Хорз бæлас уымæй фæзæгъынц, æмæ йæ дыргътæ хæрзаддæр кæмæн вæййынц. Хорз фыссæг у, зæгъгæ, та уымæй фæзæгъынц, æмæ йæ уацмыстæ адæмы зæрдæмæ фæндаг кæмæн ссарынц. Фыссæджы уыцы амондæй хайджын фæцис Ирыстоны адæмон поэт, курдиатджын прозаик, публицист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Дзасохты Музафер.
Музафер сфæлдыстадон куыст кæны 60 азы дæргъы. Уæдæй нырмæ йæ къухы бафтыд бирæ æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ æмæ романтæ ныффыссын. Мыхуыры йын рацыд йæхи фыст æмæ, ирон æвзагмæ кæй ратæлмац кодта, дæс æмæ ссæдз ахæм чиныджы бæрц. Бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта «Поэзийы бон», Александр Пушкины æмдзæвгæтæ уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл (йæ райгуырды дыууæфондзыссæдз азы бонмæ), Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ сывæллæттæн «Хæрзæггурæггаг» (уый дæр ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл), сывæллæтты литературæйы хрестомати «Нæ хурты хуртæн» (Айларты Измаил æмæ Бицъоты Гришимæ), Чехойты Сæрæбийы чиныг «Æргом зæрдæ».
Музафер йæхи равдыста дæсны тæлмацгæнæгæй дæр. Уый ирон æвзагмæ ратæлмац кодта У. Шекспиры, А. Пушкины, М. Лермонтовы, Л. Толстойы, И. Тургеневы, А. Чеховы, Дж. Стейнбекы, С.Цвейгы, П.Меримейы, Э.Успенскийы æмæ бирæ æндæрты уацмыстæ.
Дзасохы-фырт нæ мадæлон æвзагмæ цы бирæ пьесæтæ раивта, уыдонæн сæ фылдæр æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйы. Уыдонимæ сты: И. Друцейы «Зæрдæйæн дæр зæрдæ ис», А. Камюйы «Калигулæ», Т. Миннулины «Авдæны зарæг», Я. Илекы «Æдылы Гонза», М. Ибрагимбековы «Адæмы сæрвæлтау», Ш. Чкадуайы «Кукла» æмæ æндæртæ.
Музафер у поэт-зарæггæнæг дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын Гæздæнты Булат, Цорионты Резван, Хъуылаты Елхъан, Бериты Алыбег, Мыстулаты Ирæ, Есенаты Женя æмæ иннæ композитортæ ныффыстой бирæ зæрдæмæхъаргæ зарджытæ.
Дзасохы-фыртæн йæхи уацмыстæй дæр бирæтæ тæлмацгонд æрцыдысты иннæ адæмты æвзæгтæм. Йе ‘мдзæвгæтимæ базонгæ сты Индийы, Манголы, Болгарийы æмæ æндæр бæстæты поэзиуарзджытæ. Сæхи æвзагыл сæ бакастысты уырыссæгтæ, украинæгтæ, белорусæгтæ, казахæгтæ, хъалмыхъæгтæ, кæсгæттæ, цæцæйнæгтæ, даргинæгтæ, лезгинæгтæ, лекъæгтæ, абхазтæ æмæ Уæрæсейы æндæр адæмыхæттытæ.
Музаферы уацмыстæй бирæтæ хаст æрцыдысты скъолаты ахуыргæнæн чингуытæм. Уый ирон æвзагмæ раивта райдайæн кълæсты ахуыргæнæн фондз чиныджы. Ирон æвзагыл йæхи тæлмацæй хицæн чингуытæй рауагъта Хетæгкаты Къостайы «Дзæбидырдзуан» (дыууæ хатты), В.Шукшины радзырдтæй иу къорд æмæ Ч.Айтматовы уацау «Мæ сырхсæрбæттæнджын рæсугъд».
Поэт бирæ азты фæтæлмац кодта Омар Хайямы рубаитæ (цыппаррæнхъонтæ) æмæ сæ 2001 азы Мæскуыйы рауагъдад «Менеджер»-ы иууылдæр (817 цыппаррæнхъоны) ныммыхуыр кодта ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Уыцы тæлмацтæ æмæ йын йæ чиныг «Дзæбидыры хъул»-ы тыххæй 2002 азы саккаг кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми. Культурæмæ цы аккаг æвæрæн бахаста, уый тыххæй та йын радтой Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæджы ном.
Дзасохты Музаферæн йæ фæллойы фæндаг райдыдта газет «Рæстдзинад»-æй. Бакуыста дзы иуæндæс азæй фылдæр. Абон дæр йæ бастдзинад нæ халы йæ уарзон газетимæ. Арæх ын адæм газет «Рæстдзинад»-ы фæрстыл стыр æхсызгонæй бакæсынц йæ зæрдæмæхъаргæ литературон уацмыстæ æмæ публицистон уацтæ.
1971 азы Музаферы снысан кодтой фæсивæды газет «Молодой коммунист»-ы редакторæй. Дыууæ азы фæстæ йæ ахуырмæ арвыстой Мæскуыйы СЦКПйы ЦК-йы цур Уæлдæр партион скъоламæ æмæ йæ каст фæцис сырх дипломимæ. Æртæ азæй чысыл фылдæр бакуыста партийы Цæгат Ирыстоны обкомы инструкторæй. Уыди телеуынынад æмæ радиохъусынады комитеты сæрдары хæдивæг.
Ныр 30 азы дæргъы Музафер кусы журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редакторæй.
Музаферæн йæхи цардвæндаджы тыххæй бирæ фæдзурæн ис. Уый кæйдæртау хъал æмæ æнæмæтæй нæ арвыста йæ лæппуйы бонтæ уæлбæхыл бадгæйæ. Мæнæ куыд фыста цалдæр азы размæ газет «Рæстдзинад»-ы нæ активондæр уацхæсджытæй æмæ хуыздæр хæлæрттæй иу, дзæнæты бадинаг Баскаты Тамарæ Дзасохты Музаферы уæззау цардвæндаджы тыххæй: «Музаферимæ стæм иу районæй: уый — красногойраг, æз та — æрыдойнаг. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг æз куыстон районы æххуысады хайады. Алы хъæуы дæр уыд тынг тыхст, фæкæсинаг бинонтæ. Уыдонимæ уыдысты Дзасохты Веринкæйы бинонтæ дæр. Хæдзардарæг — сывæллæтты фыд Созырыхъо фæцыд хæстмæ. Æртæ æнахъом сабийы баззадысты мады ‘вджид. Сæ хистæр — Музаферыл цыдаид иу 6 азы бæрц, йæ хотæ — Рая æмæ Дибæхан та уыдысты йæ кæстæртæ. Бæргæ уыдтам нæ районы æвæгæсæг бирæ бинонты тыхстдзинад, фæлæ сын нæ бон баххуыс кæнын ницæмæй уыдис. Æххуысады хайады нæ уыдис фæрæзтæ пенсийы ницæйаг капеччытæ йеддæмæ.
Фæлæ, табу Хуыцауæн. Фæцис Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Гъе, æрмæст, бирæ хæстонтау йæ бинонтæм нал сыздæхт Созырыхъо дæр. Веринкæ æхсæвæй-бонæй куыста колхозы. Йæ цотæн къæбæр амал кодта. Фæлæ æртæ æнахъом сабийы сæ тæккæ мадуарзгæйæ куы уыдысты, уæд-иу кусгæ бон Веринкæ йе ‘мбæлттимæ сæхимæ быдырæй здæхгæйæ тракторы гутоны сæр абадтысты, доны сæрты бахизæм, зæгъгæ. Гутоны цæлхытæ иу ран дзыхъхъы ныххаудысты, Веринкæ гутон здахæн рулмæ йæ фæсонтæ ‘рхаста, æмæ дæ фыдгул дæр афтæ. Æртæ æнахъом сабийы аззадысты æнæ ныййарæг мадæй.
Хæдзары бинонты мæт, царды уæз æрæнцад цоты хистæр Музаферы уæхсчытыл. Æнафоны ссис хæдзардарæг. Ас лæгау ныфсытæ лæвæрдта йæ хотæн. Хæдзар цудын нæ уагъта. Йæхиуыл та цыфæнды уазал зымæг дæр никуы уыд нæдæр хъарм уæлæдарæс, нæдæр къахыдарæс. Бирæ хæттыты йæ уазал зымæджы федтон ирон хæцъил дзабырты цæугæ. Никуы мæ рох кæны уыцы ныв.
Æрыгон лæппуйæн йæ зæрдæ тынг æхсайдта ахуырмæ. Фыста æмдзæвгæтæ дæр. Мыхуыры йын фæзындысты районы газеты. Фæлæ йæ ныфс нæ хаста скъолайы фæстæ дарддæр ахуырмæ бацæуынмæ. Кæмæн ныууагътаид йæ кæстæр дыууæ сидзæр хойы?!
Хотæ æмбæрстой се ‘фсымæры зæрдæйы уаг æмæ Музаферæн загътой, цæмæй бацæуа уæлдæр скъоламæ, мах дæр, дам, искуыдтæ кæндзыстæм, хæдзар цудын нæ бауадздзыстæм. Æмæ Музафер ахуыр кæнынмæ бацыд Педагогон институтмæ. Гъе, æрмæстиу æй лекциты бадгæйæ дæр йæ хъуыдытæ ахастой Красногормæ, — цы ми кæнынц афонмæ æнæ мæн Рая æмæ Дибæхан? Кæд сæ исчи рынчын, йе та æххормаг у? Куы ныкъкъуылымпы уой скъолайы сæ ахуырæй…
Æмæ-иу ын куыддæр фадат фæцис, афтæ бабæрæг кодта йæ хоты. Йæ стипендийы капеччытæй-иу сын алхæдта цыдæр зæрдæлхæнæнтæ. Нæ фесæфтысты Дзасохты сидзæртæ.
Музафер институт каст куы фæцис, уæд хотæ Рая æмæ Дибæхан дæр дæс къласы каст фæуыны фæстæ бацыдысты институттæм. Рая — Мæскуыйы базарадон институтмæ, Дибæхан — Медицинон институтмæ. Райстой æртæйæ дæр дипломтæ æмæ сæ дæсныйæдтæм гæсгæ кусын райдыдтой. Фæлæ, хъыгагæн, Дибæхан къорд азы размæ цардхъуагæй бацыд мæрдтæм.
Нæ равзæрста Музафер æнцон фæндаг, удæнцой цард. Музафер куы фæдзуры, институты ахуыр кæнгæйæ куыдтæтæ цард, цы уавæрты ахуыр кодта, уæд адæймаг дисы бацæуы. Куыд бафæрæзта æппæт уыцы хъизæмæрттæн. Уый бирæ рæстæджы дæргъы царди институты спортивон залы, æнæ хуыссæнтæй. Барвит-ма ныртæккæйы студенты ахæм ранмæ! Уæддæр тæмæн скалдта Музаферæн йе стыр курдиат».
Музафер у адæмуарзон фыссæг. Ирыстоны дзыллæтæ йын кад æмæ радимæ бæрæг кæнынц йæ 80 азы юбилей. Уый фæдыл ын, мах, «Рæстдзинад»-ы коллективы кусджытæ, кæнæм уæлдай зæрдиагдæр арфæтæ, уымæн æмæ ацы газетæй райдыдта Музаферæн йæ балц бæрзонд сфæлдыстадмæ æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй амæй фæстæмæ дæр йæ къухы æфтой ног æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ.
Музаферы цард, бирæвæрсыг сфæлдыстады тыххæй хъуыдытæ, мысинæгтæ
ЦЫБЫРТЫ Людвиг: — Курдиатджын адæймæгты хъысмæт иухуызон нæ рауайы кæронмæ. Сæ иутæн сæ ном скадджын вæййы сæ амæлæты фæстæ, амондджындæр сæ чи фæвæййы, уыдонмæ та кад æмæ зынгæдзинад æрцæуы сæ удæгасæй.
Дæлдæр кæй кой кæнынмæ хъавын, уый дæр амондджынты нымæцмæ хауы — йæ 80 азмæ Дзасохты Музафер ссис адæмы уарзон фыссæг, йæ кадджын ном хъуыстгонд у æнæхъæн Ирыстоны дæр.
Фысджытæй иу жанры чи фæкусы сæрæй кæронмæ, ахæмтæ бирæ не сты. Гъе, фæлæ алы жанрты æмхуызон стыр æнтыстытæ равдисын алкæмæн нæ бантысы… Афтæ зæгъæн нæй Музаферæй. Куыд фыссæг, афтæ йе сфæлдыстадæн ис æртæ бындуры: поэзи, прозæ æмæ тæлмацгæнæг. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ цыма автор æмхуызон хорз арæхсы æмæ йæхи курдиатджынæй æвдисы æртæ жанры дæр.
Бирæ сты, тæлмацмæ æмхиц чи сты, уыцы фысджытæ. Уыдоны фæрцы ирон чиныгкæсæг базонгæ ис дунейы фысджыты хуыздæр уацмыстимæ. Музафер дæр стыр æвæрæн бахаста ацы хъуыддагмæ, уæлдайдæр та, Омар Хайямы иронау кæй сдзурын кодта, уымæй. Бестауы «Стайы цармдарæг» æмæ Музаферы Хайямы рубаитæ нымайын ирон æвзагмæ тæлмац литературæйы хуыздæртыл.
Музаферы поэзийæ мæм æппæты зæрдæмæхъаргæдæртæ кæсынц йæ цыппаррæнхъонтæ. Иуæй-иуты дзы ахæм арф æмæ куырыхон хъуыдытæ ис æмæ лæг фæгуырысхо вæййы: «Хайямы кæсыс æви Музаферы… Мæнмæ гæсгæ, дæс азы дæргъы æдзух Хайямы уацмыстимæ кæй архайдта, уый тынг фæахъаз нæ поэтæн йæ курдиаты суадоны тынгдæр сабузынæн.
Рæдыдыстæм, нæй йыл ныхас дæр,
Нæ нæм хъардта адæмы хъæр…
Цы къухтæй æмдзæгъд кодтам раздæр,
Ныр уыдонæй хойæм нæ сæр.
Музаферæй цыбырдæр æмæ хуыздæр ничима загъта, Горбачевы рацарæзт куыд фыдæнхъæл фæкодта советон адæмы, уый тыххæй.
Нæ фысджытæй ныййарæг мадыл чи нæ фыста æмæ зарыд, ахæмтæ тынг гыццыл сты. Музафер цы бирæ рæсугъд æмæ алыхуызон зæрдæмæхъаргæ æнкъарæнтæй сныв кодта йæ сидзæргæс мады фæлгонц, уый йæхæдæг æгæр диссаг у… Йе ‘дзард ныййарæджы бæрц уарзы Музафер йæ райгуырæн хъæу Красногоры. Йæ уацмысты сæйраг хъайтартæй дæр бирæты фæлгонцтæ сты йе ‘мхъæуккæгтæ. Æмæ æз хæлæг кæнын уыцы фæрнджын хъæумæ, Музаферы хуызæн курдиатджын фыссæг кæй æхсæнæй рацыд. Музафер йæ бирæвæрсыг сфæлдыстадæй дзаджджын хуынтæ бахаста ирон литературæмæ. Курдиатджын фыссæгæй дарддæр ма уый у Ирыстоны уарзон хъæбул, у хорз æмгар æмæ бинонты хорз хистæр. Мæ зæрдæ йын зæгъы ноджы фылдæр æнтыстытæ.
ХОДЫ Камал: (Акростих Дзасохты Музаферы 80 азы кадæн)
Мæстæлгъæд бонтæ бавзæрстай кæд бирæ,
Уæддæр, лæгау, дæ нысанмæ цыдтæ…
Зыны сахат куы ныккæны нæ Ирыл,
Адзалмæ дæр ды уæд вæййыс цæттæ.
«Фыды фарн» уыд дæ зарджытæн сæ цырв…
Ехсы къæрццау дæ ныхас уæд бæлвырд,
Рæвдаудзæн Иры урс хæхты дæ дзырд!
«Фыды фарн» — Музаферы фыццаг чиныг (1964 аз).
ЧЕДЖЕМТЫ Æхсар: — Дзасохты Музафер цы фарны фæндагыл рацыд, уым йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд фæд. Фыссæджы куыст æнцон нæу. Хъуыды кæнын хъæуы æхсæвæй-бонæй, фæлæ иу гыццыл бригадæн уыйбæрц нæ бантысдзæн, Музаферæн иунæгæй цы бантыст. Цал æмæ цал чиныджы рауагъта йæ бирæ фæллойы фæрцы: æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ, романтæ — æдæппæт дæс æмæ ссæдзы бæрц. Курдиат иунæгæй ницы у, хъуыддæгтæ аразæг фæллой у. Музаферимæ рагæй зонгæ стæм, нæ лæппуйы бонтæй нырмæ. Иу институты ахуыр кодтам, Цæгат Ирыстоны радиойы та иумæ кусгæ дæр кодтам. Æз ахæм хабар нæ хъуыды кæнын æмæ Музафер иу бон æгуыстæй арвыста. Хъазгæйæ-иу ын афтæ куы загътон, дæхи цæуыл марыс, ам ногъай дæр цардысты, иу бон уæддæр суадз дæ фæллад, зæгъгæ, уæд-иу бахудт æмæ афтæ: «Ногъайæн нæ зонын, фæлæ æз кусгæйæ фæллайгæ нæ кæнын, æз куы ницы фæкусын, уæд фæллайын». Музаферы ацы ныхæстæ бирæ цæуылдæрты дзурæг сты. Ацы ныхæстæй бæрæг у йæ уды конд, йæ царды нысан. Йæ уды конд кæм загътон, уым мæ зæрдыл лæууы иу æхсызгон хъуыддаг, Музаферæн стыр кад кæй тыххæй кæнын, ахæм, æмæ йын ацы бон æнæ зæгъгæ нæй. Цæвиттон, Музафер хæрзæрыгон лæппуйæ баззад сидзæрæй. Йæ фыд Созырыхъо хæстæй нал раздæхт, йæ мад Веринкæ та, колхозы кусгæйæ, фыдбылызы бахауд æмæ се ‘ртæ сывæллоны дæлдæр-уæлдæртæй баззадысты. Веринкæйы йæ фæстаг фæндагыл Красногоры хъæубæстæ, бæргæ, сбуц кодтой, фæлæ уыцы уæззау азты адæмы бон дæр цастæ уыд, уæддæр ын йæ ингæн бабæстон кодтой. Дзасохты Музафер институт каст фæуыны фæстæ куыста газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы. Мызд исын куы райдыдта, уæд йæхицæн нæ дзабыр балхæдта, нæ йæ уæлæ ног хæдон скодта, афтæмæй бамбырд кодта йе ‘хцайы муртæ æмæ райгуырæн хъæубæсты саив кодта йæ мады ингæн. Мæрдтæм ын цы æгъдæуттæ æмбæлд, уыдон ын иууылдæр фæкодта. Уый тыххæй Музафер мæ цæсты у бæрзонд æвæрд, æмæ йын Хуыцау бирæ хорздзинæдтæ раттæд.
Фарс бацæттæ кодта ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболат
ДЗАСОХТЫ Музафер
Намыс æмæ кад
Уæлтæмæнад æмæ фæллой
— Ысты кæрæдзийæн æнцой.
Уæлтæмæнады мад — фæллой,
Уæлтæмæнад — фæллойы мад.
Сæ иу хъаймагъ у, иннæ — сой,
Сæ иу у намыс, иннæ — кад.
Фæндаг
Дæхи куы стухай хъарм дæ кæрцы,
Уæд дын нæу ницыхъом Сыбыр дæр…
Ныхас хъаруджын у, йæ фæрцы
Кæны фæндаг цыбырдæр.
Цæгаты бавæрдæуы сагыл
Хæссæны хуызæн уаргъ…
Куы цæуай иунæгæй фæндагыл,
Уæд дæм фæкæсдзæн даргъ.
Фæрныг
(Уататы Бибойы мысгæйæ)
Æгъдау æмæ уагæн
Сæ хистæр у бæрц…
Дæу самадта сагæн
Йæ фисынтыл æрдз.
Чыпытæ дæм кодтой
Æрвылбон хæлæг.
Уыдис-иу дæ хорз кой
Сæ тъæнгтæ цæгъдæг.
Цы хъару уыд ронджы,
Уый зонын æз дæр…
Дæ бацыдæй ноджы
Дæ рацыд хуыздæр.
Дæ бакаст уыд хурæй
Фæлмæндæр, фæрныг.
Дæ зарæг-иу дурæй
Дæр уагъта цæссыг.
Дæлджинæггæнджытæ
Дæ фæсаууон уыд.
Дæ кадмæ бæлджытæ
— Мæнгбындур, мæнгуд.
Дæ фæдджиты онгмæ
Дæр не ‘ххæст сæ иу.
Пигмейты æрдонгæн
Уыд уартау дæ риу.
Ныр нал дæ, сæ хæлæг
Фæци, систой цин…
Дæ раст уд æфхæрæг
Дæлимон у, зин!
Уарзт
Чырыстийы ахуыргæнинаг ИОАННЫ мотив
«Амæлдзæн нæ буар, нæй мæлæт та удæн»,
— Афтæ загъта зондджын æмæ загъта раст…
Уæлладжы нæ зонынц, чи нæ уарзы, уыдон,
Уымæн æмæ Уæллаг у йæхæдæг уарзт.
Хъуамæ алы ирон хæдзарæй дæр хъуыса ирон дзырд
Нæ дзырдаивады къæбицмæ стыр æмæ бæркадджын хуынтæ чи хæссы, йæ зæрдæйытабуйаг хорзæхæй Иры дзыллæйæн лæггад чи кæны, уый у зындгонд фыссæг, поэт, тæлмацгæнæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Дзасохты Музафер. Æрæджы йемæ не ‘хсæн рауад ахæм ныхас:
— Дæумæ гæсгæ цы у къонайы хъарм?
— Къонайы хъармæн стыр нысаниуæг уыдис нæ фыдæлтæм. Хистæр-иу фæлмæн ныхас кодта йæ кæстæримæ, уæд æм иу мæ къонайæ дзырдта. Мæ къона акæнай, цу ма, мæ къона, уыцы хъуыддаг мын сараз. Къона уыдис нæ фыдæлты артдзæст. Хъарм кæцæй цыди, бинонтæ-иу сæхи кæдæм тавтой, уыцы бынат. Æмæ-иу къонайæ фæздæг куы нал калди, уæд уыцы хæдзар уыд æнамонд, æлгъыст хæдзар. Къонайæ рухс куы кæла, арт дзы куы судза, уæд уый дзурæг у бинонты амондыл.
— Цæмæй нæ Иры къона хъарм уа, уый тыххæй цы бакæнын хъæуы?
— Алы дугæн дæр йæхи цæлхдуртæ вæййы. Цæмæй фидæнмæ нæ фæндаг лæгъз уа, уый тыххæй йын йæ цæлхдуртæ асыгъдæг кæнын хъæуы. Махæн та нæ цæлхдуртæ асæй стырдæр сты, бæрцæй — фылдæр. Цæмæй нæ Иры къона хъарм уа, уый тыххæй хъуамæ алы ирон хæдзарæй дæр хъуыса ирон дзырд. Уым та ирон фарн нæ бамынæг уыдзæн, ирон фарн цы бындуртыл æнцайы, уыдон фидар уыдзысты. Цæмæй нæ къона, чи дзы цæры, уыдоны тава, уый тыххæй хъуамæ æппæты фыццаг зона йе ‘взаг. Мах Хуыцауы уарзон адæм стæм. Уымæн æмæ нын балæвар кодта хъæздыг æвзаг, æгъдæуттæ, нæ диссаджы Нарты кадджытæ. Æз æй алы хатт дæр фæзæгъын, махæн цы диссаджы эпос ис, уый æндæр адæммæ куы уаид, уæд дзы сæрыстыр уаиккой. Абон та йæ нæ кæстæртæ нæ зонынц, хъыгагæн. Æз æй алкæддæр фæзæгъын, Нарты кадджытæ хъуамæ ахуырдзаутæ скъолаты ахуыр кæниккой, иннæ предметтæ куыд ахуыр кæнынц, афтæ. 1946 азы Нарты кадджытæ хицæн чиныгæй куы рацыдысты, уæд сыл ирон адæм тынг фæхæлоф кодтой, стыр хæзнайау æй æлхæдтой æмæ йæ кастысты сæ кæстæртæн. Нарты кадджытæ лæг куы фæкæсы, уæд æм афтæ фæкæсы цыма ныртæккæйы дуджы цæрынц нарты хъæбатыртæ. Уыцы хæзнатимæ сабитæ рагбонты куы нæ базонгæ уой, уæд сын уый фæстæ зындæр вæййы. Стыр хъыгагæн, ныртæккæ фæлтæртимæ бастдзинад фехæлди. Æмæ уый фæстæмæ йæ гаччы куы сбадид, уæд æй фæлтæртæм адæттиккам.
— Дæхæдæг та уыцы хъуыддагыл куыд архайыс?
— Ирон æвзаг цæмæй нæ сомбонмæ адæттæм, ууыл нæ журнал «Ногдзау»-ы кусджытæ зæрдиагæй архайынц. Ацы журнал кæстæртæ сæхи æвзагыл кæсынц. Махæн та йæ рæстæджы ахæм журнал нæ уыдис. Мах цыфæнды ирон ныхасыл дæр цин кодтам, уæлдайдæр мыхуыргонд ныхасыл. Уымæн æмæ ирон чиныг нæ, фæлæ цæуыл фыстаиккам, ахæм гæххæтт дæр нын нæ фаг кодта. Æз ма йæ хорз хъуыды кæнын, иу хатт мæм æрбахаудта брошюра «Куыд æрзайын кодтам нартхоры хъæздыг тыллæг?» Йæ автор уыд Социалистон Фæллойы Хъæбатыр Четойты Барис. Æмæ йæ æхсызгонæй кастæн. Ныртæккæйы кæстæртæ та фæхицæн сты сæ ирон æвзагæй. Ныронг-иу афтæ дзурын нæ бон уыдис, ныййарджытæ сæ кæстæртæм иронау дзурæнт, зæгъгæ, фæлæ ныр ныййарджытæ дæр ирон æвзаг нал зонынц. Фæлтæртимæ бастдзинад кæй фехæлди, уый стыр зиан æрхаста нæ абонæн. Ноджы стырдæр зиан та æрхæсдзæн нæ фидæнæн.
— Ды, куыд сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор, афтæ ма зæгъ, ныртæккæ ирон сывæллæтты литературæ цы уавæры ис?
— Иумæйагæй ирон литературæ цы уавæры ис, уыцы уавæры бахауд сывæллæтты литературæ дæр. Сывæллæттæн ма мæнæ иу цалдæрæй фыссынц æмæ бирæ фæцæрæнт. Фæлæ тынг зын зæгъæн у, цы уавæры уыдзæн фидæны, уый. Уый тыххæй æмæ иронау чи фыссы, уыдоны нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Нæ фысджытæ та сæ фылдæр сты хистæр фæлтæры минæвæрттæ. Нæй дзы фондз æмæ ссæдз азы, æртын азы кæуыл цæуы, ахæм æрыгæттæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ æппындæр куы нæ уал фыссой иронау, уымæй тынг тæссаг у. Сывæллæтты æмæ хистæрты литературæ æмхуызон æгуыдзæг уавæры ис.
— Цæмæй къуырцдзæвæнæй раирвæза ирон сывæллæтты литературæ, уый тыххæй цы бакæнын хъæуы?
— Æппæты фыццаг йæ бæллæх уый мидæг ис, æмæ скъолаты æппæт предметтæ нал ахуыр кæнынц иронау. Мæ фæлтæр æмæ мæнæй хистæртæ æппæт предметтæ дæр ахуыр кодтам æстæм къласы онг иронау. Уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæй фæстæмæ. Суанг ма Советон Цæдисы конституци мах æвдæм къласы ахуыр кодтам иронау. Ныртæккæ та конституци нæ, фæлæ Уæрæсейы гимн дæр нал ахуыр кæнынц скъолаты. Ахæм диссаг никуы федтон. Æмæ мæнæ исты спортивон ерысты рæстæджы гимн куыд фæзарынц, уый мæм диссаг кæсы. Æвæццæгæн æй сæрмагондæй сахуыр кæнынц. Уæрæсейы ахуырады министрад уыцы хъуыддагмæ йе ‘ргом куыннæ здахы, уый мæм диссаг кæсы. Скъоладзау куыннæ хъуамæ ахуыр кæна æмæ зона Уæрæсейы гимн æмæ конституци дæр?! Сывæллон æхсæз, авд азы онг йæ бинонты ‘хсæн иронау фæдзуры. Куыддæр скъоламæ бацæуы, афтæ йæ ирон æвзагæй фæиппæрд кæнынц æмæ æппæт предметтæ дæр, ирон æвзагæй фæстæмæ ахуыр кæны уырыссагау. Уырдыгæй цæуы алцыдæр. Зæгъæм, æз мæхæдæг авд къласы фæдæн нæ хъæуы — Красногоры. Астæуккаг скъола нæм нæма уыдис æмæ Николаевскæйы станицæмæ цыдыстæм нæ хъæуæй. Æмæ уым æз ирон æвзаг нал фехъуыстон. Ныртæккæ ма уырыссаг скъолаты ахуырдзауты дæр иронау дзурын кæнынц, фæлæ сæ хъуыддагæй ницы уайы. Фæсарæйнаг æвзæгтæ та хорз зонынц. Иронау дæр ахуыр кæнынц, фæлæ дзы иу дæр йæ мадæлон æвзаг нывыл нæ зоны. Афтæ хъуамæ ма уа! Фæлæ хъуамæ зона цы æвзаг ахуыр кодта, уый.
— Дæ зæрдæ цы зæгъы Ирыстоны дзыллæйæн, нæ кæстæртæн?
— Ирыстон цæмæй фæрнджын уа, ууыл архайæнт се ‘ппæт дæр. Не взагыл куы нæ уал дзурæм, не ‘гъдæуттæ куы сæмхæццæтæ кæнæм, уæд ма чи уыдзыстæм?! Къоста хуымæтæджы нæ фыста: «Цы уыдзæн нæ фидæн нæ фæстаг?» Ныртæккæ уыцы ныхæстæ, мæнмæ гæсгæ, тынгдæр ахадынц. Стæй ма дзы иу хъуыддаг та уый ис, æмæ нæ фæсивæд сæ тыхы куы бацæуынц, уæд дунейы алы кæрæтты апырх вæййынц. Къоста та фыста: «Иугай ныййистæм, ныууагътам нæ бæстæ, — Фос дæр ма афтæ ныппырх кæны сырд»… Æмæ Къостайы рæстæджы сæ нымæц бирæ нæ уыди, стæй кæд цыдысты, уæд — Америкæмæ, Канадæмæ. Уыдон уыдысты дæсгæйттæ, сæдæгæйттæ. Ныр та мингæйттæй цæуынц. Æмæ ардыгæй чи ацæуы, уыдонæй Ирыстонæн пайда нал вæййы. Уымæн æмæ сæ цот свæййынц, цы бæстæйы цæрынц, уыцы æвзагыл дзурджытæ. Мах та ацы ран къаддæрæй-къаддæр кæндзыстæм, æндæр æвзагыл чи дзуры, уыдоны нымæц та кæндзæни фылдæрæй-фылдæр. Кæй фæнда, уый йæ райгуырæн уæзæгыл дæр куыст ссардзæни. Зын у нæ фæсивæдæн, æмбарын сæ, фæлæ дæ фыдыуæзæгæй дæхи æнæ хай кæн, уый раст нæу. Ацы фарстатæ сты нæ алкæмæн дæр хъуыдыйаг.
— Бузныг, Музафер.
Ныхас ныффыста ГАСАНТЫ Валери















