«Адæмы хорз цард — нæ куысты бæрæггæнæн»

0
702

Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын Цæгат Кавказы федералон зылды Олег БЕЛАВЕНЦЕВ кусæг балцы уыдис Цæгат Ирыстоны.

Беслæны аэропортмæ ссæуыны фæстæ, уый аныхас кодта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ. Æргом аздæхтой республикæйы социалон-экономикон рæзты сæйрагдæр рахæцæнтæм, регионы ахсджиагдæр зындзинæдтæ алыг кæныны охыл Æххæстбарджыны минæварадимæ æмгуыстадмæ. Олег Белавенцев куыд бафиппайдта, афтæмæй йын ацы балц Цæгат Ирыстонмæ у фыццаг, фæнды йæ иумæйаг уавæр базонын. Ис, иумæ кæуыл кусынц, ахæм цалдæр ахсджиаг фарстайы. «Уæззау бынтæ нын баззад, фарстатæ æрæмбырд æмæ уыдон алыг кæныны охыл æххæстгæнæг хицаудзинады органтимæ бирæ хъуыддæгтæ саразын хъæуы», — афтæ фæсидт Æххæстбарджын минæвар республикæйы разамонæгмæ. Битарты Вячеслав æмæ Олег Белавенцев бабæрæг кодтой Беслæны мемориалон уæлмæрд, æрæмысыдысты террористон фыдбæллæхы чи фесæфт, уыдоны, дидинджытæ сæвæрдтой «Хъыджы бæлас»-ыл. Дзæуджыхъæуы республикæйы разамонæг æмæ уазæг, фыццагдæр, бацыдысты Намысы мемориалмæ, уым Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты историон факультеты декан Плиты Зæлинæ уазджытæн радзырдта мемориалон комплекс куыд фæзындис æмæ йын фæсивæды хæстон-патриотон хъомылады цы ахадындзинад ис, уый тыххæй. Дарддæр, кусæг балцы рæстæг, фысымтæ æмæ уазджытæ бабæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институт. Йæ разамонæг Хъаныхъуаты Зæлинæ радзырдта наукон кусджытæ цæуыл архайынц, уый тыххæй, базонгæ йæ кодта, чингуыты фонды сæм цы зынаргъ æмæ стæм чингуытæ ис, уыдæттимæ. «Нæ институты ис, 17-æм æнусы цы къухæйфыст чингуытæ фæзынд, уыдон, семæ грекъаг грамматикæ дæр, аргъуанты уагъд литературæ. Сæ иу хай ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыд, ууыл бакуыстой удварнон ителлигенцийы минæвæрттæ. Ахсджиаг у æппынæдзух нæ чингуыты фондыл кæй æфты, уый», — загъта институты директор. Фехъусын ма кодта, 2019 азы институтыл 100 азы кæй сæххæст уыдзæн, уый дæр. Олег Белавенцев разыйæ баззади, куыд бафиппайдта, афтæмæй институт у стыр сфæлдыстадон æмæ интеллектуалон хъомысы хицау. Фæлтæрты ‘хсæн наукæйы дæр бастдзинад кæй ис, уый фæрцы та дзурæн ис дарддæры рæзтыл. Хицауады хæдзары барадхъахъхъæнæг органты разамонджытимæ æмбырды фæстæ Битарты Вячеслав æмæ Олег Белавенцев дзуапп радтой уацхæсджыты фæрстытæн. Мемориалон уæлмæрд бабæрæггæнгæйæ йæм цы æнкъарæнтæ фæзынди, уыдоны кой кæнгæйæ, Æххæстбарджын ногæй фæбæрæг кодта, терроризмимæ тохы лæмæгъдзинад кæй не ‘руадздзысты, уый. Загъта, ома, терроризмæн йæ уидаг сыскъуындзысты æмæ йæ бынтондæр кæй фесафдзысты, ууыл хъуамæ гуырысхо мачи кæна. Бацамыдта, тыхы æмæ барадхъахъхъæнæг структурæтæн террористон фæзындтæн ныхмæлæуд иумæ хорз кæй æнтысы, уый. «Республикæйы Сæргълæууæгæн æнцон кусæн нæу, фæлæ мах зонæм, цы æмæ куыд кæнгæ у, уый. Уæрæсейы Федерацийы разамынд нын нæ размæ цы хæстæ æвæры, уыдон иумæйагæй æххæст кæндзыстæм. Республикæйы разамонæг цы фыццаг къахдзæфтæ скодта, уыдон æвдисынц бюджет æххæстгонд кæй цæуы, уый. Уыцы уавæр Уæрæсейы Президентмæ фæхæццæ кодта Хъалонты службæйы хицау. Хицауад фидаргонд цæуы æмæ кадрты фарстатæ сты æппæты вазыгджындæр, уымæ гæсгæ уæ тыхтæ уыцы ‘рдæм саразут. Республикæйы Сæргълæууæг архайы, æмæ йын хъæуы баххуыс кæнын, йæ фарсмæ балæууын, адæмы æмæ бæстæйы разамынды æууæнчы фæрцы. Адæм хуыздæр цæрын райдыдтой, уый куы бамбарой, уæд уый уыдзæн нæ куысты бæрæггæнæн. Мах хъуамæ уыцы бæрæггæнæныл иумæ кусæм. Уæрæсе кæддæриддæр йæ регионтæй уыдис фидар æмæ мах, Цæгат Кавказы федералон зылды, уæлдай æргом здахæм регионты рæзтмæ», — загъта Æххæстбарджын минæвар. Битарты Вячеслав арфæ ракодта Æххæстбарджынæн, Цæгат Ирыстонмæ æппынæдзух йæ хъус кæй дары, ахсджиагдæр фарстатæ алыг кæныны нæ фарсмæ кæй æрбалæууы, уый тыххæй. «Фыццагдæр зæгъдзынæн уый, æмæ хъæбæр нозты продукцийы акцизтæй райстам дæс хатты фылдæр. Цæгат Ирыстон уыцы фарста алыг кæныны охыл фæсидт федералон хицаудзинадмæ, ахъаззаг æххуыс бамбæрстам Æххæстбарджыны минæварады ‘рдыгæй. Æндæр фарстаты тыххæй дæр нæм фæкастысты, уыдонимæ — хæстон-промышленнон комплексы куыстуæттæ сæ къахыл слæууын кæнын», — загъта республикæйы Сæргълæууæг. Æххæстбарджын минæвары кусæг балцы кæронбæттæны уыдис æмбырд республикæйы æххæстгæнæг хицаудзинады органты минæвæрттимæ, ныхас дзы рауад регионалон рæзты фарстатыл.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here