Арфæтæ — Битарты Вячеславæн

0
982

Битарты Вячеслав Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгæй æвзæрст кæй æрцыд, уый фæдыл ын бирæ адæм арфæтæ кæнынц. Республикæйы Сæргълæууæджы номыл арфæйы телеграммæтæ æмæ фыстæджытæ цæуынц нæ бæстæйы алы рæттæ æмæ дунейы бирæ бæстæтæй.

Цæгат Ирыстоны ног æвзæрст Сæргълæууæгæн йæ зæрдæ æнтыстдзинæдтæ кæй зæгъы, уый йæ телеграммæйы фæбæрæг кодта УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенко. «Фидарæй мæ уырны, дæ кад æмæ дæ курдиаты, регионы лыггæнинаг фарстатæ бæстон кæй зоныс, æппæт уыдæтты фæрцы республикæйы экономикон уавæр къуырцдзæвæнæй кæй рацæудзæн, уый. Мæ зæрдæ дын зæгъы стыр æнтыстдзинæдтæ дæ ног бынаты», — фыссы Федерацийы Советы Сæрдар. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгæн арфæтæ ракодтой Федерацийы Советы федеративон арæзты регионалон политикæйы, бынæттон хиуынаффæйад æмæ Цæгаты регионты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Дмитрий Азаров, Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар Сыбыры федералон зылды Сергей Меняйло, УФ-йы генералон прокуроры хæдивæг Иван Сыдорук. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Цæлыккаты Руслан йæ телеграммæйы фыссы: «Мæ зæрдæ дарын, дæ архайд республикæйы райрæзтæн ахъаз кæй уыдзæн, стæй цы арфæйаг хъуыддæгтæ аразын райдыдтай, уыдон æнтыстджынæй æххæстгонд кæй æрцæудзысты, ууыл». Ахуырад æмæ наукæйы къабазмæ цæстдарды федералон службæйы разамонæг Сергей Кравцов дæр Битары-фыртæн арфæ ракодта, республикæйы Сæргълæууæгæй йæ кæй равзæрстой, уый фæдыл. «Ныфс мæ ис, нæ дарддæры æмгуыстад ноджы æнгомдæр кæй уыдзæн, уымæй. Фыдыбæстæйы ахуырады системæйы райрæзтыл иумæ архайдзыстæм», — загъд ис Сергей Кравцовы телеграммæйы. Битарты Вячеславы номыл зæрдиаг арфæтæ сæрвыстой Санкт-Петербурджы Марияйы театры аивадон разамонæг æмæ генералон директор Гергиты Валери, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутаттæ Алексей Журавлев æмæ Гаджимет Сафаралиев, Европарламенты депутат Венгрийæ Бэла Ковач, Республикæ Белорусийы Æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Игорь Петришенко, Италийы республикæйы Генералон консул Хуссайраг æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты Пьерпаоло Лодиджиани. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы номыл телеграммæтæ сæрвыстой Волгограды областы Губернатор Андрей Бочаров, Чувашийы республикæйы Сæргълæууæг Михаил Игнатьев, Ямалы-Ненецты Автономон зылды Губернатор Дмитрий Кобылкин, Орелы облæсты Губернатор Вадим Потомский, Оренбурджы областы Губернатор Юрий Берг, Республикæ Сахайы (Якутийы) Сæргълæууæг Егор Борисов, Вологдайы областы Губернатор Олег Кувшинников, Хъæрæсе-Черкессийы республикæйы Сæргълæууæг Рашид Темрезов, Адыгейы республикæйы Сæргълæууæг Аслан Тхакушинов, Тæтæры республикæйы Сæргълæууæг Рустам Минниханов. Стъараполы крайы Губернатор Владимир Владимиров йæ телеграммæйы куыд фæнысан кодта, афтæмæй «абон фæрныг ирон зæххыл æппæт фадæттæ дæр ис экономикæ æмæ социалон къабазы дарддæры райрæзтæн. Ныфс мæ ис, дæ профессионалон дæсныдзинады, Президент æмæ де ‘мзæххонты æххуысæй республикæйы размæ лæууæг фарстатæ æнтыстджынæй кæй лыг кæндзынæ, уымæй». «Мæ зæрдæ дын зæгъы стыр æнтыстдзинæдтæ дæ профессионалон архайды, республикæйы цæрджыты фæрныгадæн цы пълантæ снысан кодтат, уыдон цæмæй æнтыстджынæй æххæстгонд цæуой», — ахæм арфæтæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгæн ракодта Уæрæсейы Федерацийы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Кавказы регионалон центры хицау, инæлар-булкъон Николай Литюк. Битарты Вячеславæн арфæ кæнынц Тæрхонадон уынаффæтæ æххæст кæныны федералон службæйы Архангельскы областы управленийы хицау Хъуппеты Алан, компани «РОСГОССТРАХ-Медицина»-йы генералон директор Надеждæ Гришина, компани «Евродон»-ы генералон директор Уанеты Вадим, Уæрæсейы Хæдбар профцæдисты федерацийы сæрдар Михаил Шмаков, организаци «СГОНКОО «Алания»-йы сæрдар Мæргъиты Анатоли, ССР Цæдисы сгуыхт тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй, спорты мастер Гаситы Хъамболат, æнæххæст бæрнондзинад æхсæнад «Абрикос»-ы генералон директор Алан Рогачев, компани «Ростелеком»-ы Цæгат Ирыстоны филиалы директор Евгений Гальцев æмæ бирæ иннæтæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here