Гасситы Мурат — Дунейы чемпион боксæй

0
874

Мæскуыйы спортивон галуан «Мегаспорт»-ы 3 декабры изæрæй цы цау æрцыд, уымæ Ирыстон æмæ æгас Уæрæсейы спортуарзджытæ цалдæр мæйы дæргъы æнхъæлмæ кастысты стыр цымыдисæй. Уый уыди профессионалон боксы стыр изæр. Цы цалдæр тохы дзы хъуамæ цыдаид, уыдонæн сæ сæйрагдæр уыди ныридæгæн æнæхъæн дунейыл хъуыстгонд, дунеон профессионалон боксы дыууæ версийы чемпион Денис ЛЕБЕДЕВ æмæ ирыстойнаг курдиатджын боксер ГАССИТЫ Мураты фембæлд.

762280-murat-gassievДенис Лебедев æмæ Гассийы-фырты тох Уæрæсейы спортуарзджытæ рагацау банымадтой профессионалон боксы афæдзы сæйрагдæр цауыл. Тынг æм æнхъæлмæ кастысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны. Мураты иузæрдион фарсхæцджыты уырныдта, йæхи сæрæнæй кæй равдисдзæн, æмæ сæ нæ фæфыдæнхъæл кодта. Тох райдайæны размæ дыууæ ныхмæлæууæджы дæр куы фарстой журналисттæ, уæд Мурат загъта: «Æз Денис Лебедевæн кæнын стыр аргъ, куыд спортсмен æмæ адæймаг. Ныронг уымæй тыхджындæр ныхмæлæууæгимæ нæма сæмбæлдтæн ринджы, фæлæ рингмæ рацæудзынæн фæуæлахиз уæвынмæ. Мæхицæн нысан сæвæрдтон дунейы чемпион суæвынмæ æмæ уымæ тырндзынæн ме ‘ппæт тыхтæй дæр. Мæ тренертæ Сланты Витали æмæ Авель Санчесимæ стыр куыст бакодтам æмæ мæхи нымайын хорз цæттæйыл». Мураты гæнæнты тыххæй та Денис Лебедев загъта: «Æз зонын, Муратæн йæ тых цæй мидæг ис, уый, æмæ мæ тренеримæ АИШы уæвгæйæ, нæхи цæттæ кодтам, йæ тыхджын цæфты ныхмæ куыд архайын хъæудзæн, ууыл. Зонын æй, Мурат цæудзæн размæ, агурдзæн фадат мæн цæфмæ æрцахсынмæ, фæлæ йын æз хъуамæ ахæм фадат ма раттон. Уый хыгъд мæхæдæг агурдзынæн мадзæлттæ рамбулынмæ æмæ мæ уырны, мæ фæнд кæй рауайдзæн, уый». Зæгъын хъæуы уый, æмæ дыууæ боксеры дæр сæхи хæрзæгъдауæй кæй равдыстой райдайæнæй кæронмæ. Мурат æмæ Денисы тохы размæ ма цы цалдæр ахсджиаг тохтæ цыди ринджы, уыдонæй иуы Ирыстоны спортуарзджыты зæрдæтæ барухс кодта æппæты рогдæр уæзы боксæй хæцæг Челæхсаты Георги. Нæ сæрæн лæппу уыцы изæр тох кодта, телеканал «Матч-ТВ» цы профессионалон боксы равдыст аразы «Бой в большом городе», зæгъгæ, уый уæлахиздзау суæвыныл. Георги амæй размæ ацы бар рамбылдта æндæр ныхмæлæуджытимæ тохты. Ныр йæ ныхмæлæууæг уыди мæскуыйаг курдиатджын боксер Владимир Мышев. Сæ тох рауад цымыдисаг. Фыццаг раунды дыууæйæ дæр уыдысты æмдых. Мышев ныфсджынæй архайдта размæ бырсынмæ, фæлæ Георги йæхиуыл уæззау цæф не ‘руагъта. Дыккаг раундæй фæстæмæ Челæхсайы-фырт тынгæй-тынгдæр къуырцдзæвæнмæ тæрын райдыдта Мышевы æмæ йæ æппынфæстаг 4æм раунды уæззау цæф куы фæкодта, уæд тох баурæдтой. Георги рамбылдта чемпионы ном æмæ йын изæр аразджытæ чемпионы ронимæ балæвар кодтой фатер Мæскуыйы.

Спортуарзджыты ‘хсæн уыцы изæр чысыл нæ уыд не ‘мзæххонтæ, æмæ уыдоны цинæн кæрон нал уыд. Ам ма æхсызгон уыд, Челæхсайы-фырт рингмæ куы рацæйцыд, уæд «Мегаспорт»-ы залы нæ зындгонд зарæггæнæг Тайсауты Оледжы хъæлæс кæй айзæлыд, уый. Олег зарыд Торчынты Амырханы зарæг «Мæ Ирыстон». Ринг-анонсер куы радзырдта, ныр та рингмæ хонæм Денис Лебедев æмæ Гасситы Мураты, зæгъгæ, уæд ма, залы цы цалдæр мин адæймаджы бадт, уыдоны æмдзæгъд æмæ цинæн æмбал, кæм уыди! Дыууæ боксеры дæр фыццаг раундæй суанг 12-æмы кæронмæ равдыстой æвæджиауы цымыдисаг бокс. Денис Лебедев, куыд загъта, раст афтæ райдыдта йæ тох Мурат. Цыди размæ, агуырдта фадат йæ ныхмæлæууæджы цæфмæ æрцахсынмæ, фæлæ Денис, раст цыма йыл 37 азы нæ, фæлæ 20 азы цæуы, афтæ цырд змæлыд ринджы. Уыимæ, йæхæдæг архайдта Мураты сæрмæ баххæссынмæ. Дыууæ боксеры дæр нæ лæвæрдтой фадат сæхиуыл уæззау цæф æруадзын, фæлæ тох иуварсæй уыд рæсугъд æмæ цымыдисаг. Ахæм уавæры ацыдысты 4 раунды. 5-æм раунды Мурат йæ архайд ноджы фæхъазуатондæр кодта æмæ йæ иу уæззау цæф Денисы фарсыл куы сæмбæлд, уæд уый фæцудыдта. Тæрхонгæнæг нокдаун банымадта æмæ бирæтæ æнхъæл уыдысты, ныр Гассийы-фырт рæстæгæй раздæр тох йæхи пайдайæн фæуыдзæн, зæгъгæ. Фæлæ Лебедев йе ‘муд æрцыди, æмæ тох ахаста 12-æм раунды кæронмæ. Ныр каст уыд, тæрхонгæнджытæ уæлахиз кæмæн ратдзысты, уымæ. Æмæ фыццаг тæрхонгæнæг уæлахиз радта Денис Лебедевæн. Иннæ дыууæ та уæлахиздзауыл банымадтой Гасситы Мураты. Афтæмæй, профессионалон боксы IBF-ы версийы дунейы чемпион ссис Гассийы-фырт! «Денис мын арфæ ракодта, æз та уымæн загътон: «Бузныг». Ахæм тыхджын ныхмæлæууæгимæ никуыма фембæлдтæн ринджы. Денис уыд тынг хорз цæттæ, æмæ йæ рамбулын уыд тынг зын. Æз арфæ кæнын мæ иузæрдион фарсхæцджытæн, æгас Ирыстоны цæрджытæн, мæ командæйæн. Хицæнæй та Таймæзты Артурæн, Тыбылты Леонидæн, мæ мадæн, мæ хæстæджытæн æмæ, ам трибунæты цы æмзæххонтæ уыд, уыдонæн. Ныр цæудзынæн мæ райгуырæн Ирыстонмæ, мæ фæллад уадзынмæ. Уый фæстæ та цæттæ кæндзыстæм ног ерыстæм», — загъта Гассийы-фырт. Мураты уæлахизыл цин кæнынц Ирыстоны цæрджытæ Хуссарæй-Цæгатмæ. Йæ цæрæнбонмæ кувынц, адæмæн йæхи канд йе спортивон æнтыстытæй нæ, фæлæ йе ‘гъдау, йæ уæздандзинадæй кæй бауарзын кодта, уый тыххæй. Нæ редакцимæ бирæ спортуарзджытæ дзурынц æмæ нæ курынц, Муратæн сæ номæй раарфæ кæнын. Педагогон фæллойы ветеран Хуырымты-Цогойты Аллæ та нæм йæ арфæтæ æмдзæвгæйы хуызы æрбарвыста:

Мураты ног уæлахиз
Ногæй цин дæ æнтыстыл кæнæм,
Арфæйы ныхас дæуæн зæгъæм.
«Ирон», дæ номы аккаг гуырд дæ,
Æгæрон уарзт Ирыстонæй — дæумæ.

Æгас дунейыл айхъуысти дæ ном,
Макуы уæд уæлахизтæн кæрон.
Дæ хъарумæ фылдæр тыхтæ æфтæд,
Лæгты дзуар рæствæндаг дæу кæнæд!

Хуыцаубоны Гасситы Мурат æмæ йæ тренер Сланты Витали сыздæхтысты Ирыстонмæ. Беслæны аэропорты кæрты сыл æртæ уæливыхы æмæ бæгæныйы къусимæ, кафт æмæ зардимæ сæмбæлдысты сæ уарзон æмбæстæгтæ. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз зæрдиаг арфæ ракодта Гасситы Мурат æмæ Сланты Виталийæн: «Профессионалон бокс у спорты бæрзонд къæпхæн. Цæмæй уым ахæм стыр уæлахиз равдисай, уымæн хъæуы æнæкæрон лæгдзинад, тырнындзинад æмæ стыр фыдæбон. Сымах бындур сæвæрдтат ахæм уæлахизæн æмæ уын нæ зæрдæ зæгъы ног æнтыстдзинæдтæ». Гасситы Мурат раарфæ кодта, афтæ зæрдиагæй сыл цы адæм цин кодтой, уыдонæн: «Стыр бузныг уе ‘ппæтæн дæр. Æз уæ узæлд хатыдтон Мæскуыйы дæр. Уым цы ирон адæм уыд, уыдоны узæлд мын ныфсы хос уыд. Мæ ныхмæлæууæг у æцæг дунеон чемпион, æмæ йемæ тох кæнын уыд тынг зын, фæлæ æз тырныдтон æрмæстдæр уæлахизмæ. Æмæ кæд уый мæ къухы бафтыд, уæд уый сымах фæрцы дæр».

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here