«Алчидæр йæ куыст хъуамæ æххæст кæна цæсгомджынæй æмæ рæстзæрдæйæ»

0
749

Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав йæ дзырд æххæст кæны æмæ дарддæр аразы фембæлдтытæ республикæйы æмæ горæты цæрджытимæ, æхсæнадон царды алы къабæзты кусджытимæ. Ацы хатт ахæм фембæлд арæзт æрцыд Металлургты культурæйы галуаны. Ацы хатт республикæйы разамонæгмæ сæ риссаг фæрстытæ радтынмæ, сæ сагъæстæ раргом кæнынмæ, сæ фæндæттæ зæгъынмæ фембæлдмæ æрбацыдысты бюджетон къабазы кусджытæ — дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, социалон лæггадгæнджытæ, культурæйы кусджытæ…

dsc_9932Битарты Вячеславæй уæлдай ма фембæлдмæ æрбацыдысты республикæйы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав, Парламенты Сæрдары хæдивæг Токаты Людмилæ, горæт Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ацы хатт залы æрæмбырд сты Ирыстоны цæрæг адæмæн сæ хуыздæр хай, сæ аккагдæр минæвæрттæ, уымæн æмæ дзы алчидæр йæ дæсныйад равзæрста йæ уды уæлмонц æнкъарæнтæм гæсгæ. Дохтыр, ахуыргæнæг, социалон кæнæ культурон къабазы кусæг, алчидæр сæ ацы зæххыл æххæст кæны сæрмагонд æмæ сыгъдæг хæс — æххуыс кæнын адæмæн æмæ сын сыгъдæгзæрдæйæ лæггад кæнын. Ацы хæс æххæст кæнын хауы канд бюджетон къабазы кусджытæм нæ, фæлæ, Битарты Вячеславы ныхасмæ гæсгæ, хицаудзинады органты минæвæрттæм дæр, æмæ йæ алчи йæ куысты бынаты хъуамæ æххæст кæна цасгомджынæй æмæ рæстзæрдæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, бюджетон кусæгæн йæ ном йæ уæлæ ис, æмбæрстгонд у, йæ цард æмæ йæ куысты уавæртæ, йæ авналæнтæ æмæ гæнæнтæ аразгæ кæй сты, республикон бюджет цы уавæры ис, уымæй. Уымæ гæсгæ фæрстытæ фылдæр хатт уыдысты, дзуапп ссарæн æнцон кæмæн нæу, ахæмтæ. Инвалидтæ, сидзæрæй æмæ æвæгæсæгæй баззайæг сывæллæттæ, зæрæдтæ — се ‘ппæт дæр сты, уæлдай фылдæр цæстæнгас чи домы, адæмы уыцы хай. Уымæ гæсгæ фыццаг фарст республикæйы разамонæгмæ радта инвалидты реабилитацийы центры сæргълæууæг Цæллагкаты Жаннæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй республикæйы æххæстгонд цæуы федералон программæ «Доступная среда». Йæ цæуын йæ бар кæмæн нæу, ахæм æххуысхъуаг адæмæн арæзт цæуынц æнцонвадат уавæртæ, сæхи бон æнæ искæй æххуысæй бацæуæн куыд уа алы æхсæнадон бынатмæ дæр. Фæлæ цæмæн хъæуынц уыцы уавæртæ, фæрсы Жаннæ, инвалидæн йæ хæдзарæй рацæуын йæ бон куы нæ уа, йæ фатермæ бацæуæны пандустæ арæзт куы нæ уа, уæд? Зæрæдты хæдзар «Забота»-йы директор Закаты Иринæ арфæ ракодта республикæйы разамонæгæн, ног цалцæггонд бæстыхæйттæ сæм кæй фæзынд, уый тыххæй. Фæлæ дзы æрцæрын кæй фæнды, уыцы адæмы рад, хъыгагæн, къаддæр нæ кæны, хæдзары сæйраг бæстыхай та нырма цæттæ нæу, уымæ гæсгæ сæм бынæттæ фаг нæй. Фарста алыг кæнын Битарты Вячеслав бахæс кодта фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъесаты Игорæн. Уый куыд загъта, афтæмæй министрад баныхас кодта Уæрæсейы Пенсион фондимæ, æмæ сын уырдыгæй ног азы цы æххуыс радих кæной, уымæй зæрæдты хæдзары сæйраг бæстыхай цалцæггонд æрцæудзæн. Уымæй уæлдай ма зæрæдты хæдзар-интернат ацы аз кусын райдайдзæн Мæздæджы дæр. Сидзæр сывæллæттæ хæссынмæ чи райста, ахæм бинонтæн, стæй цыбыркъух бинонтæн социалон æххуыс фæфылдæр кæныны фарстайыл дзырдтой Фæллой æмæ социалон рæзты министрады кусæг Икъаты Сослан æмæ горæты Терчыфалейы районы социалон лæггадгæнæг центры разамонæг Диамбегты Джульеттæ. Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы социалон лæггадгæнæг центры разамонæг Джыккайты Ларисæ та бахаста ахæм фæндон, цæмæй, атомон куыстуат «Маяк»-ы срæмыгъды рæстæг хъыгдард баййафджытæй ма нæ республикæйы цы 21 адæймаджы цæры, уыдонæн фылдæргонд æрцæуа се ‘рвылмæйон социалон уæлæмхасæн фиддон. Социалон лæггадгæнæг къабазы минæвар Людмилæ Макарова дзырдта, социалон кусджытæ сæ куысты хицæндзинадмæ гæсгæ сæхæдæг дæр арæх социалон æххуысхъуаг кæй вæййынц, ууыл. Сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы директор Тменаты Феликс та Битарты Вячеславæн арфæ ракодта, республикæйы разамонджытæй уый кæй разынд иунæг, «Хуры тын» чи бабæрæг кодта æмæ сын сæ фарстатæ цыбыр рæстæгмæ чи алыг кодта. Стæй ма йын раарфæ кодта, ахæм хорз хъæппæрис кæй равдыста, æмæ сидзæрты хæдзары алы рауагъдоны дæр кæй бафидар кæнынц хицæн министрад кæнæ ведомствомæ, цæмæй йæм уым йæ дарддæры цардмæ уа цæстдард æмæ æххуыс. Сагъæссаг у нæ республикæйы тарнизæй рынчынты нымæцы фарста. Тубдиспансеры сæйраг дохтыр Малиты Батырбег куыд радзырдта, афтæмæй, республикæйы хицауад кæд æххуыс кæны уавæр банывыл кæнынæй, уæддæр ма бирæ сты лыггæнинаг фарстатæ дæр, сæ ахсджиагдæр — республикæйы æнæмæнг хъæуы тарнизы ныхмæ сывæллæтты санатори, раздæры азты Нузалы чи уыд, ахæм. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ног аз райдайдзысты аразын тубдиспансеры ног бæстыхай. Уымæн æхца радих кæнынæй зæрдæ бавæрдта УФйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Ольгæ Голодец. Йæ алыг кæнын зындæр у сывæллæтты санаторийы фарстайæн. Уый нæм цæмæй фæзына, уый тыххæй республикæ хъуамæ хаст æрцæуа федералон программæмæ. Фæлæ нæм цалынмæ ахæм санатори нæ уа, уæдмæ уал рынчын сывæллæтты лæвар балцæгтæй æрвитдзысты Хъырымы санаторитæм. Фæндаггаг дæр сын, Битарты Вячеславы ныхасмæ гæсгæ, уыдзæн республикæйы хардзæй. Аккаг медицинон æххуыс цыфæнды дард ран цæрæг алы адæймагмæ дæр цæмæй хæццæ кæна, уымæн тынг ахъаз у программæ «Земский доктор». Программæйы дарддæры хъысмæты тыххæй уыд йæ фарст Дзæуджыхъæуы 7-æм поликлиникæйы сæйраг дохтыр Фидараты Алыксандрæн. Республикæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй программæ кусдзæн дарддæр æмæ дзы 2017 азæй фæстæмæ архайдзысты канд дохтыртæ нæ, фæлæ астæуккаг медицинон кусджытæ дæр. Горæты 4-æм поликлиникæйы сæйраг дохтыр Мзокты Людмилæйы та тыхсын кæны поликлиникæйы раз æрлæууæн бынаты уавæр, стæй сæ рæзты цæуæг маршрутон такситы куыст. Хъуыддаг банывыл кæнын Битарты Вячеслав бабар кодта Мидхъуыддæгты министрадæн æмæ горæты администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисæн. Æмбырды ма ныхас цыд, Республикон клиникон рынчындоны цы дадзинты центр арæзт цæуы, ууыл дæр. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Михаил Ратманов куыд загъта, афтæмæй афæдзы кæронмæ уый кусын райдайдзæн. Рынчындоны сæйраг дохтыры хæдивæг Тыбылты Алыксандры та тыхсын кæны уыцы центры кусджыты цæттæ кæныны фарста. Алы нацийæн, алы адæмæн дæр чиныг, библиотекæ у уæлдай хъахъхъæнинагдæр национ хæзнатæй иу. Нæ республикæйы Национ наукон библиотекæ абон цы уавæр ис, уый тыххæй дзырдта йæ директор Хайманты Иринæ. Библиотекæйы фондты ма фæстаг хатт ног чиныг куы фæзынд, ууыл рацыд ссæдз азæй фылдæр, ома, ссæдз азмæ библиотекæйы цард хуыздæрæрдæм нæ аивта. Уый у сагъæссаг хъуыддаг, æмæ адæмы удварныл æнæфæзынгæ нæ фæуыдзæн. Уымæй уæлдай цалцæггæнинаг у библиотекæйæн йæ цар. Библиотекæйы риссаг фарстатæ алыг кæныны хæс Битарты Вячеслав сæвæрдта Культурæйы министрадыл. Рæзгæ фæлтæры иумæйаг æмæ уæлæмхасæн ахуырады, наукæйы сæ дарддæры рæзты, хъомылады æмæ ахуырады къабазы æндæр ахсджиаг фарстатыл дзырдтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты доцент, техникон уæлæмхасæн ахуырады центры ахуыргæнæг Иван Силаев, математикон лицейы директор Мæхæмæтты Франклин, Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы (хонынц ма йæ Хольцманы скъола) директор Плиты Роберт, базарадон техникумы директор Æбиты Валери, Æрыгæтты сфæлдыстады галуаны директор Гуыцмæзты Аннæ, 4-æм профессионалон лицейы разамонæг Цопанаты Беллæ, Сывæллæтты æмæ æнахъомты организацийы цæдисы сæрдар Мæргъиты Жаннæ. Алчидæр сæ йæ фарстæн райста бæлвырд дзуапп. Зæгъæм, 47-æм скъолайыл цæуы æгæр уæз, æмæ уый фæрогдæр кæнынæн йæ фарсмæ аразын райдайдзысты, ахуырдзауты 560 бынаты кæм уа, ахæм ног скъола, стæй ма, 220 сывæллонæн бынат кæм уа, ахæм рæвдауæндон дæр. Аивад æмæ культурæйы уавæрыл, культурæйы кусджыты сагъæстæ æмæ сæ риссаг фарстатыл дзырдтой Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Гуырдзыбегты Иринæ, Уæрæсейы адæмон артисттæ Гæздæнты Булат æмæ Владимир Уваров, РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Бытъæты Роберт. Бюджетон къабазы кусджыты мыздыл дзургæйæ, Битарты Вячеслав зæрдæ бавæрдта, фарстайыл куыст кæй цæудзæн, уымæй, æмæ, бюджеты æфтиæгтæ куыд фылдæр кæной, афтæ уыцы æфтиæгтæм гæсгæ фылдæр кæй кæндзæн ацы къабазы кусджыты мызд дæр. Бизнесы архайджытæ адæмы социалон фарстатæ лыг кæнынмæ æнæзивæгдæр цæмæй уой, ууыл, стæй бюджетон къабазы кусджытæн сæ хуыздæрты хорзæхджын кæныныл дæр дзырдта республикæйы разамонæг. Нысантæ бирæ сты, фæлæ иунæг хъуыддаг у бæлвырд — ахæм фембæлдтытæ сты пайда, уымæн æмæ дзы ныхас кæуыл фæцæуы, уыцы фарстатæ лыггонд цæуынц æнаргъæвгæйæ, радыгай. Фембæлды архайджытæ ма ахæм фæндон бахастой, цæмæй бюджетон сферæйы алы къабазы кусджытимæ дæр Битарты Вячеслав фæстæдæр фембæла хицæнæй, уымæн æмæ æгæр бирæ æрбамбырд лыггæнинаг фарстатæ. Æмæ сын уымæй дæр Битарты Вячеслав зæрдæ бавæрдта. ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here