31 августы Дзæуджыхъæуы Сæйраг фæзмæ цы мингай адæймæгтæ æрбацыд, уыдон æвдисæн уыдысты рæсугъд спорты бæрæгбонæн. Уыцы изæр нæ республикæйы спортуарзджытæ кад кодтой Бразилийы Олимпаг хъæзтыты фесгуыхæг богæлттæ Рæмонты Сослан æмæ Гозымты Хетæгæн.
Сослан æмæ Хетæг дунейы тыхджындæр богæлттимæ ерыс кæнгæйæ, рамбылдтой сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ. Уымæй ма ноджыдæр иу хатт равдыстой, Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты скъола дунейы æппæты хуыздæртæй кæй у, уый. Растдæр зæгъгæйæ, бæрæгбон райдыдта Беслæны аэропорты, Рæмонты Сослан хæдтæхæгæй куы æрхызт æмæ йæ райгуырæн зæххыл куы акъахдзæф кодта, уæд. Аэропорты раз цы сæдæгай адæймæгтæ æнхъæлмæ кастысты Олимпаг хъайтармæ, уыдон репродуктортæй куы айхъуыстой: «Зынаргъ æмбæлттæ, ныртæккæ, ацы хæдтæхæджы йæ райгуырæн Ирыстонмæ стахт XXXI-æм Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау, Ирыстоны уарзон хъæбул Рæмонты Сослан!» — уæд къухæмдзæгъд æмæ йæ цæрæнбонты сидт æмхъæлæсæй ныккодтой. Адæмы размæ куы рахызт Сослан, уæд ыл ам сæмбæлд Гозымты Хетæг дæр. Дыууæ богалыл адæм цин кодтой æмхуызонæй. Ирон æгъдаумæ гæсгæ не сгуыхт лæппутыл сæмбæлдысты æртæ уæливых æмæ бæгæныйы къусимæ. Нæ æвзыгъд лæппутæн зæрдæбын куывд ракодта Уæрæсейы сгуыхт артист Бытъæты Роберт. Омменгæнæг та йын уыдысты, фæзы чи æрæмбырд, Уæрæсе æмæ Ирыстоны тырысатимæ, уыцы фæсивæд. Сослан æмæ Хетæг ахæм сæмбæлдæн дзуапп лæвæрдтой сæ мидбылхудт æмæ бузныджы ныхæстæй. Раст уыцы афон Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзы мингай спортуарзджытæ стыр экраныл Сослан æмæ Хетæджы Олимпаг хъæзтыты тохтæм кæсгæйæ, æнхъæлмæ кастысты сæ æрбацыдмæ. Бæлццæттæ æмæ, семæ цы æмбæлттæ уыди, уыдон фæзмæ куы æрбацыдысты, уæд сын фыццаг «æгасцуай» загътой: РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав, нæ республикæйы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, Дзæуджыхъæуы мэр Æлбегаты Барис, нæ таурæгъон спортсментæ: Олимпаг чемпионтæ Андиаты Сослан, Хæдарцаты Махар, Фадзайты Арсен, Таймæзты Артур, Бæройты Хасан, Хуыгаты Алан, нæ зындгонд тренертæ, хицауады бæрнон кусджытæ, хиуæттæ æмæ æрдхæрдтæ. Фæзы стыр экран æвæрд кæм уыд, уым сценæмæ рацыдысты Битарты Вячеслав, Рæмонты Сослан æмæ Гозымты Хетæг. Битарты Вячеслав æппæт Ирыстоны адæмы номæй зæрдиаг арфæ ракодта нæ хъæбатыр лæппутæн: «Сослан æмæ Хетæг, сымах стыр лæвар ракодтат Ирыстонæн. Уæ уæлахизтæй барухс кодтат нæ адæмы зæрдæ, скодтат нын æцæг бæрæгбон æмæ уын æппæт ирон дзыллæйы номæй арфæ кæнын куыд нæ республикæйы кадджын фырттæн. Сымах цы лæгдзинад равдыстат Бразилийы, уый фæзминаг уыдзæн æмæ разæнгард кæндзæн Ирыстоны рæзгæ фæсивæды спорты бæрзæндтæм схизынмæ». Битары-фырт Рæмонты Сослан æмæ Гозымты Хетæгæн балæвар кодта дæгъæлтæ ног цæрæнуæттæй æмæ æхцайы премитæ. Ноджы ма Хетæг, Сослан æмæ йæ тренер Мæргъиты Анатолийæн лæвæрд æрцыдысты «Ирыстоны намысы» майдантæ. Рæмоны-фыртæн ма уымæй уæлдай лæваргонд æрцыд автомобиль. Сæ раныхасы Хетæг æмæ Сослан стыр бузынг загътой нæ республикæйы разамонджытæн, Ирыстоны адæмæн, афтæ сæ чи сбуц кодта, уыцы спортуарзджытæн, сæ тренертæ æмæ ныййарджытæн. Сæрибары фæзы бæрæгбоны зæлланг хъуысти суанг æмбисæхсæвмæ!
БАСКАТЫ Уырызмæг














