Цалдæр боны размæ Дзæуджыхъæумæ сластой республикæйы сæйраг назбæлас, ныридæгæн Сæрибары фæзы бацахста йæ бынат. Мæнæ-мæнæ йыл мингай цырæгътæ æмæ хуызджын тымбылæгтæ цæхæр акалдзысты, уымæй ма бæлас ноджы тынгдæр сфидаудзæн. Республикæйы цæрджытæм бæрæгбоны цавæр мадзæлттæ, æхсызгон хабæрттæ æнхъæлмæ кæсынц, уый тыххæй пресс-конференцийы радзырдта горæты культурæйы управленийы разамонæг КОКАЙТЫ Алан.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, управленийы кусджытæ бацæттæ кодтой сæрмагонд пълан, рахастой йæ картæмæ æмæ уый фæрцы тынг æнцон уыдзæн базонæн, кæд æмæ кæм цавæр мадзал уыдзæн, уый. Сæйрагдæр хъуыддæгтæ конд цæудзысты Сæрибары фæзы æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл Культурæ æмæ фæлладуадзæн центрон парчы. Сæрибары фæзы 14 сахатыл райдайдзысты дзыллон мадзæлттæ, байгом дзы уыдзæн ногазон армукъа алыхуызон товартимæ. Иннæ ахæм — хицæн фæзтыл кусдзысты мастер-класстæ, мыййаг искæй зæрды куы æрыфта хи къухтæй назбæласæн хъазæн скæнын, уæд ын ахæм фадат уыдзæн. Къаннæг сабиты ирхæфсыны тыххæй та фæзы кусдзысты аниматортæ стыр куклатимæ.
— Ивгъуыд азты-иу æппæт сывæллæтты дæр фæндыд аттракционты хи аирхæфсын, атезгъо сыл кæнын, фæлæ сын нæ фаг кодтой. Ныр та сывæллон ерысы бацархайдзæн, йæ курдиат равдисдзæн зарынæй æмæ æмдзæвгæтæ радзурынæй æмæ йæм æрхаудзæн лæвар билет аттракционтæм бацæуыны тыххæй, — загъта Кокайты Алан.
Сæрибары фæзы æрбынат кæндзæн «Мандаринон кинотрамвай», кæй бафæнда, уый бахиздзæн вагонмæ æмæ кæсдзæн йæ уарзон ногазон кинонывтæм. Уым ма сын райуардзысты мандаринтæ дæр. 17 сахатыл та райдайдзæн 2017 азы кадæн бæрæгбоны концерт. Кокайты Алан куыд загъта, афтæмæй сценæйыл уыдзæн дыууæ экраны, уыдоны фæрцы бæрæгбонмæ æрбацæуæг адæмæн дæр сæ хъуыдытæ, сæ арфæтæ зæгъынæн фадат уыдзæн. Назбæласы цур кусдзысты уацхæсджытæ, бастдзинады руаджы-иу ныхасгæнæг экраныл разындзæн. Бæрæгбоны концерты артисттæй чи архайдзæн, уый тыххæй ницы загъдæуыд. Кæронбæттæны та уыдзæн музыкалон фейерверк æмæ уырдыгæй Митын Дадайы йæ цæрæн бынатмæ ахондзысты. Митын Дадайæн хи хæдзар кæй фæзынд, уый дæр у ногдзинад æмæ йыл республикæйы цæрджытæ, æнæмæнг, бадис кæндзысты. Центрон парчы йын фæзынд тынг аив, рæсугъд цæрæн бынат, кæй бафæнда, уыдоны бон æй уыдзæн бабæрæг кæнын 25 декабрæй 15 январмæ. Бацæуыны аргъ у 100 сомы, цы ‘хца дзы æрæмбырд уа, уыдонæй сывæллæттæн лæвæрттæ балхæндзысты. Афтæ зæгъæн ис, æмæ хæдзармæ бакъахдзæф кæнгæйæ, сывæллон аргъæутты бæстæмæ бахаудзæн, аныхас кæндзæн Митын Дадаимæ, радзурдзæн ын æмдзæвгæтæ, суанг ма дзы лæвæрттæ дæр райсдзæн. Уыцы ран ма уыдзæн æртæ уаты, сæ иуы цæрдзæн 2017 азы нысандар — цæхæркалгæ уасæг, иннæйы сывæллæттæ кæндзысты Ног азимæ баст нывтæ. Хуыздæр ныв æвзардзæн Митын Дада, бацагурдзæн æрыгон нывгæнæджы æмæ йын лæвæрттæ ратдзæн. Цæмæй мачи суазал уа, уый тыххæй та бацымæн уыдзæн тæвд цай адджинæгтимæ. Кокайты Алан бузныг загъта, баххуысы охыл сæ цуры чи ‘рбалæууыд, уыцы куыстуæттæ «Абрикос», «Ростелеком» æмæ «Ника»-йæн.
Нæ уацхæссæг














