Ирон бæгæныйы бæрæгбон

0
1119

Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Хетæгкаты Къостайы хъæуы уыд ирон бæгæныйы конкурс-фестиваль. Конкурсы архайынмæ æрбацыдысты Знауыры, Дзауы, Ленингоры æмæ Цхинвалы районты бæгæныфыцджыты хуыздæр минæвæрттæ æдæппæт 15 сылгоймаджы.

Хъæумæ бацæуæны сæрдыгон театры аив фæлгонцгонд бындурон сценæйы раз, æрдзы хъæбысы уæрæх фæзы цыппар районы минæвæрттæ дæр равæрдтой æрмæст сæ бæгæныйы хуызтæ нæ, фæлæ сæм фæззыгон бæркадæй цыдæриддæр уыд, уыцы хойрæгтæ. Æрбацæуæг адæм афтæ бæрæгбонхуыз уыдысты æмæ сæ цæсгæмттæй сæ зæрдæты рухс ивылди. Уæлдай æхсызгондзинад хаста, бирæ сабитæ æмæ дзы фæсивæд кæй уыд, уæнгрог зæрдæрухсæй кæй тезгъо кодтой, уый. Районты павильонтæй сценæмæ иу фарс арæнхъ сты Къостайы хъæуы скъола-студийы æвзонг нывгæнджыты конд нывтæ. Алы ныв дæр æвдисы фидæнмæ тырнындзинад, рухс æмæ ныфсы фæлварæнтæ. Сæ ахуыргæнæг — нывгæнæг Гæбæраты Барис куыд загъта, афтæмæй скъолайы ис хорз фадæттæ сабиты аивады фæндагыл аразынæн. Скъолайæн гом уроктæ аразынæй æмæ ахуыргæнæн чингуытæй стыр æххуыс кæны зындгонд нывгæнæг Челæхсаты Магрез. Бæрæгбоны архайджытæ къордтæ-къордтæй кæсынц сабиты нывтæм. Бæрæгбоны фæзы иннæ фарс сабитæ æмæ фæсивæдæй иутæ сæ хъару æвзарынц бæндæн ивазынæй, иннæтæ та — армæй хæстæй. Цымыдисæй сæм кæсынц хистæртæ дæр. Хистæрты иннæ къорд зилынц районты минæвæрттыл арфæтимæ. Скувынц се сконд бæгæныйæ, саходынц сæ хойрагæй. Мæнæ сценæмæ рахызтысты Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Тъехты Алан, Цхинвалы районы сæргълæууæг Плиты Алан, районы культурæйы хайады хицау Гаглойты Ростислав æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон сфæлдыстады æмæ этнотуризмы центр «Фарн»-ы директор Цæриаты Валери. Тъехты Алан республикæйы Президент Тыбылты Леонид æмæ Хицауады номæй зæрдæбын арфæтæ ракодта бæрæгбоны архайджытæн. Адæмæн фехъусын кодта, сæ бæрæгбоны кæй архайынц кадджын уазджытæ Воронежы областæй: Хицауады Сæрдары хæдивæг Еленæ Федотова, Экономикæйы рæзты министр Анатолий Букреев æмæ горæт Воронежы администрацийы хицауы хæдивæг — цхинвайлаг Плиты Маринæ. Тъехы-фырт уæлдай арфæ ракодта Цæгат Ирыстон-Аланийы бæгæныфыцæн компани «Бавари»-йы æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон сфæлдыстад æмæ этнотуризмы центр «Фарн»-ы минæвæрттæн. Ацы бæрæгбон Хуссар Ирыстоны арæзт цæуы æртыккаг хатт. Фыццагдæр та райдыдта Цæгат Ирыстоны авд азы размæ — центр «Фарн»-ы адæмон сфæлдыстады хайады хицау Битарты Ларисæйы хъуыды æмæ бæгæныйы завод «Бавари»йы уæды разамонæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Бæгæныйы конкурстæбæрæгбæттæ Ирыстоны хъæутæ æмæ районтæй ахызтысты, ирæттæ бирæгæйттæй кæм цæрынц, уыцы республикæтæ æмæ горæттæм дæр. Æрæджы уыдысты не ‘мзæххонтæм Самарæйы горæты дæр. Уыцы бæрæгбон æрмæст ирæтты зæрдæмæ нæ фæцыд, фæлæ Самарæйы æппæт цæрджыты зæрдæмæ дæр. Ныр та æртыккаг хатт сæ зонындзинæдтæ, сæ арæхстдзинæдтæ фæлварынц Хуссар Ирыстоны бæгæныфыцджытæ. Цалынмæ жюрийы уæнгтæ, хуыздæр кæй бæгæны у, уый æвзæрстой, уæдмæ уал бæрæгбонмæ æрбацæуджытæ бакастысты районы культурæйы хихъæппæрисадон къордты хæрзарæхст фольклорон аивады дæснытæм. Концерт адæмы зæрдæмæ тынг кæй фæцыд, ууыл дзурæг у уый, æмæ куыддæр райдыдта, афтæ йæ кæронмæ бæрæгбоны архайджытæ се ‘ппæт дæр сæ цæст нæ истой сценæйæ. Фæлæ æрцæуинаг цы хъуыддаг уа, уымæн æнæ æрцæугæ нæ вæййы, æмæ мæнæ сценæмæ рахызтысты жюрийы уæнгтæ. Компани «Бавари»-йы сæйраг технолог Дыдарты Георги бакаст, конкурсы хуыздæр бæгæныфыцджытыл нымад чи æрцыд, уыдоны нæмттæ. Ацы хатт фæуæлахиз сты æмæ æртыккаг бынат лæвæрд æрцыд Знауыры районы цæрæг Кокойты Ленæйæн, дыккаг — Знауыры районы цæрæг Джиоты Валентинæйæн, фыццаг бынат та бацахста Цхинвалы районы цæрæг Мæлдзыгаты Фатимæ. Бæрæгбоны конкурсы архайджытæн се ‘ппæтæн дæр лæвæрд æрцыд дипломтæ, Цхинвалы районæн та ма æхцайы преми дæр. Фыццаг бынат бацахсæг Мæлдзыгаты Фатимæйы схорзæхджын кæныны бар радтой Еленæ Федотовайæн. Уæлахиздзауы схорзæх кæныны фæстæ уый загъта: — Абон у цины бон. Разы стæм уæ бæгæныйæ, фæлæ нын уæлдай æхцондзинад хæссынц уæ зæрдæты рухс, уæ цинæйдзаг цæсгæмттæ, уæ уазæгуарзондзинад, уе ‘фсарм æмæ уæ рæсугъд æгъдæуттæ. Ам æз федтон тынг бирæ рæсугъд курдиатджын адæм. Ацы фæрнæйдзаг арфæгонд зæхх æз бауарзтон. Бауарзтой йæ нæ делегацийы уæнгтæ иууылдæр. Мах федтам, адæм сæ къæхтыл куыд слæууыдысты, куыд фæцардхуыз сты. Мах федтам æмæ уынæм уæ рухс фидæн. Уыдон та сты уæ зондджын æмæ курдиатджын разамынды фæрцы æмæ сын Хуыцау раарфæ кæнæд. Мах та æдзухдæр уыдзыстæм уæ фарсмæ. Суанг изæрдалынгтæм адæм цин кодтой сæ бæрæгбоныл. Уæлахиздзаутæ кæд æртæ йеддæмæ нæ равзæрстой жюрийы уæнгтæ, уæддæр уыцы бон бæрæгбоны алы архайæг дæр йæхи хатыдта уæлахиздзауæй. Уымæн æмæ рæсугъд бæрæгбон алкæмæн дæр цин хæссы. Хуссар Ирыстоны та тынг хорз зонынц бæрæгбæттæ кæнын дæр, кусын дæр æмæ, куы бахъæуа, уæд тох кæнын дæр. Фæстагæй сæ бахизæд Хуыцау!

КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here