Дыууæ университеты бафыстой æмгуыстады бадзырд

0
922

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет æмæ Миланы университет бафыстой æмгуыстады бадзырд. Уый тыххæй фехъусын кодта ЦИПУ-йы пресс-службæ.

Бадзырды куыд загъд ис, афтæмæй дыууæ университеты æмгуыстад рапарахат кæндзысты наукæ æмæ ахуырады къабæзты. «Миланы университетæн дунейы стыр кад ис. Уыцы ахуырадон кусæндонимæ æмгуыстад мах дæр разæнгарддæр кæндзæн», — зæгъы ЦИПУ-йы ректоры хæстæ æххæстгæнæг Огъуаты Алан. Дыууæ университеты ‘хсæн æмгуыстады бадзырд бафыстæуыд, æрæджы Миланы университеты цы дунеон наукон конгресс цыд, уый рæстæг. Конгрессы куысты уæрæсейаг делегацийы сконды архайдта ЦИПУ-йы стоматологи æмæ фармацийы факультеты декан Давид Чониашвили.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here