Хорз удæн — хорз хицау

0
1431

Хæрзаудæн фонд «Быть Добру»-йы уæнгтæ ныр цыппар азы фæд-фæдыл Чырыстийы райгуырды боны агъоммæ низæфхæрд сабитæн скæнынц хъæлдзæг бæрæгбон. Хонгæ дæр æй афтæ кæнынц «Цыппурсы лæвар сабийæн». Йæ бон дзы архайын вæййы нæ республикæйы æппæт цæрджытæн дæр. Бæрæгбоны агъоммæ адæмæн фехъусын кæнынц, бæрæгбон кæд уыдзæн, уый тыххæй, æмæ нысангонд рæстæгмæ æрбахæссынц хъазæнтæ æмæ æндæр лæвæрттæ.

Фонды кусджытæ сæ хицæнтæй нывæрынц ногазон хуызджын дзæкъулты æмæ сæ сывæллæттыл байуарынц. Ацы аз ахæм лæвæрттæ æрбахастой дыууæсæдæ адæймаджы.

Сывæллæттæ сæ бæрæгбон ацы аз бæрæг кодтой горæты ресторантæй иуы.

Ацы хатт хæрзаудæн фонд «Быть Добру»-йы фарсмæ æрбалæууыдысты æмæ сын се ‘ххуысы хай бакодтой æхсæнадон организаци «Иры Фидæн», сывæллæтты хъазæнты дукани «Катюша», Дзæуджыхъæуы Дзанайты Азамбеджы номыл нывгæнджыты училищейы разамынд æмæ студенттæ, национ кæфтыты студи «Артар», нырыккон аивæдты Паддзахадон центры цæгаткавказаг хайад, бæрæгбæтты агентадтæ «Мармелад» æмæ «Babylon», нывгæнджыты скъола-студи «Синяя птица», ресторан «ЯР»-ы кусджыты къорд, дизайнерты студи «Мильфей», дукани «Много цветов», компани «Зебра», ООО «Снежная королева», «Ossetia news», «ПТРК-Алани», Митын Дада æмæ Митæ (Григорий Гапузов æмæ йæ бинойнаг), зарæггæнджытæ Габоты Аминæ, Цæрикъаты Фатимæ, Медойты Аслан, Мæхъиты Батрадз, Ногъайты Тимур, Хъæбæлоты Руслан, Булацаты Аринæ, Хан Демиров, Хъуысаты Сæрмæт æмæ Камилæ, Гиоты Илья, Дзебойты Анна, Суджашвили Артур, Хохойты Влад, къамисджытæ Туаты Элинæ, Четойты Хъазыбег, Тæкулты Эльбрус, видеооператор Ацамаз Шипшев; амонæг Абайты Георги.

Ацы сæрæнгуырд фæсивæд сæ иумæйаг хъæппæрисæй низæфхæрд сывæллæттæн скодтой, бирæ азты сæ зæрдыл кæй дардзысты, ахæм хъæлдзæг бæрæгбон. Се ‘пппæтæй дæр иуцасдæрмæ айрох сты сæ низтæ. Алчидæр сæ уыд уæнгрог. Алкæмæ дæр сæ уыд хицæн цæстдард. Ууыл та бацархайдтой хæрзаудæн фонд «Быть Добру»-ы уæнгтæ Хъуысаты Амырхан, Гуыбыраты Зæлинæ, Къодолаты Венерæ, Милдзыхты Зауыр, Кертанты Зауыр, Химилонты Маринæ, Бутаты Цецилия, Абайты Олег æмæ бирæ æрыгон фæлмæнзæрдæ фæсивæд.

Фонд кæмæн æххуыс кæны, уыцы сабитæй ацы бон ардæм кæй бон не ссис æрбацæуын, уыдонмæ та бацыдысты кæмæ рынчындонмæ, кæмæ та — хæдзæрттæм. Куыд иннæ азты, афтæ ацы аз дæр сæ хæрзаудæн куыстгæнджытæй иунæг низæфхæрд саби дæр рохуаты нæ баззад. Иунæджы зæрдæхудты дæр дзы нæ бацыдысты.

Уæлдæр ранымад зæрдæзæгъгæ хъуыддæгтæй уæлдай ма фонды президент Хъуысаты Амырхан куыд фехъусын кодта, афтæмæй ивгъуыд азы 5,5 милуан сомæй баххуыс кодтой 72 адæймагæн. Алчидæр сæ уыд алыхуызон низтæй хъыгдард. Фæлæ, стыр хъыгагæн, сæ фылдæр уыдысты онкологион низтæй рынчын. Уый хыгъд ма 7 милуан сомы та æрæмбырд кодтой алыхуызон акцитæ æмæ телемарафонты фæрцы. Хъуысайы-фырты ныхæстæм гæсгæ, фонды дæлбар цы низæфхæрд адæмтæ ис, уыдонæн сæ 90 проценты сты сывæллæттæ.

«Нæ бæстæйы цы фондтæ ис, уыдоны фылдæр æмбисы куыст комкоммæ баст у æрмæстдæр сывæллæттимæ. Сывæллонæн та æхцайы фæрæзтæ æнцондæр æмбырд кæнæн у. Уымæ гæсгæ махæн зындæр у, уымæн æмæ нæ бон айдагъ сывæллæттæн æххуыс кæнын нæу. Хуыцау цæрынæн кæйдæриддæр радта, уыдон хъуамæ цæрой. Мах хæс та сын у сæ зыны сахат сæ фарсмæ æрбалæууын æмæ сыл аудын. О, зын у нæ куыст, афтæ нæ зæгъын, æмæ, нæ фонды цы фæсивæд архайы, уыдонæн сæ куыстæй сæ зæрдæ райы. Уымæн æмæ рынчын адæймагимæ, уæлдайдæр сывæллонимæ, тынг зын у кусын. Адæймагæн хъæуы быхсондзинад, фидар зæрдæ, цæмæй ма скæуа. Фæлæ адæймаг адæймаг уæд уыдзæн, æмæ иннæмæн куы баххуыс кæна. Чи уыд, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ иу куырыхон лæг афтæ загъта: «Тыхджын уый нæу, лæмæгъдæрыл чи фæуæлахиз, фæлæ уый, — лæмæгъæн чи баххуыс кодта», — загъта Хъуысаты Амырхан.

Амырхан ма куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ивгъуыд азы зынгæ фæфылдæр сты, арæх сын чи æххуыс кæны, уыцы амалхъом организацитæ. Фонды хыгъдмæ æрбарвитынц суанг 60 — 200 мин сомы онг. Уыдон сты куыстуæттæ «РусГидро», «Миранда», «Снежная королева», «Коффенберг», социалон хъахъхъæнынады фонд, æхсæнадон организаци «Иры фидæн», Алайнаг епархи æмæ æндæртæ. Уый та, Амырханы хъуыдымæ гæсгæ, баст у уыимæ, æмæ фонды куысты тыххæй фылдæр кæй райдыдтой зонын.

Фонд «Быть Добру» 2016 азы сарæзта туг дæттыны дæс акцийы, астæуыстæджы магъзы донарон дыууæ акцийы, лейкозæй рынчын чи у, уыдонæн баххуыс кæныны тыххæй.

Уымæй уæлдай ма не ‘фсымæрон, фæлæ нырма хицæн Хуссар Ирыстоны цæрджыты курдиæттæм гæсгæ ацы аз хæрзаудæн фонд «Быть Добру»-йы хайад фæзындзæн уым дæр. Фæлæ хъуыды кæнынц, сæ куыст иумæйагæй куыд сараздзысты æмæ се ‘ргом фылдæр цавæр фарстатæм аздахдзысты, ууыл.

Фонды разамонæг Хъуысаты Амырхан æмæ йæ къордæн нæ зæрдæ зæгъы, фыццаджыдæр, фидар æнæниздзинад. Фæкæсынхъуаг æмæ низæфхæрд сывæллæттæн кæддæриддæр баххуыс кæнынхъом куыд уой, уыцы амонд сæ уæд!

Касаты Аламир

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here