Фембæлд-изæр ирвæзынгæнджытимæ

0
3543

Зног Рахизфарсы районы Культурæйы галуаны уыд фембæлд-изæр. Æрæмбырд сты, 2004 азы Беслæны скъолайы фыдбæллæхæй чи раирвæзт, уыцы сывæллæттæ, ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ сæ ирвæзынгæнджытæ.

img_8173Фембæлды райдайæны æрымысыдысты, сау зынг йæ хъæлæсы кæй акодта, уыцы сывæллæтты, ахуыргæнджыты, ныййарджыты æмæ, иннæты сæраппонд сæ удтæ чи нæ бавгъау кодта, уыцы ирвæзынгæнджыты. Номæй-номмæ сæ нæ нымайдзыстæм, уымæн æмæ се ‘хсæн уыдысты æрмæст милицæйы кусджытæ нæ, фæлæ æндæр барадхъахъхъæнæг ведомствоты службæгæнджытæ æмæ хуымæтæг уарзæгой зæрдæты хицæуттæ дæр. Беслæны мадæлты комитеты сæргълæууæг Дудиаты Сусаннæ æппæт ныййарджыты номæй дæр раарфæ кодта, фыццаджыдæр, сывæллæтты ирвæзынгæнгæйæ йæ цард чи радта, уыцы сæрæнгуырдты мадæлтæн æмæ бинонты минæвæрттæн, ахæм хъæбултæ кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Æмæ сын загъта, уыдоны нæмттæ дæр сæ хъæбулты нæмттау æнусты дæргъы кæй цæрдзысты сæ зæрдæты. Зæрдæбын арфæтæ кодтой, уыцы сау бонтæй абоны онг сæ фарсмæ æрвылбон чи лæууы, уыцы дзыллæтæн, се ‘хсæн — Хуссар Ирыстоны раздæры президент Кокойты Эдуардæн дæр. Æмбырды рæстæг-иу сценæйæ азæлыд зæрдæмæхъаргæ мелоди, стæй поэт Хадыхъаты Фатимæйы æмдзæвгæйы ныхæстыл конд зарæг.

КАСАТЫ Аслæнбег Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here