«Республикæйæн пайда æрхæссыныл чи кусы, уыцы фæсивæдæн хъæуы æппæтвæрсыг æххуыс»

0
715

«Амалхъомадон архайдмæ чи бавнæлдта æмæ республикæйæн пайда æрхæссыныл чи кусы, уыцы фæсивæдæн хъæуы аргъ æмæ æппæтвæрсыг æххуыс кæнын», — ахæм хъуыды Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав загъта, кусæг æрмадз «Bonsard» бабæрæг кæнгæйæ.

Райдайгæ амалхъом Дмитрий Воронков йæ хæлæрттимæ ныр азæй фылдæр кусы сæракæй конд дзаумæтты куыстад рапарахат кæныныл. Æрыгон амалхъомтæ сæ проект 2016 азы сæрды равдыстой фæсивæдон форум «Машук»-ы. Республикæйы Сæргълæууæгмæ уыцы проект цымыдисаг фæкаст, æмæ фæсивæдæн æххуысæй зæрдæ бавæрдта. Куыстуат уал ныридæгæн уадзы портмонетæ, паспорты цъæрттæ æмæ сæракæй конд æндæр ахæм лыстæг дзаумæттæ. Хомаджы хуызы пайда кæнынц Хуссар Корея æмæ Туркæй ласт фосдзармæй. Сæ продукци уал уæй кæнынц социалон хызæгты фæрцы. Æрыгон амалхъомтæн сæ пъланы ис сæракæй конд хызынтæ хуыйын дæр. Фæлæ цæмæй уый къухы бафта, уымæн хъæуы уæлæмхасæн бæстыхай бацагурын æмæ хъæугæ ифтонггæрзтæ балхæнын. Ныртæккæ уал та 12 квадратон метры фæзуаты æрмадзы кусы 3 адæймаджы. Æрмадзы продукцийы хуызæгтæ фенгæйæ, Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй лæппуты къухвæллой зæрдæмæдзæугæ у, куыстад хъæуы рапарахат кæнын. Битарыфырт амалхъомтæм бахатыд, цæмæй хæстæгдæр рæстæг бацæттæ кæной сæ дарддæры архайды бизнес-пълан, уыимæ дзы хъуамæ бæлвырд фыст æрцæуа, ног кусæнгæрзтæ балхæнынæн цы фæрæзтæ хъæуы, уыдоны бæрц. Уый фæстæ та ахъуыды кæнын хъæудзæн, цæмæй ацы продукцийæн фæндаг уа иннæ уæрæсейаг регионтæм дæр. Битарты Вячеслав экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбегæн бахæс кодта, цæмæй сын бацагура куыстадон фæзуат, республикæйы Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Цæлыккаты Барисæн та — æрыгон амалхъомтæн æххуыс кæнын. Фембæлды кæронбæттæны Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй чысыл амалхъомады рæзты фарстатæм уыдзæн иудадзыг цæстдард.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады прессслужбæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here