Адæймаг йæ райгуырæн уæзæг бирæ куы уарза, æмæ уыцы æнкъарæн зæрдæйы арфæй куы цæуа, уæд йæ уарзты монц вæййы æрвыгау сыгъдæг, мысайнагау табуйаг. Йæ Ирыстоны рагон зæхмæ, йæ фыдæлты уæзæгмæ йæ уарзт ныхасæй нæ, фæлæ бæлвырд æмæ бæллиццаг хъуыддæгтæй чи æвдисы, ахæм фæрнджын лæгтæй нæ фыдæлты зæхх цух никуы уыд. Уыдонæй абон иу у нæ республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Зелимханы фырт Вячеслав
Вячеславы хорз миниуджытæн æмæ куыстады фидар æгъдауæн стыр аргъ кодта нæ республикæйы раздæры Сæргълæууæг, дзæнæтыбадинаг Æгъуызарты Тамерлан. Уый æцæгæйдæр афтæ кæй у, уымæн ирд æвдисæн, республикæйы Хицауады Сæрдарæй йæ кæй снысан кодта, уый. Дыргъы бæркадхæссæг бæлас, зæгъынц, талайæ бæрæг вæййы. Ацы бынаты уæвгæйæ, Вячеслав йæхи равдыста арæхстджынæй, республикæйы царды алы къабазы рæзтыл зæрдæйæ тыхсæг æмæ ууыл æнæрынцойæ кусæг адæймагæй.
Ныртæккæ Битарты Вячеслав, куыд республикæйы Сæргълæууæг, афтæ, йæ бæрнон бынаты йæ хæстæ æмæ нысантæ æххæст кæны, зæрдæйæ тыхсы Ирыстоны цæрæг адæмы сомбоныл, экономикæйы, хъæууон хæдзарады, ахуырады, культурæйы, аивады æмæ спорты, фæсивæды хъомылады рæзтыл. Домы, фыццаджыдæр, йæхицæй, стæй республикæйы Хицауады уæнгтæй æмæ иннæ ведомствоты бæрнон кусджытæй. Фарон Уастырджимæ кувæн бонты нæ Ирыстоны цæрæг дзыллæтæн нæ мадæлон æвзагыл, йæ уæлæ ирон цухъхъатæ, афтæмæй зæрдиаг арфæтæ кæй фæкодта, уый та йæ уды сыгъдæгдзинадыл дзурæг дæнцæг у.
Хицæн ныхасы аккаг у, Вячеслав нæ ирон мадæлон æвзаджы рæзтыл æппæт хъарутæй кæй архайы, уый. Зæрдиагæй йæ фæнды, цæмæй алы ирон мыггагхæссæг адæймаг дæр йæ мадæлон æвзаг зона, æдæрсгæ йыл дзура æмæ йыл дзурын ахуыр кæна йæ кæстæрты. Уыимæ хорз зоны, нæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ культурæйы хæзнатæ парахат кæнын нæ ныртæккæйы царды куыд ахсджиаг у, уый. Уыцы хъуыддагыл та ныр 95 азы дæргъы удуæлдайæ архайы нæ иунæг æрвылбонон адæмон газет «Рæстдзинад». Махæн, редакцийы кусджыты æрыгон фæлтæрæн, зонгæ у йæ хъуыды æмæ йæ зæрдæйы ахаст нæ ирон газетмæ. Æмбарæм ын йæ тырнындзинад, цæмæй «Рæстдзинад», куыд мадæлон æвзаг, культурæ æмæ фарны æгъдæутты артдзæст, ма бамынæг уа, фæлæ абоны цардимæ æмдзу кæна. Ууыл дзурæг у йæ узæлд ирондзинадыл æрмæст йæ хъуыдытæй нæ, фæлæ йæ хъæппæристæ æмæ бæлвырд хъуыддæгтæй. Афтæ бæгæныфыцæн хæдзар «Бавари» йæ фæндонæй нæ редакцийы кæстæр фæлтæрæн балæвар кодта компьютертæ æмæ æндæр хъæугæ ифтонггæрзтæ. Мах сæрыстыр стæм, Вячеслав, дæ зæрдæйы ахæм ахастæй æмæ фæрныг хъуыддæгтæй. Нæ хистæр фæлтæры уацхæсджыты æмрæнхъ мах дæр архайæм æмæ, цалынмæ нæ хъару уа, уæдмæ архайдзыстæм газет «Рæстдзинад»-ы фæрнджын æгъдæуттæ дарддæр хæссыныл, йæ кады тырысайыл, йæ табуйаг номыл ын къæм абадын, аууон æрæппарын нæ бауадздзыстæм. Уыцы бар нын нæй газеты бындурæвæрджыты æмæ дзы абон цы хистæртæ кусы, уыдоны нæмтты æмæ хорз хъуыддæгты раз.
Нæ буц хистæр! Мах, газет «Рæстдзинад»-ы æрыгон фæлтæр, дын зæгъæм стыр бузныг, газеты сомбоныл кæй тыхсыс æмæ ныл зæрдæйæ кæй аудыс, уый тыххæй. Нæ хъуыдытæ нын цæстмæ ныхасау æмæ былалгъæй загъдыл ма банымай, фæлæ ныл дæ ахæм ахаст садзы ныфсы базыртæ, разæнгард нæ кæны ноджы стырдæр æнтыстытæ æмæ уæлахизтæм. Газеты кусы фæлтæрдджын журналисттæ æмæ артуд кæстæртæ. Мах ын йæ фарн фæцудын кæй нæ бауадздзыстæм, уымæй дын фидар ныфс æвæрæм. Æмæ ныл кæддæриддæр æууæнд.
Ныртæккæ махыл кæй узæлыс æмæ газетæн кæй æххуыс кæныс, дæ уыцы лæггæдтæ дæм фарнимæ æмæ æртывæр хæрзтимæ здæхæнт. Дæ ныхасы уæз, дæ хъуыддæгты фарн кæй ис, уый æцæгæйдæр æвдисыс дæ куыстæй. Æмæ дæ Хуыцау, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæ хъахъхъæнæнт кæддæриддæр. Дæ æнæрынцой архайд Ирыстоны адæмы хорздзинадæн нæртон æфсир æфтауæд. Алкæддæр æнтыстджын у дæ зын, фæлæ арфæйаг куысты!
Зæрдиаг арфæтæ дын кæнынц дæ хæрзтæм бæллæг газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусæг кæстæр фæлтæр