Фатертæ — сидзæр сывæллæттæн

0
718

Ног азы хæдразмæ Хицауады хæдзары цы фембæлдтытæ уыд, уыдонæй иумæ æрбахуыдтой, сидзæр æмæ æвæгæсæгæй чи баззад, уыцы сывæллæтты къорды. Уæвгæ, се ‘ппæт сывæллæттæ нал сты — кæуылдæр дзы сæххæст 20 азы, кæуылдæр та — 30. Фæлæ се ‘рбацыды сæр уыд алкæмæн дæр æхсызгон — бæрæгбоны агъоммæ сын радтой сæ ног фатерты дæгъæлтæ.

Фæсивæдæн сæ ног хæдзæртты дæгъæлтæ радтой æмæ сын арфæтæ ракодтой Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймуаз, республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министр Хъесаты Игорь, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы цур Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын Кокайты Артур. Дзæуджыхъæуы Джыккайты Шамилы уынджы арæзт чи æрцыд, уыцы ног хæдзары фембæлды архайæг адæмæн радтой 17 фатеры. «Ног азы агъоммæ хи цæрæнуæтты хицæуттæ кæй систут, уый фæдыл уын зæрдиаг арфæ кæнын. Бæстæйы разамынд æппæт фадæттæй архайы, цæмæй ацы зын рæстæг дæр не ‘мбæстæгты цард хуыздæр кæна. Фæстаг азты фылдæр æргом здæхт цæуы сидзæр æмæ æвæгæсæгæй баззайæг сывæллæттæн фатертæ дæттыны фарстамæ дæр. Мæ зæрдæ дарын, адæмы социалон фарстатæ хæстæгдæр рæстæджы ахадгæ хуызы лыггонд кæй цæудзысты, ууыл. Уæ ног хæдзæрттæ та фарн æмæ амондæй хайджын уæнт!» — йæ раныхасы фæбæрæг кодта Тускъайы-фырт. Уыцы бон ног фатеры хицау чи сси, уыдонæй иу уыд Мамиты Арнольд дæр. «Абоны цаумæ рагæй æнхъæлмæ кастæн. Ныр мын фæзынд мæхи цæрæнуат — уымæй хуыздæр ма цы уа. Уым цæрдзынæн мæ бинонтимæ. Абон фатертæ чи райста, æппæт уыцы адæмы номæй стыр бузныг зæгъын республикæйы Сæргълæууæгæн, Хицауадæн, горæты администрацийæн, аразджытæн». Хъесаты Игоры ныхасмæ гæсгæ, сидзæр æмæ æвæгæсæгæй баззайæг сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны хъуыддагæн республикæйы бюджеты æрвылаз снысан кæнынц сæрмагонд фæрæзтæ. Зæгъæм, 2016 азы уыцы нысанæн радих кодтой 83 милуан сомæй фылдæр (уыдонæй 48 милуан сомы — республикæйæн йæхи фæрæзтæ). Уый фæрцы фатертæ балхæдтой 61 бинонтæн. Æмткæй райсгæйæ, фæстаг аст азы цæрæнуæттæ радтой 440 бинонтæн. Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here