Битарты Вячеслав фембæлд профцæдисты раздзогтимæ

0
662

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд Цæгат Ирыстоны Профцæдисты федерацийы разамонæг кусджытимæ, сæ сæргъы КАСАТЫ Таймураз, афтæмæй

Фембæлды райдайæны республикæйы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй Хицауадимæ иумæ фæнд кæнынц профцæдисон организацитимæ æнгомдæр æмгуыстад рапарахат кæнын. Профцæдисты архайды тыххæй радзырдта Касаты Таймураз. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы аз профцæдистæ бæрæг кæнынц сæ сарæзты 100 азы. Касайыфырт куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны профцæдистæ хорзыл нымайынц республикæйы разамынды хъæппæристæ æмæ цæттæ сты сæ фарсмæ æрбалæууынмæ. Касаты Таймуразæй уæлдай сæ хъуыдытæ загътой Хæххон-металлургон промышленносты профцæдисы сæрдар Хъараты Алыксандр, культурæйы къабазы кусджыты профцæдисы сæрдар Æгайты Светланæ æмæ иннæтæ. Зæгъæм, Æгайты Светланæ курдиат бахаста, цæмæй, культурæйы хъæууон организациты чи кусы, уыдоны мызд фæфылдæр кæныны тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уыцы специалистты мызд ныртæккæ у æппæтæй къаддæр. Республикæйы Сæргълæууæг сразы ис, ацы категорийы специалисттæ фæкæсынхъуаг кæй сты, ууыл, æмæ куыд загъта, афтæмæй фидæн азы бюджет æмæ сæрмагонд программæтæ аразгæйæ, ацы фарстамæ дæр каст цæудзæн.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here