«Не ‘мзæххонтæй алчидæр хъуамæ зона: кæмфæнды куы цæра, уæддæр республикæйы æххуысыл йæ зæрдæ дарæд»

0
648

Ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæныны фарстатæ, республикæйы национкультурон æхсæнадты архайд, Уæрæсейы регионтæ æмæ фæсарæйнаг бæстæты цæрæг æмзæххонтимæ æмгуыстад — ацы æмæ æндæр хъуыддæгтыл сæ кусæг фембæлды рæстæг æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав æмæ республикæйы нациты хъуыддæгты фæдыл министр ЦУЦИТЫ Аслан.

Фембæлды райдайæны республикæйы разамонæг министрмæ бахатыд, цæмæй радзура, уæлдæр амынд фарстаты фæдыл паддзахадон программæтæ куыд цæттæгонд цæуынц, уый тыххæй. Цуциты Асланы ныхасмæ гæсгæ, «20172019 азты ирон адæмы национкультурон рæзты» æмæ «2017-2019 азты ирон æвзаг хъахъхъæнын æмæ райрæзын кæныны» программæтæ цæттæ сты. Республикæйы национ-культурон æхсæнадтæ æмæ центрты архайдыл дзургæйæ, Битарты Вячеслав фæндон бахаста, цæмæй хæстæгдæр рæстæг сæрмагонд æмбырд арæзт æрцæуа æнæкоммерцион организациты минæвæрттимæ. «Иннæ азы райдайæны фембæлæм адæмимæ, нæ национ-культурон æхсæнадтæ цавæр æххуысмæ æнхъæлмæ кæсынц, уый фæдыл сын сæ хъуыдытæм байхъусæм», — загъта республикæйы разамонæг. Фидæн азы министрады куысты пълантыл дзургæйæ, Цуциты Аслан куыд бафиппайдта, афтæмæй 2017 азы 20 январы Горæтгæрон районы Æрхонкæйы станицæйы арæзт æрцæудзæн цымыдисаг бæрæгбон — Хъазахъхъаг культурæйы бон. Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт байгом кæндзысты хъазахъхъаг кълас — скъолайы æмæ хъазахъхъаг къорд — рæвдауæндоны. Уыимæ, республикæйы Сæргълæууæг нысан сæвæрдта: 2017 азы хъуамæ байгом уа ирон национ скъола дæр. Битарты Вячеслав министрады разамынды æргом аздæхта Уæрæсейы регионты æмæ фæсарæйнаг бæстæты цæрæг ирæттимæ æмгуыстады фарстатæм дæр. «Не ‘мзæххонтæй алчидæр хъуамæ зона: кæмфæнды куы цæра, уæддæр республикæйы æххуысыл йæ зæрдæ дарæд», — фæнысан кодта республикæйы Сæргълæууæг. Цуциты Асланы ныхасмæ гæсгæ, министрад рæстæгæй-рæстæгмæ видеоконференцитæ саразы ирон диаспорæйы минæвæрттимæ. Радон ахæм фембæлдтытæ нын уыдзæн 16 æмæ 23 декабры. Ахæм мадзæлтты фæрцы не ‘мзæххонтæ кæрæдзи хуыздæр базонынц, стæй лыггæнинаг фарстатыл дæр æрдзурынц. Битарты Вячеслав хорзыл банымадта не ‘мзæххонтимæ æмгуыстады ног фæтк, æмæ зæрдæ бавæрдта, уыцы видеоконференцитæй иуы кæй архайдзæн, уымæй.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here