Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславæн кусæг фембæлд уыд республикæйы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр ЦУЦИТЫ Аслан, ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Иринæ АЗИМОВА, Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар ЦÆЛЫККАТЫ Барис æмæ культурæйы министры хæдивæг ДУДАЙТЫ Черменимæ. Фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой Ирон адæмы национ-культурон рæзты программæйы проектыл.
Зындгонд куыд у, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæг цалдæр ведомствойы разамонæгæн бахæс кодта, цæмæй ахæм программæйыл бакусой. Документы сæйраг нысантæ сты ирон адæмы хæдбындурдзинад æмæ иудзинад бахъахъхъæнын. Программæйы нысангонд æрцæудзысты ирондзинад æмæ мадæлон æвзаг бахъхъахъхъæныны, стæй сæ дарддæры рæзты мадзæлттæ. Сæрмагонд æргом дзы хъуамæ здæхт æрцæуа ирон æвзаджы уавæрмæ куыд республикæйы паддзахадон æвзагмæ.
Ацы фарстайы фæдыл ведомствотæ цы куыст бакодтой, уый тыххæй бæстон радзырдта национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Цуциты Аслан. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Ирон адæмы национкультурон рæзты республикон программæ цæттæ у. Йæ уагæвæрдтæн ма йын экспертон аргъ скæндзысты Экономикон рæзты æмæ Финансты министрæдты специалисттæ. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй программæйы проект мыхуыргонд æрцæудзæн, цæмæй йыл адæм æрныхас кæной.
«Программæмæ бахастам алыхуызон науконпрактикон конференцитæ, ирон æвзаг æмæ культурæйы рæзтыл чи кусы, уыцы æхсæнадон организацитæн нысангонд цæудзысты гранттæ, арæзт æрцæудзæн алайнаг культурон æмæ наукон программæты координацион совет, исдзыстæм ирон мультипликацион кинонывтæ, расиддзыстæм сфæлдыстадон конкурстæ æмæ афтæ дарддæр. Программæйы мадзæлтты фылдæр хай здæхт æрцæудзæн фæсивæдмæ», — загъта Цуцийы-фырт.
Программæйы проект ацы къæпхæныл республикæйы Сæргълæууæджы зæрдæмæ нæ фæцыд. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, программæйы зынгæ фæбæлвырддæр кæнын хъæуы ирон æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæныны мадзæлттæ.
«Ацы фарстайы фæдыл нæ республикæйы хъуамæ фидаргонд æрцæуа, æппæт ведомствотæн дæр æнæмæнг æххæстгæнæгæ чи уа, ахæм сæрмагонд программæ. Бæлвырдгонд дзы хъуамæ уой æппæт мадзæлттæ дæр, сæ сæххæст кæныны æмгъуыдтæ, стæй сыл бæрнон чи у, уыдон. Программæйæн хъуамæ уа фидар бындур, цæмæй куса нæ республикæйы, нæ адæмы фæрныгадæн», — фæбæрæг кодта республикæйы Сæргълæууæг æмæ бахæс кодта документыл бæстондæр бакусын.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ