 æрыгон бинонтæ.

Регионы Сæргълæууæг ма цы бахæс кодта, уый у республикæйы цæрджытимæ йын цы фембæлдтытæ уыдис, уыдоны бирæтæ кæй фарстой социалон цæрæнуаты тыххæй. Фæстаг 30 азы Дзæуджыхъæуы иу квадратон метр дæр арæзт не ’рцыд ахæм цæрæнуат, хъæугæ та кæны тынг бирæ. Уымæн æмæ рады лæуджыты номхыгъд у стыр.

«Æнæмæнг уагæвæрды æрдзурут æмæ Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацимæ уынаффæ рахæссут социалон цæрæнуæтты арæзтады тыххæй», — загъта Битарты Вячеслав къабазы министрæн. – Ныртæккæ горæты ницæмæн хъæуы, зынаргъ чи уа, ахæм проекттæ аразын æмæ сæ финансон æфсисадыл хъуыды кæнын. Лæмбынæг хъæуы проектты бындурондзинад сахуыр кæнын. Æппæт ацы хъуыддæгтæ ахсджиаг уый тыххæй сты, цæмæй бынæттон æмæ республикон бюджетты иннæ аз фæрæзтæ агуырд æрцæуой социалон цæрæнуæтты иу хæдзары арæзтадæн».

Фембæлды ма каст æрцыд республикæйы арæзтадон комплексы абоны уавæримæ баст фарстатæм дæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here