Зындгонд ирон авиаконструктор

0
4080

Газет «Рæстдзинад»-ы редакцимæ нæм фыстæджытæ арæх æрбацæуынц. Се ‘ппæт дæр вæййынц цымыдисаг. Хæрзæрæджы цы фыстæг райстам, уый не ‘ппæты дæр стыр дисы бафтыдта. Фыстæджы автор у ЦИПУ-йы юридикон факультеты студент ТАУТИАТЫ Михал. Уый фыссы: «Мæ сæйраг ахуырæй уæлдай ма бирæ уарзын хæдтæхджыты тыххæй æрмæджытæ кæсын. Ахуыр сын кæнын сæ равзæрд, сæ истори. Уымæ гæсгæ æрæджы мæ иу зонгæйæ фехъуыстон, æппæт дунейыл хъуыстгонд хæдтæхæг амфиби «БЕ-200»-йы конструктор, дам, уыд ирон лæг Бериты Георги. Бирæты фæфарстон, фæлæ, хъыгагæн, ницы базыдтон бæлвырд ацы лæджы тыххæй. Курын уæ, кæд уæм хæдтæхæг амфиби «Бе-200″-йы саразæджы тыххæй исты æрмæг ис, уæд ма нæ базонгæ кæнут ацы зындгонд авиаконструкторимæ».

Æххæст кæнæм нæ газеткæсæджы курдиат.
berievСоветон зындгонд авиаконструктор, инженеронтехникон службæйы инæлар-майор Бериты Михалы фырт Георги уыд ирон. Райгуырд 1903 азы 31 январы Тифлисы хуымæтæг зæхкусæджы хæдзары.
Георги астæуккаг скъолайы сахуыр кæныны фæстæ бацыд Тифлисы æфсæнвæндæгты училищемæ. Каст æй фæци 1923 азы æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта политехникон институты. Ардыгæй 1925 азы йæхи аивын кодта Ленинграды политехникон институты науаразджыты факультеты авиацион хайадмæ. 1930 азы йæ каст фæци æмæ кусын райдыдта Мæскуыйы областы Скæсæйнаг административон зылды конструкторон бюройы. Йæ сæргъы лæууыд францаг конструктор Э.Ришар. 30-æм азты кæрон Берийы-фырт сси Р.Менжинскийы номыл конструкторон бюройы заводы денджызон бригады разамонæджы хæдивæг.
1934 азы Бериты Георги нысангонд æрцыд горæт Таганрогы хæдтæхджытæ аразæн 31-æм заводы центрон конструкторон бюройы разамонæгæй æмæ сæйраг конструкторæй. Разамынд ын лæвæрдта суанг 1968 азы онг.

Берийы-фырты разамындæй арæзт æрцыдысты хæдтæхджытæ: Сталь-6, Сталь-7; гидрохæдтæхджытæ: МБР-2, МП-1, МП-1Т; æхсæн кæмæй ис, ахæмтæ, хæдтæхджытæ — амфибитæ БЕ-12, Бе-12ПС; МДР-5, МБР-7, ЛЛ-143, Бе-8, Р-1, Бе-14 — фæлварæнæн, адæмласæн хæдтæхджытæ Бе-30 (Бе-32), фæлварæн хæдтæхæг-рæмудзæн П-10.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг завод, фæстæдæр та конструкторон бюро дæр ивд æрцыдысты Красноярскмæ. Хæдтæхæг КОР-2 (Бе-4) дæр уым сарæзтой. 1943 азы арæзт æрцыд уæлдæфон тæхæг нау ЛЛ-143-йы проект, 1944 азы та — уæзласæн хæдтæхæг ПЛЛ-144 -йы макет. Берийы-фырт йæ царды фæстаг азтæ арвыста Мæскуыйы. Амард 1979 азы 12 июлы. Ныгæд ис Мæскуыйы Кунцевскойы уæлмæрдты. Бериты Георги хорзæхджынгонд уыд Ленины дыууæ орденæй, Фæллойадон Сырх Тырысайы дыууæ орденæй, «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» майдантæй, номылдарæн хæцæнгарзæй (1953), хæстон хæдтæхæг Бе-6 саразыны тыххæй — Советон Цæдисы Паддзахадон премийæ (1968), хæдтæхæг Бе-12-ы тыххæй та — Сталины дыккаг къæпхæны премийæ. Берийы-фырты амарды фæстæ, 1992 азы Уæрæсейы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ Уæрæсейы Промышленосты министрады размæ æвæрд уыд хæс, цæмæй цыбыр рæстæгмæ саразой ахæм хæдтæхæг-амфиби, кæцыйæн дунейы мидæг ма уа æмбал. Уынаффæ æххæстгонд æрцыд. Æмæ абон Уæрæсейы сæрмæ арвы тыгъдады фенæн вæййы хæдтæхæг-«амфиби» Бе-200 «Альтаир». Сарæзтой йæ Иркутскы Бериты Георгийы номыл авиацион заводы. Фыццаг хатт йæхи уæлдæфмæ систа 1998 азы. Бе-200П -патрулон хæдтæхæг-амфиби, йæ бон дæргъвæтин рæстæг уæвын у тыгъдады 9 адæймагимæ, уыдонæй дыууæ — тæхджытæ. Бе-200ПС — патрулон сгарæг -ирвæзынгæнæг хæдтæхæг-амфиби, йæ бон сгарæн-агурæн мадзæлттæ кæнын у куыд доны, афтæ зæххыл дæр. Йæ экипажы вæййынц: дыууæ — ирвæзынгæнджытæ, дыууæ — тæхджытæ, дыууæ — механиктæ, дыууæ — фæлгæсджытæ. Бе200ЧС (Be-200ES-E) — бирæмысанджын хæдтæхæг-амфиби. Фыццаг хатт йæхи арвмæ систа 2002 азы 27 августы. Фæсарæйнаг бæстæтæй хæдтæхæг Бе-200ЧС фыццаг 2008 азы фæзынд Азербайджанмæ. 2015 азы та Индонезийы Хицауад радих кодтой æхцайы фæрæзтæ, цæмæй балхæной цыппар хæдтæхæджы Бе-200. Цæмæй сæ фæрцы тох кæной, арæх сæм цы зынгсирвæзтытæ вæййы, уыдонимæ. 2011 азæй фæстæмæ Уæрæсейы цы ног хæдтæхджытæ Бе-200 рауагътой, уыдон сты иннæтæй хуыздæр ифтонггонд. Абон йæ тактикон-техникон æрфыстмæ гæсгæ ацы хæдтæхæгæн дунейы æмбал нæма ис. Бериты Георгийы тыххæй бакæсæн ис чиныг «Георгий Бериев — гений морской авиации». Ныффыстой йæ Александр Заблотский æмæ Андрей Сальников.

КАСАТЫ Аламир

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here